Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Исайа 16 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Селайӕ Сионы хохмӕ ӕдзӕрӕг быдырыл арвитут уӕрыччытӕ — бӕстыхицауӕн лӕварӕн.

2 Уымӕн ӕмӕ Арноны донуайӕнты цур моаваг чызджытӕ рауай-бауай кӕнынц, сӕ ахстонӕй кӕй раппӕрстой, ахӕм удаист лӕппын цъиутау.

3 Бауынаффӕ, зӕгъ, нын кӕн, исты нын, зӕгъ, ӕрхъуыды кӕн. Ӕмбисбоны ӕнтӕфы нӕ дӕ базыры бын бакӕн, ӕхсӕвы тар алцы куыд бааууон кӕны, афтӕ.

4 Моавы лигъдӕттӕ уал, зӕгъ, ацӕрӕнт дӕумӕ; сӕ фӕдыл чи зилы, уыдоны къухӕй сӕ бахиз. Ӕфхӕрӕг куынӕуал уа, гӕныстонгӕнджытӕ куы фесӕфой,

5 уӕд ӕрфидар уыдзӕн паддзахдзинад, ӕмӕ паддзахы бадӕныл, Давиды цатыры, ӕрбаддзӕни рӕстаг тӕрхонгӕнӕг, рӕстдзинадыл хӕцӕг.

6 Мах фехъуыстам, Моав куыд ӕнӕввӕрсон у, йе схъӕл митӕн кӕрон куыд нӕй, куыд къӕйных ӕмӕ куыд налат у, куыд тутт сты йӕ хиппӕлой ныхӕстӕ.

7 Уымӕ гӕсгӕ йӕ хъысмӕтыл дзыназы Моав, ӕгас бӕстӕ кӕуы! Додой кӕнут ныр, кир-харесетаг чисмисджын гуылтӕ мысгӕйӕ!

8 Бахус сты Хешбоны сӕндӕттӕ, Сивмайы сӕнӕфсир дӕр афтӕ. Адӕмты барджынтӕ йын йӕ хуыздӕр талатӕ бассӕстой, афтӕмӕй та уыдон кӕддӕр суанг Йазеры онг аххӕссыдысты, дарддӕр та апырх сты ӕдзӕрӕг быдырыл. Уым фӕйнӕрдӕм райрӕзтысты ӕмӕ суанг Мард денджызы фаллаг фарсмӕ бахӕццӕ сты.

9 Уӕдӕ ӕз дӕр Йазеры цӕрджытимӕ Сивмайы сӕнӕфсирыл кӕудзынӕн. Хешбон ӕмӕ Елале, мӕ цӕссыг уыл фӕкалдзынӕн, уымӕн ӕмӕ тыллӕгӕфснайӕнты цины хъӕр нал хъуысы сымахӕй.

10 Сойджын зӕххыл цин ӕмӕ хъӕлдзӕгдзинадӕн фесӕфти сӕ кой дӕр, сӕндӕттӕй цины зарӕг нал хъуысы. Сӕндондартӕ сӕн нал дуцынц сӕ сӕндуцӕнты, кӕрон ӕрцыди цины хъӕртӕн.

11 Хъисфӕндырау дзыназы мӕ зӕрдӕ Моавыл, мӕ уд кӕуы Кир-Хересы хъысмӕтыл.

12 Моавӕгтӕ сӕхи цасфӕнды хъарӕнт сӕ бӕрзӕндтыл нывӕндтӕ хӕссыныл, сӕ кувӕндонмӕ цӕуӕнт ӕмӕ кувӕнт — уыдӕттӕ сын ницыуал баххуыс уыдзысты.

13 Моавӕн ацы тӕрхон Дунедарӕг рахаста раджы.

14 Ныр та зӕгъы: «Ӕртӕ азы фӕстӕ — нӕдӕр бон раздӕр, нӕдӕр бон фӕстӕдӕр — кадджын Моавыл худинаджы гакк сбаддзӕн. Йӕ бирӕ дзыллӕйӕ ма армыдзаг баззайдзӕн ӕрмӕст».

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan