Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Исайа 21 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


«Байсӕфти Вавилон!»

1 Рагуац денджызгӕрон ӕдзӕрӕг бӕстӕйы тыххӕй. Негевы сӕрты знӕт зилгӕ уад куыд фӕцӕйтӕхы, уыйау ссӕуы бӕллӕхы уац ӕдзӕрӕг бӕстӕй, тасӕфтауӕг зӕххӕй.

2 Хуыцау мын фенын кодта тасуадзӕг цӕстылуайӕн: «Уӕйгӕнӕг гадзрахатӕй цӕуы, гӕныстонгӕнӕг стигъы. Бабырсут, еламӕгтӕ! Мидиӕгтӕ, ӕрхъула кӕнут! Ӕз кӕрон скӕндзынӕн адӕмты хъӕрзынӕн».

3 Мӕ хуылф ӕгасӕй дӕр риссы, саутухӕны бафтыдтӕн арӕг сылгоймагау. Цы хъусын, уымӕй арвы цӕфау фӕдӕн, цы уынын, уымӕй стыр катайы бацыдтӕн.

4 Тас бацыди мӕ зӕрдӕйы, ӕмризӕджы ризын. Изӕрмилтӕм-иу зӕрдиагӕй ӕнхъӕлмӕ кастӕн, ныр мыл уыдон дӕр стыр тас ӕфтауынц.

5 Фынг ӕрӕвӕрдтой, гауызтӕ ӕрытыдтой ӕмӕ минас кӕнынц. Ӕвиппайды ныхъхъӕр чындӕуыд: «Сыстут, барджынтӕ, байсӕрдут уӕ уартытӕ!»

6 Дунедарӕг мын бафӕдзӕхста: «Цӕугӕ ӕмӕ хъалагъур сӕвӕр — цы уына, уый-иу хъусын кӕнӕд.

7 Дыгӕйттӕй цӕуӕг барджытӕ куы фена, ноджы ма — хӕрджытӕ ӕмӕ теуатыл цӕуджытӕ, уӕд сӕм лӕмбынӕг кӕсӕд, байхъусӕд-иу лӕмбынӕг».

8 Ӕмӕ хъалагъур домбайы рыхт ныккодта: «О Дунедарӕг! Ӕгас бон фӕдардтон мӕ хъус, ӕрвылӕхсӕв хъалагъур лӕууыдтӕн,

9 ӕмӕ мӕнӕ рацӕуынц адӕм, дыгай барджытӕ фӕрсӕй-фӕрстӕм». Уый фӕстӕ ныхъхъӕр кодта: «Бабын ис, бабын ис Вавилон! Йӕ гуымирытӕ базгъӕлӕн сты ӕмӕ лӕзӕрынц зӕххыл».

10 Уӕ мӕ адӕм, найгонд чи ӕрцыд мусы! Уӕларвӕфсады Бардарӕгӕй, Израилы Хуыцауӕй, цы фехъуыстон, уый уын ныр хъусын кӕнын.


Рагуац Дума ӕмӕ Сеиры тыххӕй

11 Рагуац Думайы тыххӕй. Сеирӕй мӕм хъӕр кӕнынц: «Хъалагъур! Ӕхсӕвӕй ма цас ис? Ӕхсӕвӕй ма цас ис?»

12 Хъалагъур сын дзуапп дӕтты: «Сӕумӕрайсом у, фӕлӕ ӕхсӕв нӕма фӕци. Кӕд ма уӕ ноджы бафӕрсын фӕнды, уӕд-иу ӕрбацӕут ногӕй ӕмӕ фӕрсгӕ кӕнут».

13 Рагуац Аравийы тыххӕй. Аравийы хъӕдты бахсӕвиуат кӕнут, деданӕгты чырӕтӕ!

14 Дойныйӕ мӕлӕг адӕмӕн раттут дон, Темайы цӕрджытӕ! Лигъдӕттӕн рахӕссут къӕбӕр!

15 Уымӕн ӕмӕ уыдон лидзынц кардӕй, ӕлвӕст кард ӕмӕ фатӕй — хӕсты тымыгъӕй.

16 Дунедарӕг мын загъта: «Афӕдзы фӕстӕ — нӕдӕр бон раздӕр, нӕдӕр бон фӕстӕдӕр — Кедары кадӕй ницыуал баззайдзӕн.

17 Йе ’хсарджын фатӕхсджытӕй дӕр бирӕтӕ нӕ аирвӕздзысты». Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг, Израилы Хуыцау.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan