Исайа 18 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстЭфиопийы сӕфт Хуыцауы азарӕй 1 Додой йӕ къона, йӕ базырты дыв-дыв кӕмӕн цӕуы, Эфиопийы цӕугӕдӕтты фале цы бӕстӕ ӕрбынат кодта, уымӕн! 2 Уыцы бӕстӕй нӕм денджызы уылӕнтыл хъӕзын бӕлӕгъты рарвыстӕуыд минӕвӕртты. Цӕугӕут фӕстӕмӕ уӕ бӕстӕм, рӕувад минӕвӕрттӕ! Аздӕхут уӕ дӕргъӕлвӕс, уӕ коса адӕммӕ, хӕстӕгмӕ дӕр ӕмӕ дардмӕ дӕр тас чи ӕфтауы, тыхджын ӕмӕ уӕлахизгӕнӕг чи у, цӕугӕдӕттӕ алырдӕмты йӕ зӕхх кӕмӕн айгӕрстой, уыцы адӕммӕ. 3 О, дунейы цӕрджытӕ, зӕххыл цӕрӕг адӕмтӕ! Хохы цъуппыл тохы тырыса куы ’рсагъдӕуа, уӕд-иу ӕм скӕсут! Сыкъауадындз куы ныууаса, уӕд-иу ӕй фехъусут! 4 Дунедарӕг мын загъта: «Ӕз ӕнцад кӕсдзынӕн Мӕ цӕрӕнӕй къӕвдайы фӕстӕ хъарм уӕлдӕфау, тыллӕгӕфснайӕнты тӕвд афон ӕртӕхӕй ӕфсӕст ӕврагъау. 5 Сӕнӕфсир тонын афонӕй раздӕр, сӕнӕфсиртӕ дидинӕг куы ракалой ӕмӕ сӕ гагатӕ рӕгъӕд кӕнын куы байдайой, уӕд сын ӕхсӕдӕн кардӕй ӕркӕрддзысты сӕ къабузтӕ, асӕтдзысты сын сӕ зӕнгтӕ ӕмӕ сӕ аппардзысты. 6 Ныууадздзысты сӕ тугдзых мӕргътӕ ӕмӕ сырдтӕн, ӕмӕ сӕ мӕргътӕ хӕрдзысты сӕрддӕргъы, сырдтӕ та — зымӕджы». 7 Уыцы заман Уӕларвӕфсады Бардарӕгӕн, цӕугӕдӕттӕ алырдӕмты кӕй айгӕрстой, уыцы зӕххӕй схӕсдзысты хуынтӕ дӕргъӕлвӕс ӕмӕ коса адӕм, хӕстӕгмӕ дӕр ӕмӕ дардмӕ дӕр тас чи ӕфтауы, тыхджын ӕмӕ уӕлахизгӕнӕг чи у. Схӕсдзысты сӕ, Уӕларвӕфсады Бардарӕджы ном цы бынат хӕссы, уырдӕм, Сионы хохмӕ. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia