Исайа 13 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстРагуац Вавилоны тыххӕй 1 Рагуац Вавилоны тыххӕй, Амоцы фырт Исайайӕн Дунедарӕг рагагъоммӕ кӕй раргом кодта, уый. 2 «Уӕ тырыса сисут гӕмӕх хохы сӕрмӕ, хъӕр сӕм кӕнут, уӕ къухӕй сын ацамонут, уадз ӕмӕ паддзӕхты кулдуарыл бахизой. 3 Ӕз бардзырд радтон Ме ’взӕрстытӕн, фӕсидтӕн Ме ’хсарджынтӕм, Мӕ кад стыр цины хос кӕмӕн у, уыдонмӕ, цӕмӕй Мын сӕххӕст кӕной Мӕ тӕрхон». 4 Хӕхты тыхджын уынӕр хъуысы, цыма ӕнӕнымӕц дзыллӕйы хъӕлӕба у, уыйау. Абухынц паддзахӕдтӕ, ӕмбырдтӕ кӕнынц адӕмтӕ. Уый Уӕларвӕфсады Бардарӕг фӕсидти хӕстифтонг ӕфсадмӕ. 5 Дард бӕстӕй, арвы кӕронӕй, ӕрбацӕуынц Дунедарӕг ӕмӕ Йӕ азар, цӕмӕй ӕгас зӕхх бабын кӕной. 6 Ӕрдиаг кӕнут — Дунедарӕгӕн Йӕ тӕрхоны бон ӕрӕввахс, Ӕппӕтхъомыс дӕрӕнгӕнгӕ ӕрцӕудзӕн. 7 Уымӕ гӕсгӕ адӕмӕн ӕрлӕмӕгъ уыдзысты сӕ цӕнгтӕ, алкӕмӕн дӕр асӕтдзӕни йӕ ныфс. 8 Стыр тас сыл бахӕцдзӕн, се уӕнгтӕ срисдзысты, сӕ буар ӕлхынцъытӕ кӕндзӕни, сау тухӕн ӕвзардзысты ӕвгъӕддон сылгоймагау. Стыр дисы бафтгӕйӕ, кӕрӕдзимӕ кӕсдзысты, арт уадздзысты сӕ цӕсгӕмттӕ. 9 Дунедарӕджы азары бон ӕрӕввахс — судзгӕ мастӕй йедзаг! Уыцы бон бабын уыдзӕни зӕхх, тӕригъӕдджынтӕ фесӕфдзысты зӕххы цъарӕй. 10 Стъалытӕ ӕмӕ стъалыгуыппартӕ нал ратдзысты сӕ рухс. Хур, куыддӕр скӕсӕнӕй йӕ цӕст сдара, афтӕ ахуысдзӕн, мӕйы цӕст бакуырм уыдзӕн. 11 «Ӕз бафхӕрдзынӕн дуне йӕ тӕригъӕдты аххосӕй, ӕнаккӕгты — сӕ фыдракӕндты тыххӕй. Кӕрон скӕндзынӕн хъалты сӕрхызтӕн, ӕрныллӕг кӕндзынӕн сӕрбӕрзонд ӕфхӕрджыты. 12 Адӕмы нымӕц афтӕ фӕкъаддӕр кӕндзынӕн, ӕмӕ ма дзы чи баззайа, уыдон уыдзысты сыгъзӕринӕй зынаргъдӕр, уыимӕ — офираг сыгъзӕринӕй». 13 Ӕрцӕудзӕн ахӕм бон, ӕмӕ Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Йӕ маст ӕххуырсгӕйӕ, пиллӕттӕ калгӕйӕ, ныууигъдзӕни арв, зӕхх фенкъуысын кӕндзӕн йӕ бынатӕй. 14 Уӕд ӕцӕгӕлӕттӕй алчидӕр тарст сычъийау, дзӕгъӕл фысау лидзӕг фӕуыдзӕни йӕхи адӕм, йӕхи бӕстӕм. 15 Фӕлӕ уыдонӕй кӕй ӕрцахсой, уый ныррӕхойдзысты, кӕуылдӕриддӕр фӕхӕст уой — кардӕй йӕ амардзысты. 16 Сӕ сабиты сын сӕ цӕсты раз амардзысты, сӕ хӕдзӕрттӕ хӕлӕттаг фӕуыдзысты, сӕ устытӕй сын фӕхынджылӕг кӕндзысты. 17 Дунедарӕг зӕгъы: «Ӕз сын сӕ ныхмӕ сардаудзынӕн, ӕвзистӕн аргъ чи нӕ кӕны ӕмӕ сыгъзӕринмӕ уазал ӕнгас чи дары, уыцы мидиӕгты. 18 Сӕ лӕппуты сын фатӕй ныццӕгъддзысты, сабитӕн нӕ фӕтӕригъӕд кӕндзысты». 19 Хуыцау Содом ӕмӕ Гоморрӕйау ныппырх кӕндзӕни Вавилон — паддзахӕдты фидыц, халдейӕгтӕ сӕрыстыр кӕмӕй сты, уый. 20 Никуыуал дзы ничи ӕрцӕрдзӕн, фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ дзы нал уыдзӕн цӕрӕг. Араббаг дзы нӕ айтындздзӕни йӕ цатыр, фыййӕуттӕ дзы сӕ фосимӕ асадӕн не скӕндзысты ривӕдафон. 21 Уырдӕм ӕрцӕудзысты хъӕддаг сырдтӕ, йӕ хӕдзӕрттӕ байдзаг уыдзысты уыгтӕй; ӕрцӕрдзысты дзы страустӕ, чъыллиппӕй дзы кафдзысты цӕуӕнгӕс дӕлимонтӕ. 22 Сӕ галуанты рӕйдзысты гиенӕтӕ, сӕ хиирхӕфсӕн бынӕтты ниудзысты хъӕддаг куыйтӕ. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia