Исайа 22 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстРагуац хиваст Йерусалимы тыххӕй 1 Рагуац Цӕстылуайӕнты дӕлвӕзы тыххӕй. Дӕ цӕрджытӕ уӕлхӕдзӕрттӕм цы схызтысты? 2 Цы схъомпал дӕ, сахар, дӕ хъӕлӕба, дӕ цины уынӕр куы хъуысы! Дӕ адӕмӕй чи фӕмард ис, уыдон кардылӕфтыд нӕ фесты, тохы быдыры нӕ байсӕфтой сӕ сӕртӕ. 3 Тохы быдырӕй ӕмхуызонӕй ралыгъдысты дӕ фӕтӕгтӕ, фӕлӕ уацары бахаудтой, сӕ иуыл дӕр дзы фат суадзыны сӕр фыдгулы нӕ бахъуыди, афтӕмӕй. Дӕ хӕстонтӕй дард чи алыгъд, уыдон дӕр уацарӕй нӕ фервӕзтысты. 4 Уымӕ гӕсгӕ ӕз зӕгъын, ныууадзут мӕ мӕхи бар. Ӕз зӕрдӕхалӕн хъарӕг кӕндзынӕн. Ныфсӕвӕрӕн ныхӕстӕ мын ма кӕнут, уымӕн ӕмӕ бабын сты мӕ адӕм. 5 Уый у Дунедарӕджы, Уӕларвӕфсады Бардарӕджы, бон Цӕстылуайӕнты Дӕлвӕзы. Уый у сахары систӕ дӕрӕнгӕнӕн бон ӕмӕ хӕхтӕм ӕххуысмӕ дзыназыны бон. 6 Еламаг хӕстонтӕ ӕрбабырсынц ӕд сагъадахътӕ, ӕд тохуӕрдӕттӕ ӕмӕ ӕд бӕхӕфсад. Киры хӕстонтӕ дӕр сӕ уартытӕ исынц сӕ агъудтӕй. 7 Дӕ хуыздӕр дӕлвӕзтӕ байдзаг сты тохуӕрдӕттӕй, фыдгулы бӕхӕфсад сахары кулдуары раз ӕрлӕууыд. 8 Иудей ӕнӕхай фӕци йӕ фидӕрттӕй. Уыцы бон ма сымах уӕ ныфс дардтат, Ливайнаг хъӕдӕй фӕлыст галуаны уын цы хотыхтӕ ӕфснайд уыди, уыдоныл. 9 Сымах федтат, Давиды сахары быру бирӕ рӕтты къахыртӕ ӕмӕ пырхытӕ кӕй уыд, уый. Дон ӕфтауц кодтат Дӕллаг Цады. 10 Йерусалимы хӕдзӕрттӕй-иу, фехалӕн дзы кӕй уыд, ахӕмтӕ равзӕрстат ӕмӕ-иу сӕ фехӕлдтат, цӕмӕй сын сӕ хӕлддзӕгтӕй сахары быру бампъузат. 11 Быруйы къулрӕбын ног донуат скъахтат ӕмӕ йӕм зӕронд цадӕй дон рауагътат. Фӕлӕ сымах, ӕппӕт адӕтты тыххӕй рагацау уынаффӕ Чи рахаста, Уымӕ нӕ кастыстут, ӕмӕ уыдӕттӕ раджы заманы Чи сфӕнд кодта, Уымӕ уе ’ргом нӕ раздӕхтат. 12 Дунедарӕг, Уӕларвӕфсады Бардарӕг, сымахӕн фӕдзӕхста, цӕмӕй уыцы бон сау дарат ӕмӕ дзыназат, уӕ сӕрыхил алвынат ӕмӕ уӕ уӕлӕ сӕхъис скӕнат. 13 Фӕлӕ сымах уый бӕсты хъӕлдзӕгдзинад сарӕзтат; цин кӕнут, галтӕ ӕмӕ фыстӕ ӕргӕвдут, дзидза хӕрут, сӕн нуазут ӕмӕ дзурут: «Цӕй уӕдӕ хӕрӕм ӕмӕ нуазӕм — уӕддӕр райсом мӕлгӕ кӕндзыстӕм!» 14 Уӕларвӕфсады Бардарӕг мын загъта: «Ацы тӕригъӕд уын хатыргонд нӕ уыдзӕн уӕ амӕлӕты бонмӕ дӕр». Афтӕ загъта Дунедарӕг, Уӕларвӕфсады Бардарӕг. Паддзахы фӕткдартӕ Шевна ӕмӕ Елиакимы тыххӕй 15 Дунедарӕг, Уӕларвӕфсады Бардарӕг, загъта: «Бацу-ма уыцы Шевнамӕ, паддзахы галуаны фӕткдармӕ, ӕмӕ йын зӕгъ, 16 ам, зӕгъ, цы агурыс, чи дын, зӕгъ, радта уыцы бар, ӕмӕ ам, уӕлвӕзы, къӕдзӕхыл, дӕхицӕн скӕнай зӕппадз, айнӕджы хуылфы — хӕдзар? 17 Дунедарӕг дӕ ардыгӕй фехсдзӕн, богал, алырдыгӕй дӕ ӕрбалвасдзӕн, 18 къуыбылойау дӕ стухдзӕн ӕмӕ дӕ пуртийау ӕгӕрон тыгъд быдырмӕ ныззыввытт ласдзӕн. Уым ссардзынӕ дӕ мӕлӕт, ӕмӕ уым баззайдзысты дӕ диссаджы тохуӕрдӕттӕ дӕр. Дӕ паддзахы сӕр фӕфидиссаг кодтай! 19 Ӕз дӕ уый тыххӕй раппардзынӕн дӕ бынатӕй, дӕ кадджын бадӕнӕй дӕ расхойдзынӕн». 20 Дунедарӕг загъта: «Уыцы бон Ӕз фӕсиддзынӕн Мӕ цагъар Елиакиммӕ, Хилкиайы фыртмӕ, 21 скӕндзынӕн ыл дӕ кадджын дарӕс, бабӕтдзынӕн ыл дӕ рон ӕмӕ йӕ дӕ бӕсты паддзахы барджынӕй сӕвӕрдзынӕн. Уый Йерусалимы цӕрджытӕ ӕмӕ ӕппӕт иудейӕгтӕн суыдзӕни сӕ фыд. 22 Давиды галуаны дӕгъӕлтӕ йын бакӕндзынӕн йӕ къухы, ӕмӕ галуаны дуарӕн йӕ бакӕнын дӕр, стӕй йӕ рахгӕнын дӕр ӕрмӕст Елиакимы бар уыдзӕн. 23 Ӕз ӕй зӕгӕлау бӕстон ныффидар кӕндзынӕн, ӕмӕ йӕ мыггаджы кад бӕрзонд сисдзӕни. 24 Фидар зӕгӕлау уромдзӕни ӕмӕ нӕ фӕцудын кӕндзӕн йӕ фыды хӕдзары кад, цудын нӕ бауадздзӕн йӕ байзӕддаджы кад дӕр — цотӕй, цоты цотӕй. Йӕ бар уыдзысты суанг йӕ хӕдзары мигӕнӕтӕ дӕр, чысыл къусӕй дурыны онг». 25 «Уыцы бон, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг, — фидар ран цы зӕгӕл ныкъкъуырдӕуыд, уый сызмӕлдзӕн ӕмӕ рахаудзӕн, цыдӕриддӕр ыл ауыгъд уыди, уыдон ныппырх-нызгъӕлӕн уыдзысты». Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia