Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Исайа 23 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Тир ӕмӕ Сидоны сӕфт

1 Рагуац Тиры тыххӕй. Кӕут, дзыназут, Таршишы наутӕ! Наулӕууӕн сахар ныппырх ис — иу бӕстыхай дӕр дзы нал баззад! Наутӕрджытӕ уыцы хабар фехъуыстой, Киттимӕй сӕхимӕ куы ’рбаздӕхтысты, уӕд.

2 Ныхъхъус ут, денджызгӕрон цӕрджытӕ, наудзогты фӕрцы йӕ исбоныл чи ӕфтыдта, уыцы сидойнаг сӕудӕджертӕ!

3 Денджызы стыр доны сӕрты ардӕм цыдис алцы, — Шихоры хор, Йеоры тыллӕг!

4 Ныр дӕ худинаджы хъӕр айхъуысти, Сидон! Мӕнӕ цы зӕгъы денджыз, денджызгӕрон фидар: «Мӕ цотӕй ӕнӕхай фӕдӕн, раст цыма арыны тухӕнтӕ не ’взӕрстон ӕмӕ цот нӕ ныййардтон; раст цыма не схастон лӕппутӕ ӕмӕ не схъомыл кодтон чызджытӕ».

5 Мысырӕгтӕ фыр тӕссӕй нырриздзысты Тиры сӕфты коймӕ.

6 Дзыназут, денджызгӕрон цӕрджытӕ, лидзгӕут Таршишмӕ!

7 Цы ’рцыди уӕ рагон сахар Тирыл, йӕ цины хъӕр-иу кӕмӕн хъуысти, ууыл? Ныр сымах рахау-бахау кӕндзыстут, ӕцӕгӕлон зӕххыл, дард бӕстӕты цӕрдзыстут.

8 Чи рахаста ахӕм уынаффӕ Тиры тыххӕй, паддзахы кады худтӕ-иу чи байуӕрста, йӕ базаргӕнджытӕ-иу барджын хицӕуттӕ кӕмӕн систы, йӕ сӕудӕджертӕ — номджын ӕлдӕрттӕ, уыцы сахары тыххӕй?

9 Ахӕм уынаффӕ рахаста Уӕларвӕфсады Бардарӕг! Уый фегад кодта сӕрбӕрзонд ӕмӕ цытуарзаг чи у, уыдоны, ӕрныллӕг кодта номджын ӕлдӕртты.

10 Таршишы чызг, уӕрӕх цӕугӕдонау ныр дӕ ных фӕстӕмӕ дӕ хӕдзармӕ сараз, уымӕн ӕмӕ наулӕууӕн нал ис.

11 Дунедарӕг Стыр денджызмӕ Йӕ къух систа, денджызгӕрон паддзахӕдтӕ ныууыгъта, Ханааны фидӕрттӕ ныппырх кӕнын кодта.

12 Уый загъта: «Ныр дӕ цины хъӕр нал райхъуысдзӕн, чи фегад ис, уыцы чызг, Сидоны чызг! Киттимы ’рдӕм адар дӕ фӕндаг! Ӕцӕг, уым дӕр не ссардзынӕ ӕнцой».

13 Гъе уый дын халдейӕгты бӕстӕ! Йӕ кой дӕр нал ис. Ассириӕгтӕ йӕ, ӕдзӕрӕг быдыры цы хъӕддаг сырдтӕ цӕрынц, уыдоны бар бакодтой. Сӕхицӕн мӕсгуытӕ самадтой ӕмӕ йын ныппырх кодтой йӕ фидӕрттӕ, хӕлддзӕгтӕ йӕ фестын кодтой.

14 Дзыназут, Таршишы наутӕ! Уӕ ныфсы мӕсыг ныппырх ис.

15 Ӕрцӕудзӕнис ахӕм рӕстӕг: ӕвдай азы дӕргъы (иу паддзахы царды ӕмгъуыд) Тирӕн йӕ кой дӕр нал уыдзӕн. Фӕлӕ ӕвдай азы фӕстӕ Тиры хъысмӕт уыдзӕн, хӕтаг сылыл цы зарӕг ис, уыйау:

16 «Райс дыууадӕстӕнон, сахарыл ӕрзил, рохуаты баззайӕг хъахбай! Дӕсны ӕрцӕгъд, зарӕг зарӕджы фӕдыл зар — чи зоны дӕ ӕрымысой!»

17 Ӕвдай азы фӕстӕ Дунедарӕг Тиры сахармӕ ӕркӕсдзӕн, ӕмӕ та сахар йӕ раздӕры ӕфтиаг исдзӕн, уымӕн ӕмӕ та дунейы ӕппӕт паддзахӕдтимӕ ногӕй ӕнӕуаг митыл бафтдзӕн.

18 Фӕлӕ ныр йӕ сӕудӕджеры бакуыст, йе ’фтиаг нывонд кӕндзӕни Дунедарӕгӕн. Къӕбицтӕ ӕмӕ йӕ ӕфтауцуӕттӕм не ’мбырд кӕндзысты, фӕлӕ йӕ дӕтдзысты, Дунедарӕджы раз аргъуыцгӕнгӕ чи цӕры, уыдонӕн, цӕмӕй сӕхи ӕфсадой ӕмӕ цӕуой зынаргъ дарӕсы.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan