Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Исайа 25 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Арфӕйы зарӕг ӕфхӕрдӕй фервӕзыны тыххӕй

1 Дунедарӕг, Ды — мӕ Хуыцау! Стауын Дӕ — кад Дын кӕнын Дӕ номӕн! Ды сарӕзтай ӕмбисонды хъуыддӕгтӕ — цы фӕнд дӕм ӕрцыди рагзаманы, уый ныр сӕххӕст кодтай, иузӕрдион Хуыцау!

2 Дӕ фӕндӕй сахар дурты цӕнд фестад, бырухгӕд сахар — хӕлддзӕгтӕ; ӕнӕхуыцӕуттӕ нал ис сахары, хӕлддзӕгты бынӕй нал сыстдзӕн мыггагмӕ.

3 Уымӕ гӕсгӕ Дын кад кӕндзысты хъомысджын адӕмтӕ, ӕгъатыр адӕмты сахартӕ аргъуыц кӕндзысты Дӕ разы.

4 Мӕгуыргуртӕн, ӕдзухъомтӕн сӕ тыхсты заман Ды — се ’мбӕхсӕн: тыгъдызӕйӕ сӕ хъахъхъӕдтай, ӕнтӕфы-иу сын аууон фестадтӕ. Тыхгӕнджыты улӕфт — ӕнгом быруйыл хи ныххуырсӕг уадау;

5 ӕцӕгӕлӕтты рыхын — ӕнӕдон быдыры ӕнтӕфау. Фӕлӕ Ды ӕнтӕф атыхтай мигъаууоны, ӕмӕ нал фехъуысти ӕфхӕрджытӕн сӕ зарын.


Хуыцау сӕххӕст кӕндзӕни Йӕ фӕнд

6 Уӕларвӕфсады Бардарӕг ӕппӕт адӕмтӕн Сионы хохыл куывд скӕндзӕн. Фынгтӕ зӕхмӕ тасдзысты алы минасӕй, дзидзайы нард, стӕджы магъз ӕмӕ сӕны дзӕбӕхӕй.

7 Дунедарӕг уыцы хохыл, ӕппӕт адӕмты цы ’мбӕрзӕн ӕрбатыхта, цы фӕлм сӕ ӕхгӕны, уый фесафдзӕн;

8 мӕлӕтӕн мыггагмӕ скӕндзӕни кӕрон, алкӕмӕн дӕр йӕ цӕссыгтӕ ныссӕрфдзӕн, зӕххы цъарыл Йӕ адӕмы худинагӕй бахиздзӕн. Афтӕ загъта Дунедарӕг.

9 Уыцы бон дзурдзысты: «Уый нӕ Хуыцау у! Нӕ зӕрдӕ Йыл дардтам, ӕмӕ нӕ фервӕзын кодта! Уый Дунедарӕг у, Ууыл дардтам нӕ зӕрдӕ! Уӕдӕ цин кӕнӕм, цины зарӕг сисӕм, уымӕн ӕмӕ фервӕзтыстӕм!»

10 Дунедарӕг Йӕ арм дардзӕни Сионыл. Моав ссӕст ӕрцӕудзӕн, хъӕмп фаджысы куыд ныссӕндынц, уыйау.

11 Йӕ къухтӕ ма ленкгӕнӕгау цасфӕнды тилӕд — Хуыцау ӕй уӕддӕр ӕрныллӕг кӕндзӕн — цыфӕнды тылд кӕнӕд йӕ къухтӕ.

12 Дӕ бӕрзонд ӕмӕ фидар систӕ дын рафӕлдахдзӕн, рыг сӕ фестын кӕндзӕн.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan