Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Исайа 26 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Фидар сахар

1 Уыцы бон Иудейы зӕххыл ахӕм зарӕг сисдзысты: «Нӕ сахар хъомысджын у, фидар! Хуыцау нӕ фервӕзын кодта, сахары алыварс сис ӕмӕ сыджытбыру самайӕгау.

2 Байгом кӕнут кулдуар, уадз ӕмӕ мидӕмӕ бацӕуой рӕстаг адӕм, Хуыцауы иузӕрдион адӕм.

3 Удвидар, ӕнӕфӕцудгӕ чи у, уыдоны Ды схайджын кӕныс фарнӕй, уымӕн ӕмӕ Дӕуӕй сты ныфсджын.

4 Дунедарӕгыл уӕ зӕрдӕ дарут мыггагмӕ, уымӕн ӕмӕ Уый не ’нусон Къӕдзӕх у!

5 Уый раппӕрста, уӕлиау чи царди, уыдоны, бӕрзонд лӕууӕг сахар ныппырх кодта ӕмӕ йӕ рыджы хай бакодта.

6 Ныр къӕхты бын ныцци — цӕуынц ыл къахӕй мӕгуыртӕ, гӕвзыччытӕ».

7 Рӕстаг лӕгӕн йӕ фӕндаг раст у — Дӕхӕдӕг ӕй кӕныс рӕствӕндаг.

8 Дунедарӕг! Дӕ азар нӕ куы баййафы, уӕд дӕр ныфсджын вӕййӕм Дӕуӕй. Дӕумӕ кувӕм, Дӕу мысы алкӕддӕр нӕ уд.

9 Мӕ зӕрдӕ Дӕм ӕхсӕв дӕр тырны, Дӕу агуры сӕумӕрайсом мӕ уд. Ды зӕххӕн раст тӕрхон куы фӕкӕныс, уӕд дунейы цӕрджытӕ базонынц рӕстдзинад цы у, уый.

10 Фыдгӕнӕгӕн йӕ фыдракӕнд барст куы ’рцӕуа, уӕд, рӕстдзинад цы у, уый нӕ базондзӕн. Уый нӕ, фӕлӕ та дарддӕр кӕндзӕни фыдмитӕ, раст адӕм кӕм цӕрынц, уыцы зӕххыл, Де стырад дын ницӕмӕ ’рдардзӕн.

11 О Дунедарӕг! Ды Дӕ къух бӕрзонд систай, фӕлӕ йӕ уыдон нӕ уынынц. Дӕ адӕмы сӕрыл куыд хӕцыс, уый куы феной, уӕд фӕхудинаг уыдзысты; цы арттӕрхон сӕм кӕсы, уый аныхъуырдзӕн Де знӕгты.

12 О Дунедарӕг! Ды нын фарн балӕвар кӕндзынӕ. Нӕ хъуыддӕгтӕ иууылдӕр — Дӕуӕй аразгӕ.

13 О Дунедарӕг, нӕ Хуыцау! Ӕндӕр хицӕуттӕ дӕр ныл ӕлдариуӕг кодтой, фӕлӕ ӕрмӕст Дӕ номӕн кӕнӕм кад!

14 Дӕ фыдгултӕн сӕ мӕрдтӕ нӕ райгас уыдзысты, сӕ хӕрвӕгтӕ нӕ рацӕудзысты ингӕнтӕй, уымӕн ӕмӕ сӕ Ды быныскъуыд фӕкодтай, сӕ кой дӕр куыд никуыуал уа, афтӕ.

15 О Дунедарӕг! Ды сбирӕ кодтай Дӕ адӕмы, суӕрӕх сын кодтай сӕ арӕнтӕ, ӕмӕ уымӕй Дӕхи скадджын кодтай.

16 О Дунедарӕг! Бӕллӕхы заман Дӕу агурынц адӕм, цӕмӕй сын ахъаз бакӕнай. Куы сӕ бафхӕрыс, уӕд дӕм мынӕг хъӕлӕсӕй фӕкувынц.

17 Ӕвгъӕддон сылгоймаг аргӕ-арын куыд фӕтухӕн кӕны, фыр рыстӕй куыд фердиаг кӕны, афтӕ уыдыстӕм мах Дӕ цуры, Дунедарӕг.

18 Мах дӕр сылгоймагау уыдыстӕм ӕвгъӕддон, фӕлӕ дымгӕ йеддӕмӕ ницы ныййардтам. Нӕ бон нӕу ацы зӕхх фыдӕвзарӕнӕй бахизын, ног цӕрджытӕ йыл рантысын кӕнын.

19 О Дунедарӕг! Райгас уыдзысты Дӕ мӕрдтӕ, мард буӕрттӕ раздӕхдзысты цардмӕ! Райхъал ут ӕмӕ цинхъӕр кӕнут, дӕлдзӕххы цӕрджытӕ! О Дунедарӕг! Ды дӕ рухстау ӕртӕхау, ӕмӕ зӕхх мӕрдты раппардзӕни йӕ хуылфӕй.

20 Уӕ мӕ адӕм! Уӕ хӕдзӕрттӕм бахизут, уӕ дуӕрттӕ сӕхгӕнут ӕмӕ афтӕмӕй, цалынмӕ Хуыцауы азар аивгъуыйа, уӕдмӕ уӕхи бафӕсвӕд кӕнут.

21 Дунедарӕг рацӕуы Йӕ цӕрӕнӕй, цӕмӕй зӕххы цӕрджыты сӕ фыдракӕндты тыххӕй бафхӕра. Зӕхх равдисдзӕн, цы туг ыл ныккалдӕуыд, уый, нал басусӕг кӕндзӕн йӕ мӕрдты.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan