Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Исайа 20 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Ассири Мысырыл кӕй фӕуӕлахиз уыдзӕн, уый нысан

1 Ассирийы ӕфсады хицау йӕ паддзах Саргоны бардзырдмӕ гӕсгӕ Ашдоды сахармӕ цы аз бабырста ӕмӕ йӕ бацахста,

2 раст уыцы заман Дунедарӕг Амоцы фырт Исайайӕн бафӕдзӕхста: «Дӕ сӕхъис пӕлӕз ӕмӕ дӕ дзабыртӕ ралас». Исайа раласта йӕ пӕлӕз ӕмӕ йӕ дзабыртӕ ӕмӕ бӕгънӕг-бӕгъӕввадӕй цыди.

3 Дунедарӕг загъта: «Мӕ цагъар Исайа ӕртӕ азы бӕгънӕг-бӕгъӕввадӕй кӕй цӕуы, уый Мысыр ӕмӕ Эфиопийӕн у ӕвдисӕйнаг:

4 бӕгънӕг ӕмӕ бӕгъӕввадӕй, суанг се ’рбадӕнтӕ дӕр — Мысыры худинагӕн — гом уыдзысты, афтӕмӕй Ассирийы паддзах, Мысыры уацары кӕй райста ӕмӕ Эфиопийы бӕстӕй цы адӕмы ракодта, уыдоны ӕрыгонӕй, зӕрондӕй аскъӕрдзӕни йӕ разӕй.

5 Уӕд зӕрдӕсаст фӕуыдзысты, Эфиопийыл йӕ зӕрдӕ чи дардта ӕмӕ Мысыры хъомыс бӕрзонд ӕвӕрд кӕмӕ уыд, уыцы адӕмтӕ, ӕмӕ сӕ худинаджы хъӕр айхъуысдзӕн».

6 Денджызгӕрон бӕстӕты адӕмтӕ дзурдзысты: «Мӕнӕ цы ’рцыди, нӕ зӕрдӕ кӕуыл дардтам, уыдоныл, ӕххуысагур кӕмӕ цыдыстӕм, Ассирийы паддзахӕй нӕ фервӕзын кӕнут, зӕгъгӕ! Куыд ма фервӕздзыстӕм ныр?»

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan