Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Исайа 3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Тӕрхон Йерусалим ӕмӕ Иудейӕн

1 Дунедарӕг, Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Йерусалим ӕмӕ Иудейӕн байсдзӕни сӕ алы ӕххуыс ӕмӕ ӕнцойгӕнӕн быцӕу, сӕ дон ӕмӕ сӕ къӕбӕры хай,

2 се ’хсарджын балхонты ӕмӕ сӕ хӕстонты, тӕрхонгӕнджыты ӕмӕ пехуымпарты, зонынджынты ӕмӕ мыггӕгты хистӕрты,

3 ӕфсады хицӕутты, уӕздӕтты, уынаффӕгӕнджыты, дӕсныфӕрсджыты ӕмӕ кӕлӕнгӕнджыты.

4 Хъуымызбылты сын скӕндзӕни фӕтӕгтӕ, сабитӕ сын суыдзысты хицӕуттӕ.

5 Иу адӕймаг ӕфхӕрдзӕн иннӕйы, хион — хионы; ӕрыгӕттӕ хъаздзысты зӕрӕдтӕй, ӕнӕрӕгъыдзыдтӕ — уӕздӕттӕй.

6 Йӕ хӕдзарвӕндагӕй искӕуыл, йе ’фсымӕрыл ныххӕцдзӕни адӕймаг ӕмӕ зӕгъдзӕн: «Уӕлӕфтау ис дӕуӕн, ӕмӕ нӕ фӕтӕг у, ацы кӕлддзӕгтӕн сӕрфат скӕн!»

7 Уый йын сомытӕ кӕндзӕни: «Ӕз хъӕдгӕмттӕ дзӕбӕхгӕнӕг нӕ дӕн! Мӕнӕн дӕр мӕ хӕдзары нӕ къӕбӕр ис, нӕ — дарӕс, ахӕм фӕтӕгӕй цы кӕнут?»

8 Йерусалим йӕ бындзарӕй нынкъуысыд, саст ӕрцыдис Иудей, уымӕн ӕмӕ адӕм дзыхы ныхасӕй дӕр ӕмӕ хъуыддагӕй дӕр Дунедарӕджы ӕфхӕрдтой, йӕ ныхмӕ рацыдысты ӕргом.

9 Комдзог сыл цӕуы суанг сӕ цӕсгом дӕр; содомӕгтау сӕ тӕригъӕдтӕй ӕппӕлынц, нӕ сӕ сусӕг кӕнынц. Додойаг кӕндзӕни сӕ къона, уымӕн ӕмӕ сӕхӕдӕг сӕхи фыдбылызы ӕппарынц.

10 Зӕгъут рӕстудӕн, тӕхудиаг кӕй у: йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ йын рардӕуыдзӕн.

11 Фыдгӕнӕгӕн та додой йӕ къона! Йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ йын бафыстӕуыдзӕн.

12 Хъуымызбыл залымтӕ ӕфхӕрынц мӕ адӕмы, сылгоймӕгтӕ кӕнынц ӕлдариуӕг. Уӕ мӕ адӕм! Дӕ раздзӕуджытӕ дӕ рӕдийын кӕнынц, галиу фӕндагыл дӕ ардауынц.


Дунедарӕг — Йӕ адӕмы хистӕрты ӕмӕ уӕздӕтты ныхмӕ

13 Дунедарӕг райдыдта тӕрхон кӕнын, адӕмтӕн тӕрхон кӕнынмӕ сыстади.

14 Дунедарӕг адӕмы хистӕрты ӕмӕ ӕлдӕртты азымджын кӕндзӕни: «Мӕ сӕндон Мын ныггӕныстон кодтат. Мӕгуырты исбон бастыгътат ӕмӕ дзы уӕ къӕбицтӕ байдзаг кодтат.

15 Чи уын радта уыцы бар, ӕмӕ Мын Мӕ адӕмы ӕфхӕрат, мӕгуырты удхарӕй марат?» — зӕгъы Дунедарӕг, Уӕларвӕфсады Бардарӕг.

16 Дунедарӕг загъта: «Сионы чызджытӕ ӕгӕр хъал сты, фервӕссыдысты сӕхиуыл. Сӕ сӕртӕ бӕрзӕндты хӕсгӕйӕ, рацӕйцӕуынц ӕмӕ сӕ цӕстӕнгасӕй цырен кӕнынц монцтӕ. Куы рацӕйсирынц, уӕд сӕ къӕхты фӕлындӕнтӕ дзыгъал-мыгъул кӕнын байдайынц.

17 Уымӕ гӕсгӕ Дунедарӕг Сионы чызджытӕн сӕ сӕртӕ ныггӕмӕх кӕндзӕн, сӕ бецыктӕ сын адасдзӕн».

18 Уыцы бон сын Дунедарӕг байсдзӕни сӕ фӕлындӕнтӕ: къахылдарӕн цӕгтӕ, хурӕнгӕс фӕрдгуытӕ, мӕйӕнгӕс фӕрдгуытӕ,

19 хъусцӕджытӕ, цонгдарӕнтӕ, цӕсгомӕмбӕрзӕнтӕ, сӕрбӕттӕнтӕ ӕмӕ къахылдарӕн рӕхыстӕ, рӕттӕ, хӕрздӕфгӕнӕнты къоппытӕ, дӕсныйы чингуытӕ,

20 къухдарӕнтӕ ӕмӕ фындзцӕгтӕ,

21 бӕрӕгбоны дарӕстӕ, пӕлӕзтӕ, чыссӕтӕ,

22 айдӕнтӕ, хӕдӕттӕ, сарыхътӕ ӕмӕ кӕлмӕрзӕнтӕ.

23 Уӕд хӕрздӕфы бӕсты сӕ хай суыдзӕни смаг, роны бӕсты — астӕубос, къӕбӕлдзыджы бӕсты — цӕгӕр сӕр, бӕрӕгбоны дарӕсы бӕсты — сӕхъис; рӕсугъддзинады бӕсты — худинаг.

24 Кардылӕфтыд фӕуыдзысты хӕсты быдыры дӕ лӕппутӕ, де ’хсарджынтӕ.

25 Кӕудзӕни сахарыл йӕ кулдуар, хъарӕг ыл кӕндзӕни, сахар та гӕныстонӕй зӕххыл ӕрбаддзӕн.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan