Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Исайа 24 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Дунедарӕджы тӕрхон зӕххы цъарӕн

1 Дунедарӕг гӕныстон фӕкӕндзӕни зӕхх, ныззаууат ӕй кӕндзӕн — зӕхх аивдзӕни йӕ хуыз, йӕ цӕрджытӕ ныххӕлиу уыдзысты.

2 Иу у сӕ хъысмӕт се ’ппӕтӕн дӕр: сауджынтӕ ӕмӕ адӕмӕн, барджынтӕ ӕмӕ дӕлдӕртӕн, ӕхсинтӕ ӕмӕ унӕуттӕн, уӕйгӕнджытӕ ӕмӕ ӕлхӕнджытӕн, цъынды чи дӕтты ӕмӕ хӕс чи дары, уыдонӕн, пайдайы охыл ӕфстау дӕтджытӕ ӕмӕ ӕфстау исджытӕн.

3 Бынтондӕр ныггӕныстон ӕмӕ ныххӕлӕттаг уыдзӕн зӕхх, уымӕн ӕмӕ афтӕ загъта Дунедарӕг.

4 Хъынцъым кӕны, баруади зӕхх, ӕгас дуне ныттар ис ӕмӕ сӕфы; зӕххыл цӕрӕг адӕмӕн сӕ барджын хицӕуттӕ сӕфынц.

5 Зӕхх фегад кодтой йӕ цӕрджытӕ, сӕ къух систой Хуыцауы ӕгъдауыл, сзыгъуыммӕ Йын кодтой Йӕ уагӕвӕрдтӕ, фехӕлдтой мыггагмӕйы фидыд.

6 Уымӕ гӕсгӕ ӕлгъыст ӕрцӕудзӕни зӕхх — ӕфхӕрд баййафдзысты йӕ цӕрджытӕ; скуынӕг уыдзысты адӕм, бирӕ сӕ нал баззайдзӕн.

7 Сӕн байсысти, сӕнӕфсиры зӕнг баруади; цинӕй чи ради, уыдон ныр хъӕрзынц.

8 Далаты цины хъӕр нал хъуысы, цингӕнӕг адӕмы хъӕлӕс бамыр ис, бамынӕг дыууадӕстӕнонты цагъд;

9 цины зарджытимӕ сӕн нал нуазынц адӕм, мастад кӕны хъӕбӕр нозт дзыхы.

10 Федзӕрӕг сахар, ныппырх, йӕ хӕдзӕрттӕ — ӕхгӕд, бацӕуӕн сӕм нӕй.

11 Уынджы цӕуджытӕ ӕрдиаг кӕнынц — сӕн нал ис! Хъӕлдзӕгдзинадӕн нал ис йӕ кой дӕр, циндзинад фӕлыгъди а бӕстӕй.

12 Сахар ныззаууат, йӕ кулдуар рафӕлдӕхт.

13 Зӕххы цъары адӕмтӕн сӕ уавӕр уыдзӕни, оливӕ бӕлӕстӕ куы ’рцӕгъдынц кӕнӕ ма тыллӕгисӕны фӕстӕ сӕнӕфсирыл цы цупӕлттӕ аззайы, уыдон куы ’ртонынц, уый хуызӕн.

14 Адӕмтӕй ма чи баззайа, уыдон хъӕлӕсыдзагӕй стаудзысты Дунедарӕджы кад, ныгуылӕнӕрдыгӕй сӕ цины хъӕр хъуысдзӕн.

15 О скӕсӕны дзыллӕтӕ, кад кӕнут Дунедарӕгӕн! Денджызгӕрӕтты цӕрджытӕ, кад кӕнут Дунедарӕгӕн, Израилы Хуыцауӕн!

16 Арвы кӕронӕй нӕм кады зарӕг хъуысы: «Кад уӕд Рӕстӕвзарӕн!» Фӕлӕ ӕз загътон: «Ме сӕфт ӕрцыди, додойаг фӕдӕн! Гадзрахатӕй цӕуынц уӕйгӕнджытӕ, сӕ гадзрахат фылдӕрӕй-фылдӕр кӕны!»

17 А зӕххы цӕрджытӕм гӕппӕввонгӕй лӕууынц ӕвирхъау тас, хъоргъ ӕмӕ ахсӕн хыз.

18 Ӕвирхъау тасы хъӕр фехъусгӕйӕ, лидзынмӕ чи фӕуа, уый ныххаудзӕни хъоргъы, хъоргъӕй чи сбыра, уый та бахаудзӕн ахсӕн хызы. Арвы дуӕрттӕ фегом уыдзысты, зӕххы бындуртӕ нынкъуысдзысты.

19 Зӕхх скъуыдтӕ кӕндзӕн, ӕнкъуысдзӕн ӕмӕ ӕмризӕджы риздзӕн.

20 Расыг лӕгау дзедзырой кӕндзӕн, ӕнкъуысдзӕни мӕнгӕфсон халагъудау. Йӕ фыдракӕндтӕ йыл сӕ уӕз куы ’руадзой, уӕд афӕлдӕхдзӕн ӕмӕ никуыуал схӕцдзӕн йӕхиуыл.

21 Уыцы заман Дунедарӕг Йӕ азары амӕттаг бакӕндзӕн уӕларвӕфсад дӕр ӕмӕ зӕххон паддзӕхты дӕр.

22 Ахӕстытау хъоргъы ӕппӕрст ӕрцӕудзысты иумӕ. Бирӕ бонты сӕ гуыдырӕхгӕдӕй фӕдардзысты, стӕй сӕ бафхӕрдзысты.

23 Мӕй ныссырх уыдзӕн ӕмӕ хур къӕмдзӕстыгӕй баззайдзӕн, уымӕн ӕмӕ Уӕларвӕфсады Бардарӕг паддзахиуӕг кӕндзӕни Сионы хохыл, Йерусалимы, ӕмӕ Йӕ кад адӕмы хистӕртӕн раргом кӕндзӕн.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan