Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Исайа 15 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Моав дӕрӕнгонд ӕрцыд

1 Рагуац Моавы тыххӕй. Куыд сафтид ис Ар-Моав — дӕрӕнгонд ӕрцыди иу ӕхсӕвмӕ! Куыд сафтид ис Кир-Моав, бацарӕфтыд иу ӕхсӕвмӕ!

2 Моавы цӕрджытӕ ссыдысты Дивоны кувӕн къуыбыртӕм ӕмӕ уым еххӕй кӕуынц Нево ӕмӕ Медевайы сахартыл; иууылдӕр алвыдтой сӕ сӕртӕ, адастой сӕ боцъотӕ.

3 Уынгты хилынц сӕхъис пӕлӕзты, уӕлхӕдзӕрттӕ ӕмӕ фӕзтӕй се ’рдиаг хъуысы, цыхцырӕй кӕлы сӕ цӕссыг.

4 Богъ-богъ кӕнынц Хешбон ӕмӕ Елалейы цӕрджытӕ, сӕ хъӕрахст суанг Йахацы сахары онг хъуысы. Моавы хӕстонтӕн дӕр сӕ ныфс асаст ӕмӕ ӕрдиаг кӕнынц.

5 Мӕ зӕрдӕ дзыназы Моавы хъысмӕтыл; йӕ адӕм лидзынц Цоары сахармӕ — Еглат-Шелишимӕ. Кӕугӕйӕ ссӕуынц Лухиты хъӕуы хӕрдыл; Хоронаимы сахармӕ фӕндагыл зӕрдӕхалӕн хъарджытӕ кӕнынц.

6 Байсыстысты Нимримы суадӕттӕ; хурмӕ баруади кӕрдӕг, цъӕх зайӕгхалӕн йӕ кой дӕр нал ис.

7 Моавы адӕм сӕ фӕллой Хӕристы дӕлвӕзы фалӕмӕ фӕхӕссынц.

8 Адӕмы ӕрдиаг суанг бӕстӕйы арӕнты онг айзӕлы, Еглаим ӕмӕ Беер-Елимы сахартӕм хъуысы.

9 Димоны сахар цы доны был ис, уый туг фестади, фӕлӕ сыл Ӕз ноджы фыддӕр фыдбылыз бафтаудзынӕн: моавӕгтӕй ма чи аирвӕзт, уыцы бӕстӕйы ма чидӕриддӕр баззади, уыдоныл Ӕз се ’ппӕтыл дӕр сардаудзынӕн домбайы.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan