Исайа 28 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстДодой сӕ къона расыггӕнаг ефремонтӕн! 1 Додой йӕ къона расыггӕнаг ефремонты рӕсугъд бӕстӕн, йӕ аив фӕлысты чи баруади, уыцы дидинӕгӕн, дзаджджын уӕлвӕзӕн — фыднозты рын сыстади йӕ цӕрджытыл! 2 Мӕнӕ сын Дунедарӕг сӕ ныхмӕ рарвитдзӕни тыхджын ӕфсад ӕмӕ сӕ уыдон бабын кӕндзысты тыгъдызӕй, ихуард ӕмӕ сӕфты тымыгъау, доны хъаймӕтау; 3 расыггӕнаг ефремонты алӕмӕты бӕстӕ сӕ къӕхты бын банай кӕндзысты. 4 Йӕ аив фӕлысты баруайгӕ дидинӕгӕн, дзаджджын уӕлвӕзӕн йӕ хъысмӕт уыдзӕни, афонӕй раздӕр цы легъуи сцӕттӕ вӕййы, уый йе ’ртонӕг куыд аныхъуыры, уый хуызӕн. 5 Уыцы бон, Йӕ адӕмӕй ма удӕгасӕй чи баззайа, уыдонӕн Уӕларвӕфсады Бардарӕг суыдзӕни сӕ аив дидинхуд, сӕ алӕмӕты рӕсугъд фӕлыст. 6 Тӕрхоны лӕгтӕн Уый суыдзӕни раст тӕрхоны Уд, адӕмы раздзӕуджытӕн — ныфс, цӕмӕй сӕ фыдгулты сӕ сахарты кулдуӕрттӕй сӕ уӕлныхты айсой. Додой сӕ къона расыггӕнаг сауджынтӕ ӕмӕ пехуымпартӕн! 7 Сауджынтӕ ӕмӕ пехуымпартӕ ныррасыг сты сӕнӕй ӕмӕ цудтытӕ кӕнынц; карз нозт бануазынц ӕмӕ сӕ развӕндаг дӕр нал фӕуынынц; сӕ зонд фӕцыди карз нозтӕй, сӕ цӕстылуайӕнтӕ раст не сты, уынаффӕ хӕсгӕйӕ, рӕдийынц. 8 Сӕ фынгтӕ ӕлгъаг омдзӕджы бын фесты — сыгъдӕг бынат нал баззад. 9 Афтӕмӕй та дзурынц мӕнӕй: «Кӕй ахуыр кӕны уый? Йӕ пехуымпар ныхӕстӕй нын зонд амоныныл цы схӕцыд, цыма дзидзидай сабиты, хӕрз ӕрӕджы риуӕй кӕй фӕиртӕстой, уыдоны ахуыр кӕны, уыйау? 10 Йӕ иугӕндзон дыгъал-дыгъул, йӕ ӕдзӕлгъӕд бӕр-бӕр куы иу ранӕй райхъуысы, куы иннӕ ранӕй». 11 Уый тыххӕй Дунедарӕг ацы адӕмимӕ ӕндӕр ӕвзӕгтыл, ӕцӕгӕлӕтты ӕвзӕгтыл дзурдзӕни. 12 Уый сын раздӕр дзырдта: «Ацы ран уӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы ӕнцой, уадз ӕмӕ фӕллад адӕм баулӕфой. Ацы ран у ӕнцойы бынат». Фӕлӕ Йӕм уыдон нӕ байхъуыстой. 13 Дунедарӕджы ныхас сын сси дзӕгъӕл дзӕнгӕда, иугӕндзон дыгъал-дыгъул, ӕдзӕлгъӕд бӕр-бӕр. Уымӕ гӕсгӕ сӕ фӕндагыл цӕудзысты ӕмӕ уӕлгоммӕ ахаудзысты; уӕнгсаст фӕуыдзысты ӕмӕ къӕппӕджы бахаудзысты, ахст ӕрцӕудзысты. Мӕнг уӕлахизы ныхмӕ 14 Дунедарӕджы ныхасмӕ ӕрбайхъусут, Йерусалимы цӕрджыты ӕнӕввӕрсон барджынтӕ! 15 Сымах уӕхицӕй дзурут, мӕлӕтимӕ ӕмдзӕхдон систӕм, мӕрдтыбӕстимӕ бафидыдтам, зӕгъгӕ. Афтӕ ӕнхъӕл стут, ӕмӕ бӕллӕх уӕ иувӕрсты ацӕудзӕн, мӕнгдзинад ӕмӕ фӕлывды дӕлбазыр кӕй балӕууыдыстут, уый фӕрцы. 16 Уымӕ гӕсгӕ Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: «Ӕз Сионы хохыл сӕрӕвӕрӕнӕн фӕлтӕрд ӕмӕ зынаргъ дур сӕвӕрдзынӕн, ӕмӕ, йӕ уырнындзинад фидар кӕмӕн у, уый нӕ фӕтасдзӕн. 17 Уым Мӕ раст тӕрхон ӕрӕвӕрдзынӕн барӕн синагау, Мӕ рӕстдзинад та — ауыгъд здыйау». Уе ’мбӕхсӕн — мӕнгдзинад, фӕлӕ йӕ ихуард ныххафдзӕн, доны бын фӕуыдзӕн. 18 Уӕд, мӕлӕтимӕ цы цӕдис скодтат, уый хӕлд ӕрцӕудзӕн, мӕрдтыбӕстимӕ цы бадзырд сарӕзтат, уый нӕ фӕлӕудзӕн. Сау бӕллӕх уыл йӕхи ныццӕвдзӕни фурды уылӕнтау ӕмӕ уӕ бабын кӕндзӕн. 19 Куыддӕр уыл уыцы бӕллӕх сӕмбӕла, афтӕ йӕ амӕттаг бауыдзыстут; цӕудзӕни уӕм ӕрвылрайсом, ӕхсӕв дӕр ӕнцой нӕ зондзыстут, фыр тӕссӕй риздзыстут йӕ койӕ дӕр. 20 Уӕ хуыссӕн ӕгӕр цыбыр уыдзӕн, цӕмӕй уӕ къӕхтӕ адаргъ кӕнат, уӕ хъӕццул та — ӕгӕр нарӕг, цӕмӕй уӕхи ӕрбануӕрдат. 21 Дунедарӕг уыл Йӕ бӕллӕх ӕруадздзӕн, кӕддӕр Перацимы хохыл кӕнӕ Гивоны уӕлвӕзыл Йӕ адӕмы знӕгтӕн куыд бакодта, афтӕ, цӕмӕй ӕмбисонды хъуыддӕгтӕ сараза. 22 Уӕдӕ дзӕгъӕлдзырд мауал кӕнут, науӕд уӕ рӕхыстӕ ноджы уӕззаудӕр суыдзысты. Дунедарӕгӕй, Уӕларвӕфсады Бардарӕгӕй, фехъуыстон, ӕгас зӕххӕн йе сӕфт нысангонд кӕй у, уый. Хуымгӕнӕджы ӕмбисонд 23 Лӕмбынӕг ӕрбайхъусут, цы уын зӕгъдзынӕн, уымӕ! 24 Зӕхкусӕг йӕ хуым байтауинаг куы вӕййы, уӕд ӕй, мыййаг, ӕрвылбон ногӕй бахуым кӕны, ӕрвылбон ыл ауӕдзтӕ скӕны ӕмӕ йӕ похци бакӕны? 25 Нӕ! Йӕ хуым похци куы бакӕны, уӕд дзы иу хайы байтауы хъонтхора, иннӕ хайы байзӕры тмин, ӕртыккаг хайы рӕнхъытӕй ныссадзы мӕнӕу, цыппӕрӕмы — хъӕбӕрхор. Уыдонӕн сӕ алыварс — хуымы кӕрӕтты — байтауы нӕлмӕнӕу. 26 Уыцы зонд зӕхкусӕгӕн Хуыцауӕй лӕвӕрд у, Уый йын амоны хуым кӕныны фӕтк. 27 Хъонтхора дӕндагджын тулӕнӕй нӕ най кӕнынц, тминыл нӕ ауадзынц чъеурийы цӕлхытӕ — дзӕккортӕй сӕ ныххойынц. 28 Хортӕ та, куыннӕ ныцъцъӕл, куыннӕ ныммур уой, афтӕ сӕ банай кӕнынц, чъеурийы цӕлхытыл бӕхтӕ баифтындзынц, афтӕмӕй. 29 Уыцы зонд зӕхкусӕгӕн Уӕларвӕфсады Бардарӕгӕй лӕвӕрд у. Уымӕн та Йӕ фӕндтӕ, Йӕ уынаффӕтӕ ӕмбисонды диссаг сты, Йӕ уӕлзондӕн ӕмбал нӕй. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia