Исайа 12 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстАрфӕйы зарӕг 1 Уыцы бон ды зӕгъдзынӕ: «Стауын дӕ, Дунедарӕг! Мӕсты мӕм уыдтӕ, фӕлӕ ныр ссыди Дӕ маст, басабыр мӕ кодтай. 2 Хуыцау мӕнӕн — мӕ ирвӕзынгӕнӕг, мӕ уды ныфс — нӕ зонын Йемӕ тас. Мӕ хъомыс — Уый, мӕ зарӕджы сӕр — Дунедарӕг! Уый сси мӕ ирвӕзынгӕнӕг!» 3 Ирвӕзындзинады суадӕттӕй цингӕнгӕ исдзыстут дон. 4 Уыцы бон зӕгъдзыстут сымах: «Кад кӕнут Дунедарӕгӕн, арут Ын Йӕ ном! Йӕ хъуыддӕгтӕ Йын хъусын кӕнут адӕмтӕн, Йе стыр ном Ын стаут. 5 Хуыцауы кадӕн зарут — Уый стыр хъуыддӕгтӕ сарӕзта, уадз айхъуса ӕгас зӕххыл сӕ кой. 6 Сионы цӕрджытӕ, цин кӕнут ӕмӕ цинӕй райут, уымӕн ӕмӕ тынг стыр у уе ’хсӕн Израилы Уаз Хуыцау!» |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia