Исайа 19 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст1 Рагуац Мысыры тыххӕй. Дунедарӕг рог ӕврагъыл ӕртӕхдзӕни Мысырмӕ. Ӕмризӕджы нырриздзысты Йӕ цуры Мысыры мӕнгхуыцӕуттӕ, ӕмӕ Мысырӕн асӕтдзӕни йӕ ныфс. 2 Дунедарӕг зӕгъы: «Ӕз мысырӕгты кӕрӕдзиуыл сардаудзынӕн, ӕмӕ схӕцдзысты ӕфсымӕр ӕфсымӕримӕ, сыхаг сыхагимӕ, сахар сахаримӕ, паддзахад паддзахадимӕ. 3 Сӕ сӕрӕн нал уыдзысты мысырӕгтӕ, сӕ фӕндтӕ сын ныссуйтӕ кӕндзынӕн. Уынаффӕгур фӕрсдзысты гуымирыты, мӕрдты монты, мӕрдтӕмсидджыты ӕмӕ дӕсныфӕрсджыты. 4 Ӕз мысырӕгты ратдзынӕн ӕгъатыр хицауы къухмӕ, тызмӕг паддзах сын ӕлдариуӕг кӕндзӕни», — зӕгъы Дунедарӕг, Уӕларвӕфсады Бардарӕг. 5 Денджызы дон стӕнӕг уыдзӕни, цӕугӕдӕттӕ байсысдзысты, бахуыскъ уыдзысты. 6 Дӕтты дон смаг кӕндзӕн, Мысыры цӕугӕдӕттӕ стӕнӕг уыдзысты, байсысдзысты; цъӕнут ӕмӕ хъӕз сау адардзысты. 7 Пыхсбынтӕ ӕмӕ ӕфсиры хуымтӕ бахус уыдзысты Нилы былгӕрӕтты, дымгӕ сӕ ныххӕлиу кӕндзӕни, фӕхӕсдзӕни сӕ дард. 8 Ныхъхъынцъым кӕндзысты кӕфахсджытӕ, сдзыназдзысты, йе ’нгуыр-иу Нилы чи баппӕрста, уыдон, нырхӕндӕг уыдзысты, йӕ кӕфахсӕн хыз-иу доны чи ауагъта, уыдон. 9 Гӕнкуыстгӕнджытӕ ницыуал зондзысты сӕ сӕрӕн, хъуымацуафджытӕн асӕтдзӕни сӕ ныфс. 10 Ӕлвисджытӕ нырхӕндӕг уыдзысты, сӕ ныфс асӕтдзӕн кусӕг адӕмӕн. 11 Сӕ зонд фӕцыди Цоаны барджынтӕн! Фараоны куырыхонтӕ, йӕ уынаффӕйы лӕгтӕ, ӕдылы уынаффӕтӕ кӕнынц. Чи ма уӕ бауӕнддзӕн фараонӕн йӕхи рагон куырыхон паддзӕхты байзӕддаг схонын? 12 Цы фесты, фараон, дӕ куырыхонтӕ? Зӕгъӕнт-ма дын уӕдӕ ӕмӕ базонӕнт, Уӕларвӕфсады Бардарӕг Мысырӕн цы тӕрхон рахаста, уый! 13 Сӕ зонд фӕцыди Цоаны барджынтӕн! Сӕхи сайынц Нофы барджынтӕ дӕр. Сӕ хистӕрты зондӕй Мысыры адӕм рӕдыд фӕндагыл адзӕгъӕл сты. 14 Дунедарӕг сын сӕ сӕрызонд фӕцӕуын кодта, ӕмӕ мысырӕгты галиу фӕндӕгтӕм аздӕхтой. Адӕм ӕнӕхъола цоппай кӕнынц, расыг лӕг йӕ омдзӕджы куыд фӕрабыр-бабыр кӕны, уыйау. 15 Нал баххуыс кӕндзӕни Мысырӕн нӕдӕр сӕр, нӕдӕр къӕдзил, нӕдӕр уӕздан, нӕдӕр сау лӕг. Мысыры скаст — Хуыцаумӕ 16 Уыцы бон мысырӕгтӕ сылгоймӕгтау ныззыр-зыр кӕндзысты, Уӕларвӕфсады Бардарӕг сӕм Йӕ къух куы сиса, уӕд. 17 Иудейӕгты зӕххӕн-иу ӕрмӕст йӕ койӕ дӕр мысырӕгтӕн сӕ зӕрдӕ бауазал уыдзӕн. Уӕларвӕфсады Бардарӕг сын цы тӕрхон рахаста, уый сӕ кӕмӕнфӕнды йӕ хъуыдыйы куы ’рӕфта — фыр тӕссӕй-иу нырриздзӕн. 18 Уыцы заман Мысыры сахартӕй фондз райдайдзысты дзурын ханаанӕгты ӕвзагыл. Уӕларвӕфсады Бардарӕгӕн расомы кӕндзысты, иузӕрдион Ыл кӕй уыдзысты, уый тыххӕй; сахартӕй иу схондзысты Хуры сахар. 19 Уыцы бон Дунедарӕгӕн Мысыры бӕстастӕу ӕвӕрд ӕрцӕудзӕни нывондхӕссӕн, йӕ арӕныл та — Дунедарӕджы уаз дур: 20 Уӕларвӕфсады Бардарӕджы ӕвдисӕн ӕмӕ Йӕ нысан Мысыры зӕххыл. Мысыры ӕфхӕрд адӕм Дунедарӕгмӕ куы сдзыназой, уӕд сын Уый рарвитдзӕнис ирвӕзынгӕнӕджы, сӕрылхӕцӕджы, ӕмӕ сӕ уый фервӕзын кӕндзӕн. 21 Афтӕмӕй Дунедарӕг Йӕхи раргом кӕндзӕни мысырӕгтӕн, ӕмӕ Йӕ уыдон базондзысты ӕмӕ Йын нывӕндтӕ ӕмӕ хойраджы хуынтӕ ӕрхӕсдзысты, сомы Йын ракӕндзысты ӕмӕ сӕ сомытӕ сӕххӕст кӕндзысты. 22 Афтӕмӕй Дунедарӕг Мысыры адӕмыл бафтаудзӕни Йӕ фыдӕх, цӕмӕй сын уый фӕрцы сӕ цард банывыл кӕна. Уыдон Дунедарӕгмӕ се ’ргом сараздзысты, ӕмӕ сын Уый фехъусдзӕни сӕ куывдтытӕ ӕмӕ сын ахъаз бакӕндзӕн. 23 Уыцы заман Мысырӕй Ассирийы ’хсӕн уыдзӕни уӕрӕх фӕндаг, стыр бастдзинӕдтӕ. Ассириӕгтӕ цӕудзысты Мысырмӕ, мысырӕгтӕ та — Ассиримӕ, ӕмӕ мысырӕгтӕ ассириӕгтимӕ иумӕ кувдзысты Дунедарӕгмӕ. 24 Уыцы заман Израил Мысыр ӕмӕ Ассирийӕн суыдзӕни се ’ртыккаг ӕмбал — се ’мдӕндаг. Ӕмӕ Израилы фӕрцы ӕгас зӕхх дӕр арфӕгонд фӕуыдзӕн. 25 Уӕларвӕфсады Бардарӕг сын ахӕм арфӕ ракӕндзӕн: «Арфӕгонд уӕнт Мӕ адӕм — мысырӕгтӕ, Ме сконд адӕм — ассириӕгтӕ ӕмӕ Мӕ исбон — Израил!» |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia