Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Исайа 27 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Дунедарӕг ӕрцӕвдзӕни залымы

1 Уыцы бон Дунедарӕг Йӕ уӕззау, стыр ӕмӕ ӕгъатыр кард ӕруадздзӕн йӕ сӕр ӕфснайынмӕ тындзӕг Левиафаныл, ратас-батасгӕнӕг залымыл — амардзӕни Левиафаны.

2 «Уыцы уӕлахизы бон-иу алӕмӕты сӕндоныл зарут:

3 Ӕз, Дунедарӕг, дӕн йӕ хъахъхъӕнӕг; алы уысм ӕй ӕфсадын донӕй, хъахъхъӕнын ӕй ӕхсӕвӕй-бонӕй — фыдбылыз ыл ма ӕрцӕуа.

4 Мӕ маст ӕм ссыди, фӕлӕ дзы каконтӕ ӕмӕ сындзытӕ куы фенон, уӕд сӕ срӕдувдзынӕн, бынсыгъд сӕ бакӕндзынӕн.

5 Фӕлтау фыдгултӕ Ме ’вджид бакӕнӕнт сӕхи, Мемӕ бафидауыны зонд сӕм ӕрцӕуӕд, ӕмӕ бафидауӕнт».

6 Сомбон Йаковы байзӕддӕгтӕ ног уидӕгтӕ ауадздзысты. Израил ног талатӕ суадздзӕн ӕмӕ дидинӕг ракалдзӕн, ӕгас дуне байдзаг уыдзӕн йӕ дыргътӕй.

7 Дунедарӕг кӕд дӕрӕн кодта Израилы адӕмы, сӕ дӕрӕнгӕнджытӕ сӕ куыд дӕрӕн кодтой, афтӕ? Кӕд сӕ мардта, сӕ марджытӕ сӕ куыд мардтой, афтӕ?

8 Ӕгӕр сӕ никуы бафхӕрдта, Йӕхи-иу сыл куы атигъ кодта, уӕд дӕр. Скӕсӕйнаг дымгӕйау сӕ иуварс фехста Йӕ карз раулӕфтӕй.

9 Мӕнӕ цӕй фӕрцы ӕрцӕудзӕни барст Йаковы байзӕддаджы азым, йӕ тӕригъӕд хатыргонд куы ’рцӕуа, уӕд уымӕн ахӕм дыргъ уыдзӕни ӕвдисӕн: сӕ нывондхӕссӕнты дуртӕ чъырдуртау ныммур кӕндзысты, нал сӕм баззайдзӕн нӕдӕр Ашерӕйы цӕджындзтӕ, нӕдӕр будсудзӕн нывондхӕссӕнтӕ.

10 Бырухгӕд сахар баззайдзӕни дзӕгъӕлӕй, адӕм ныууадздзысты сӕ хӕдзӕрттӕ, сафтид уыдзысты ӕдзӕрӕг быдырау. Ривӕд дзы кӕндзысты родтӕ, зӕххыл хуысдзысты, къалиутӕ ’хсындзысты.

11 Къалиутӕ куы бахус уой, уӕд сӕм ӕрбацӕудзысты сылгоймӕгтӕ, сугӕн сӕ ракӕндзысты ӕмӕ сӕ басудздзысты. Ацы муртаттаг адӕмтӕн сӕ сӕры зонд нӕма бацыд, ӕмӕ сын уый тыххӕй се Скӕнӕг нӕ батӕригъӕд кӕндзӕни, нӕ сын ныббардзӕни се Сфӕлдисӕг.

12 Израилӕгтӕ, ахӕм бон ӕрцӕудзӕн, ӕмӕ Дунедарӕг ӕфсиртӕ иууылдӕр банай кӕндзӕн, Евфраты донӕй Мысыры арӕныл цы цӕугӕдон ис, уый онг ӕмӕ уӕ иугай ӕрӕмбырд кӕндзӕн.

13 Уыцы бон стыр сыкъауадындз ныууасдзӕн, ӕмӕ ӕрцӕудзысты, Ассирийы чи фесӕфти ӕмӕ Мысырмӕ кӕй атардтой, уыдон. Ссӕудзысты Йерусалиммӕ, уаз хохмӕ, ӕмӕ Дунедарӕджы раз сӕ зонгуытыл ӕрхаудзысты.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan