Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Исайа 14 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Израил ӕрбаздӕхдзӕн йӕ бӕстӕм

1 Йӕ кӕрон ӕрӕввахс, бирӕ рӕстӕг ын нал ис. Дунедарӕг фӕтӕригъӕд кӕндзӕн Йаковы байзӕддагӕн, ногӕй та равзардзӕн Израилы адӕмы, сӕ зӕхмӕ сӕ ӕрбаздахдзӕн. Ӕндӕрбӕстӕгтӕ сӕм ӕнгом балӕудзысты ӕмӕ баиу уыдзысты семӕ.

2 Адӕмтӕ сӕ ӕркӕндзысты сӕ фыдыуӕзӕгмӕ ӕмӕ сын уым, Дунедарӕджы зӕххыл, нӕлгоймагӕй, сылгоймагӕй, цагъартӕ суыдзысты. Израилӕгтӕ уацары райсдзысты, кӕддӕр сын сӕхи уацары чи акодта, уыцы адӕмты ӕмӕ ӕлдариуӕг кӕндзысты сӕ кӕддӕры ӕфхӕрджытӕн.


Вавилоны паддзахы мӕлӕт

3 Дунедарӕг кӕрон куы скӕна уӕ цагъардзинадӕн, куы уӕ фервӕзын кӕна уӕ тас ӕмӕ уӕ хъыгӕй, уе ’фхӕрджытӕн цы уӕззау куыстытӕ кодтат, уыдонӕй,

4 уӕд сымах уӕлахизы зарӕг ныззардзыстут, Вавилоны паддзахӕн фидис кӕнгӕйӕ: Не ’фхӕрӕг нал ис, не стигъӕг бабын ис!

5 Дунедарӕг басаста ӕнӕхуыцӕутты хъомыс, барджын хицӕутты паддзахлӕдзӕг ныссаста;

6 уый хъӕхъхъагӕй алы адӕмты цавта, иу цӕф сын иннӕйы фӕдыл кодта, ӕлдариуӕг сын кодта карзӕй, ӕфхӕрдта сӕ ӕгъатырӕй.

7 Ныр зӕхх сулӕфыди иууылдӕр, цинӕй райы, йӕ цины хъӕр хъуысы!

8 Кипаристӕ ӕмӕ ливайнаг кедртӕ цин кӕнынц ӕмӕ дзурынц дӕу тыххӕй: «Ды мӕрдвынӕй куы бадӕ, уӕдӕй фӕстӕмӕ нӕм ничиуал цӕуы цӕгъдынмӕ».

9 Мӕрдтыбӕстӕ базмӕлыд, ӕнхъӕлмӕ кӕсы де ’рбацыдмӕ — уый райхъал кодта мӕрдты, зӕххон фӕтӕгты се ’ппӕты дӕр. Муртаттаг паддзӕхты растын кодта сӕ паддзахы бадӕнтӕй.

10 Иууылдӕр дын дзурдзысты ныр, ды дӕр махау сӕнӕбон дӕ, мах хал ахордтай, зӕгъгӕ.

11 Мӕрдтыбӕстӕм ӕппӕрст ӕрцыди де схъӕлдзинад дыууадӕстӕнонты цагъдимӕ. Уаллӕттӕй дын — гобан, уаллӕттӕ — дӕ хъӕццул дӕр.

12 Уӕ сӕууон стъалы, мӕнӕ куыд расхъиудтай арвӕй! Дӕ къӕхты бын адӕмы ссӕстай, ныр дӕхӕдӕг ныцъцъӕл ӕмӕ ныммур дӕ зӕххыл!

13 Кӕддӕр дӕхимидӕг афтӕ куы дзырдтай: «Уӕларвмӕ ссӕудзынӕн, Хуыцауы рафӕлдыст стъалытӕй бӕрзонддӕр сисдзынӕн мӕ паддзахы бадӕн ӕмӕ уым, цӕгаты тигъыл, хуыцӕутты ’хсӕн ӕрбаддзынӕн хохыл;

14 ӕврӕгъты онг ссӕудзынӕн ӕмӕ Бӕрзонд Хуыцауы ӕмсӕр суыдзынӕн».

15 Фӕлӕ ды ӕппӕрст ӕрцыдтӕ мӕрдтыбӕстӕм, зындоны арфмӕ.

16 Чи дӕ уыны, уыдон дӕм ӕдзынӕг кӕсынц ӕмӕ дыл дисӕй мӕлынц: «Ай, зӕхх кӕй азарӕй рызти, уый у, паддзахӕдтӕ-иу чи ныууыгъта,

17 дуне-иу ӕдзӕрӕг быдыр чи фестын кодта, сахартӕ та — хӕлддзӕгтӕ, йӕ уацайрӕгтӕн сӕрибар чи нӕ лӕвӕрдта?»

18 Алы адӕмты паддзӕхтӕ кад ӕмӕ цытимӕ хуыссынц, алчи — йӕхи зӕппадзы.

19 Дӕу та ингӕны нӕ бавӕрдтой, аппӕрстой дӕ хус къалиуау. Мӕрдты ’хсӕн, карды амӕттаг чи баци, уыдоны астӕу хуыссыс; дурастӕрд ингӕны дӕ ныппӕрстой, сӕ къӕхтӕй дын дӕ мард ссӕндынц адӕм.

20 Тохы чи фӕмард, уыдонӕй хъауджыдӕр дӕу ингӕны нӕ бавӕрдзысты, уымӕн ӕмӕ бабын кодтай дӕ бӕстӕ ӕмӕ фӕцагътай дӕ адӕмы. Фыдгӕнӕджы байзӕддӕгтӕ макуы скӕнӕнт ном, рохуаты баззайӕнт мыггагмӕ.

21 Ацы паддзахӕн хъуамӕ йӕ фырттӕ дӕр амӕлой сӕ фыды азымы тыххӕй, науӕд та уын иуахӕмы бацахсдзысты уӕ зӕхх сӕ сахартӕй байдзаг кӕндзысты ӕгас дуне.


Вавилон бацарӕфтыд

22 Уӕларвӕфсады Бардарӕг зӕгъы: «Ӕз сӕ ныхмӕ рацӕудзынӕн ӕмӕ Вавилоны адӕмы бындзагъд ныккӕндзынӕн — цъиуызмӕлӕг дӕр сӕ нал баззайдзӕн, фырт-бындар ӕмӕ сӕм хӕрӕфырт-бындарӕй чи ис, уыдон иууылдӕр бабын уыдзысты.

23 Вавилон фестын кӕндзынӕн уызынты бӕстӕ ӕмӕ цъымара, рамӕрздзынӕн ӕй куынӕггӕнӕг уисойӕ», — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг.


Ассирийы басаст

24 Уӕларвӕфсады Бардарӕг басомы кодта: «Ӕз сараздзынӕн, цы сфӕнд кодтон, уый. Цы тӕрхон рахастон, уымӕн ӕнӕ ’рцӕугӕ нӕй.

25 Ассириӕгты ныддӕрӕн кӕндзынӕн Мӕ зӕххыл, бассӕнддзынӕн сӕ Мӕ хӕхтыл, ӕмӕ уӕд Мӕ адӕм сӕ бӕрзӕйӕ раппардзысты се ’фсондз, се уӕхсчытӕ фервӕздзысты сӕ уаргъӕй».

26 Хуыцау тӕрхон кӕндзӕни зӕххы цъарӕн, ӕппӕт адӕмтӕм сисдзӕни Йӕ къух.

27 Уӕларвӕфсады Бардарӕг рахаста тӕрхон — чи йӕ аивдзӕн? Уый систа Йӕ къух — чи Йын ӕй бауромдзӕн?


Хуыцауы азар ӕмӕ филистимӕгтӕ

28 Паддзах Ахазы амарды аз уыдис ахӕм рагуац:

29 «Филистимӕгтӕ, ма цин кӕнут, цы лӕдзӕгӕй уӕ надтой, уый кӕй ныппырх ис, ууыл, уымӕн ӕмӕ маргджын калмы уидагӕй райгуырдзӕнис калм, уымӕй та — фат-калм.

30 Уӕд Мӕ адӕмы мӕгуырдӕртӕ хӕринагӕй бафсӕддзысты, гӕвзыччытӕ ӕдас ӕмӕ ӕнӕмӕтӕй цӕрдзысты. Сымах та Хуыцау сыдӕй амардзӕн, чи ма уӕ баззайа, уыдоны та ныццӕгъддзӕн.

31 Сахары кулдуар, дзыназ! Нырдиаг кӕн ды дӕр, сахар! Фыр тӕссӕй ризут, филистимӕгтӕ, уымӕн ӕмӕ цӕгатӕрдыгӕй ӕрбаввахс сты фӕздӕджы къуыбылӕйттӕ — уый ӕрбацӕуы ӕфсад, бырсынц ӕмдых-ӕмзондӕй.

32 Уӕдӕ цы дзуапп раттын хъӕуы ацы адӕмы минӕвӕрттӕн? Уыдонӕн зӕгъын хъӕуы, Сион сфидар кодта Дунедарӕг, ӕмӕ дзы Йӕ адӕмы мӕгуыртӕ сӕ сӕртӕ бафснайдзысты, зӕгъгӕ».

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan