Исайа 2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст1 Амоцы фырт Исайайӕн цӕстылуайӕны Иудей ӕмӕ Йерусалимы фидӕн раргом ис. Йерусалимы сомбоны кад ӕмӕ дунейы сабыр фидӕн 2 Дунедарӕджы Кувӕндон цы хохыл ис, уый фӕстагмӕ суыдзӕни хӕхты бӕрзонддӕр, къуылдымты сӕрты акӕсдзӕн; адӕмтӕ йӕм сараздзысты се ’ргом. 3 Бирӕтӕ бацӕудзысты ӕмӕ зӕгъдзысты: «Цӕй ӕмӕ ссӕуӕм Дунедарӕджы хохмӕ, Йаковы Хуыцауы хӕдзармӕ. Уый нын бацамондзӕн Йӕ фӕндӕгтӕ, цӕмӕй Йӕ фӕдыл цӕуӕм». Афтӕ уымӕн дзырдтой, ӕмӕ хъуамӕ Сионы хохӕй, Йерусалимӕй, рацыдаид Дунедарӕджы Ӕгъдау, Йӕ ныхас. 4 Дунедарӕг тӕрхон кӕндзӕнис адӕмтӕн, бирӕ знӕмтӕн бауайдзӕф кӕндзӕн. Уыдон сӕ кӕрдтӕй сараздзысты гутонтӕ, се ’рцытӕй — ӕхсырфытӕ, ногӕй сӕ рацӕгъддзысты, афтӕмӕй. Адӕмтӕ кӕрӕдзимӕ кӕрдтӕ нал сисдзысты ӕмӕ хӕстмӕ сӕхи нал цӕттӕ кӕндзысты. 5 Йаковы хӕдзарвӕндаг! Ӕрбацӕут, ӕмӕ Дунедарӕджы рухсы цӕрӕм! Уӕларвӕфсады Бардарӕджы бон 6 Фӕлӕ Ды, Дунедарӕг, ныууагътай Дӕ адӕмы, Йаковы хӕдзарвӕндаджы, уымӕн ӕмӕ бирӕ хъуыддӕгтӕй байдыдтой Скӕсӕны адӕмты фӕзмын. Филистимӕгтау сӕм фӕзынди дӕсныфӕрсджытӕ, ӕндӕрбӕстӕгтимӕ сӕмдзӕхдон сты. 7 Ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕрины бын фӕци сӕ зӕхх, сӕ хӕзнатӕн ныккӕнӕн дӕр нал ис. Сӕ зӕхх нал зыны бӕхтӕй, сӕ тохуӕрдӕттӕ сты ӕнӕнымӕц. 8 Сӕ зӕхх байдзаг ис гуымирытӕй; табу кӕнынц, сӕхи къухӕй кӕй фӕцарӕзтой, уыдонӕн. 9 Ӕрзоныг кодтой, фегад сты — Ды сын нӕ ныббардзынӕ. 10 Цӕут ӕмӕ бамбӕхсут къӕдзӕхты скъуыдты, зӕххы рыджы нынныгъуылут Дунедарӕджы тасӕй, Йӕ кады стырадмӕ кӕсгӕйӕ. 11 Ӕрцӕудзӕн ахӕм бон, ӕмӕ ӕнӕввӕрсон адӕймаг зӕхмӕ ӕруадздзӕни йӕ цӕстытӕ, сӕрыстыр дӕр ӕрныллӕг уыдзӕн. Уыцы бон ӕрмӕстдӕр Дунедарӕг уыдзӕни бӕрзонд. 12 Иу бон Уӕларвӕфсады Бардарӕг стӕрхон кӕндзӕни ӕнӕввӕрсон, схъӕл ӕмӕ сӕрхызтӕн — ӕрныллӕг сӕ кӕндзӕни. 13 Сӕ бындзарӕй стондзӕни Ливан ӕмӕ Башаны бӕрзонд бӕлӕстӕ, 14 зӕххӕмвӕз скӕндзӕни бӕрзонд хӕхтӕ ӕмӕ уӕлвӕзтӕ; 15 фехалдзӕни алы бӕрзонд мӕсыг, алы фидар сис, 16 ныппырх кӕндзӕни Таршишӕй цӕуӕг денджызон наутӕ сӕ мулк ӕмӕ сӕ диссӕгтимӕ. 17 Адӕймаджы ӕнӕввӕрсондзинадӕн йӕ кой дӕр нал уыдзӕн, сӕрыстыртӕ ӕркъул кӕндзысты сӕ сӕртӕ. Уыцы бон ӕрмӕстдӕр Дунедарӕг уыдзӕни бӕрзонд, 18 гуымирытӕн та сӕ кой дӕр фесӕфдзӕн. 19 Адӕм къӕдзӕхты скъуыдты ӕмӕ зӕххы рыджы бамбӕхсдзысты сӕхи, Дунедарӕджы тасӕй, Йӕ кады стырадмӕ кӕсгӕйӕ, Уый зӕххыл Йӕ азар куы ныххуырса, уӕд. 20 Уыцы бон алчидӕр, йӕхицӕн кӕй скодта, табу кӕмӕн кодта, уыцы ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕрин гуымирытӕ аппардзани куырм мыстытӕ ӕмӕ хӕлынбыттыртӕн, 21 ӕмӕ Хуыцауы тасӕй, Йе стыр хъомысы кадӕй йӕхи ӕмбӕхсдзӕни къӕдзӕхты скъуыдты, хӕхты цъассыты, Уый зӕххыл Йӕ азар куы ныххуырса, уӕд. 22 Уӕ зӕрдӕ ма дарут адӕймагыл, йӕ уд йӕ улӕфӕнты кӕмӕн ис, ууыл. Ау, уымӕн исты у йӕ бон? |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia