Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Исайа 29 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Йерусалимы диссаджы фервӕзт

1 «Додой дӕ къона, Ариел, Давид кӕм цардис, уыцы сахар! Рӕстӕг рацӕудзӕн, афӕдзы фӕдыл афӕдз, бӕрӕгбӕттӕ кӕрӕдзийы ивдзысты.

2 Фӕлӕ Ӕз бауынгӕг кӕндзынӕн Ариелы; уый хъӕрздзӕни ӕмӕ дзыназдзӕни, нывондхӕссӕн Мын фестдзӕни!

3 Алырдыгӕй дыл ӕрхъула кӕндзынӕн, дӕ алыварс хӕцӕн мӕсгуытӕ сараздзынӕн, сыджытбырутӕ самайдзынӕн дӕ ныхмӕ.

4 Афӕлдӕхдзынӕ зӕххыл, рыджы бынӕй дӕ хъӕлӕс рӕстмӕ хъуысгӕ дӕр нал кӕндзӕн, мӕрдтӕмсидӕг дӕлдзӕхӕй кӕй рахоны, раст уыцы ӕндӕрджы дыгъал-дыгъулау уыдзӕни.

5 Фӕлӕ дӕ бирӕ фыдгултӕ суыдзысты зӕххы рыгау, ӕгъатыр ӕрдонгтӕ — дымгӕмӕ цы зыгуым ныддардтой, уыйау. Уыцы хабар ӕрцӕудзӕнис ӕваст, цӕстыфӕныкъуылдмӕ.

6 Уӕларвӕфсады Бардарӕг дыл Йӕ азар ныххуырсдзӕни ӕрвнӕрдау, зӕххӕнкъуыстау, ӕвирхъау тыхджын уынӕрау, уадтымыгъау, тыгъдызӕйау, алцы ныхъуырӕг артау.

7 Ӕнӕнымӕц адӕмты ’фсӕдтӕ тох кӕнынц Ариелы ныхмӕ, ӕрхъула йыл кодтой, йӕ фидӕрттӕм ын бырсынц — фынау, ӕхсӕвы фыдфынау ӕрбайсӕфдзысты уыдон.

8 Фӕлӕ ӕххормаг адӕймаг йӕ фыны йӕхи хӕргӕйӕ куыд фӕуыны, куы райхъал вӕййы, уӕд та сыдӕй куыд фӕмӕлы, дойныйӕ чи бастайы, уый йӕ фыны дон куыд фӕнуазы, куы райхъал вӕййы, уӕд та дойныйӕ куыд фӕцӕймӕлы, уыйау уыдзӕни сӕ хъысмӕт, Сионы хохы ныхмӕ чи схӕца, уыцы адӕмтӕн дӕр».

9 Дистӕ кӕнут, фыр дисӕй бандзыг ут, уӕхи бакуырм кӕнут ӕмӕ куырмӕджы бадут! Ныррасыг стут, ӕрмӕст сӕнӕй нӕ; цудтытӕ кӕнут, ӕрмӕст карз нозтӕй нӕ.

10 Дунедарӕг уыл тарф фынӕй бафтыдта, уӕ цӕстытӕ уын сӕхгӕдта, пехуымпартӕ, уӕ сӕртӕ уын батыхта, зонынджынтӕ.

11 Сымахӕн цавӕрфӕнды рагуац дӕр мыхуырӕй ӕхгӕд чиныджы хуызӕн у. Ахӕм чиныг, кӕсын чи зоны, уымӕ куы раттынц, бакӕс-ма йӕ, зӕгъгӕ, уӕд уый фӕзӕгъы: «Нӕй йын кӕсӕн, мыхуырӕй ӕхгӕд у».

12 Кӕсын чи нӕ зоны, ахӕммӕ йӕ куы раттынц, ды-ма йӕ бакӕс, зӕгъгӕ, уӕд уый та фӕзӕгъы: «Ӕз кӕсын нӕ зонын».

13 Дунедарӕг загъта: «Ацы адӕм Мын кад кӕнынц дзыхы ныхасӕй, ӕрмӕстдӕр се ’взагӕй, сӕ зӕрдӕ та дард у Мӕнӕй. Кувынц Мӕм, ӕрмӕст ӕгъдау афтӕ кӕй домы, уымӕн.

14 Уӕдӕ сын Ӕз дӕр бакӕндзынӕн ӕнӕфенгӕ митӕ, — сӕ куырыхонтӕн фесӕфдзӕни сӕ уӕлзонд, се ’мбаргӕтӕн фӕцыдӕр уыдзӕн сӕ зонд».


Дунедарӕгӕй басусӕг кӕнӕн ницы ис

15 Додой сӕ къона, Дунедарӕгӕй арф чи ӕмбӕхсы, йӕ сусӕгвӕндтӕ аууон кӕныныл чи архайы, сӕ хъуыддӕгтӕ талынджы чи кӕны ӕмӕ афтӕ чи дзуры: «Чи нӕ фендзӕн? Чи нӕ базондзӕн?»

16 Куыд ӕнӕзонд стут! Дурынгӕнӕгӕн куыд ис ӕлыг схонӕн? Кӕнӕ исты дзаума йе скӕнӕгӕй куыд хъуамӕ зӕгъа, уый мӕ не скодта, зӕгъгӕ? Дурын дурынгӕнӕгӕй куыд хъуамӕ зӕгъа, уый мурдӕр ницы ’мбары, зӕгъгӕ?


Израил фӕстӕмӕ йӕ къахыл слӕудзӕн

17 Хӕрз чысыл рӕстӕг ма, ӕмӕ Ливаны хъӕд фестдзӕни дыргъдон, дыргъдон та фестдзӕни хъӕд.

18 Уыцы бон къуырматӕ фехъусдзысты тухгӕ чиныджы ныхӕстӕ, куырмыты цӕстытыл нал баддзӕн фӕлм, ӕмӕ суындзысты.

19 Сӕрныллӕджытӕн Дунедарӕг ног циндзинад ӕрхӕсдзӕн, мӕгуыртӕн сӕ зӕрдӕ барайдзӕн Израилы Стыр Хуыцауы фӕрцы.

20 Уӕд сӕ кой дӕр нал уыдзӕн ӕфхӕрджытӕн, се сӕфт ӕрцӕудзӕни фидисгӕнджытӕн, бабын уыдзысты, фыдбылызтӕ аразынмӕ чи бӕллы, уыдон,

21 стӕй, йӕ ныхӕстӕй раст лӕджы чи базылын кӕны, тӕрхоны мидӕг тӕрхонгӕнӕджы раст дзурын чи нӕ фӕуадзы ӕмӕ ӕназымы мӕнг ӕвдисӕйнӕгты руаджы азымджыны бынаты чи сӕвӕры, уыдон.

22 Уымӕ гӕсгӕ Дунедарӕг, Авраамы Ирвӕзынгӕнӕг, Йаковы хӕдзарвӕндаджы тыххӕй зӕгъы: «Уӕд Израил къӕмдзӕстыг нал уыдзӕн, йӕ цӕсгомы хуыз нал фӕлидздзӕн.

23 Сӕ цоты се ’хсӕн куы феной — Ӕз кӕй сарӕзтон, уыцы хъуыддаг — уӕд Мӕ уаз номӕн скад кӕндзысты, нымайдзысты Йаковы уаз Хуыцауы, аргъуыц кӕндзысты Израилы Хуыцауы раз.

24 Уӕд, галиу фӕндӕгтыл чи адзӕгъӕл, уыдонмӕ ӕмбаргӕ зонд ӕрцӕудзӕн, ӕнӕсӕттонтӕ коммӕ кӕсын базондзысты».

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan