Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Исайа 10 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Додой сӕ къона, галиу ӕгъдӕуттӕ чи сфидар кӕны, фыдбылызы уынаффӕтӕ чи хӕссы,

2 цӕмӕй Мӕ адӕмы мӕгуыртӕн ӕмӕ ӕнӕбонтӕн раст тӕрхон ма кӕной, сӕ бартӕ сын ссӕндой, идӕдз устыты, сидзӕр сабиты стигъой.

3 Тӕрхоны бон куы ралӕууа, дардӕй уӕм фыдбылыз куы фӕзына, уӕд чердӕм цы кӕндзыстут, ӕххуысагур кӕмӕ лидздзыстут? Кӕм бафснайдзыстут уӕ бирӕ исбон?

4 Уацайрӕгтимӕ уӕ уӕрджытыл ӕрлӕудзыстут, йе та мӕлӕты амӕттаг бауыдзыстут. Фӕлӕ ууыл дӕр Йӕ маст нӕма ссӕудзӕн, Йӕ къух нӕма ӕруадздзӕни дӕлӕмӕ.


Дунедарӕджы азар баййӕфта Ассирийы

5 Сар сӕ сӕр кӕны ассириӕгтӕн — Мӕ масты лӕдзӕг ӕмӕ Мӕ азары ехсӕн!

6 Ассириӕгты арвитдзынӕн ӕнӕхуыцау адӕмы, Мӕ маст кӕмӕ ссыгъди, уыдоны ныхмӕ — уадз ӕмӕ сӕ бастигъой, сафтид сӕ кӕной, уынгты рыгау сӕ бассӕндой.

7 Фӕлӕ Ассирийы паддзахӕн ууыл нӕу йӕ мӕт, йӕ сагъӕс. Йӕ зӕрды ис бирӕ адӕмты бабын кӕнын.

8 Уый зӕгъы: «Паддзӕхтӕ иууылдӕр мӕ лӕггадгӕнджытӕ не сты, мыййаг?

9 Кално дӕр ӕмӕ Каркемиш дӕр, Хамат дӕр ӕмӕ Арпад дӕр, Самари дӕр ӕмӕ Дамаск дӕр.

10 Мӕ бархъомыс ӕрӕвӕрдтон мӕнгхуыцӕуттӕм кувӕг паддзахӕдтыл. Уыдонмӕ цас гуымирытӕ уыд, уый бӕрц Йерусалим ӕмӕ Самарийы дӕр нӕ уыди.

11 Самари ӕмӕ йӕ гуымирыты куыд ныппырх кодтон, афтӕ бакӕндзынӕн Йерусалим ӕмӕ йӕ мӕнгхуыцӕуттӕн дӕр».

12 Дунедарӕг Сионы хох ӕмӕ Йерусалимы ныхмӕ цы сфӕнд кодта, уый куы сӕххӕст кӕна, уӕд Ассирийы паддзахы бафхӕрдзӕн, сӕрбӕрзонд кӕй сси ӕмӕ иннӕтӕм ӕнӕввӕрсон цӕстӕй кӕсы, уый тыххӕй.

13 Уымӕн ӕмӕ уый зӕгъы: «Мӕ хъомыс ӕмӕ мӕ зонды фӕрцы ӕз сарӕзтон ацы хъуыддӕгтӕ — ахӕм куырыхон дӕн, гъе! Бӕстӕтӕн фехалын сӕ арӕнтӕ, сӕ хӕзнадӕттӕ сын ныггаффутт кӕнын, сӕ паддзӕхты сын галау ныццӕвын ӕмӕ сӕ паддзахы бадӕнтӕй расхойын.

14 Адӕмтӕн ратӕлӕт кодтон сӕ исбон, мӕргъты ахстӕттӕ сафтидгӕнӕгау; уагъд ӕйчытау ӕз ӕппӕт зӕххытӕ байстон, ӕмӕ мыл ничи йӕ базыр сцагъта, ничи йӕ дзых фӕхӕлиу кодта, ничи мыл цъиу-цъиу скодта».

15 Фӕрӕт куыд хъуамӕ раппӕла йӕхицӕй, архайгӕ дзы чи кӕны, уый раз? Науӕд хырх сӕрбӕрзондӕй куыд хъуамӕ кӕса, хырхгӕ дзы чи кӕны, уымӕ? Лӕдзӕг, йӕ къухмӕ йӕ чи райсы, уыцы адӕймаджы ныттилдзӕни, мыййаг? Къобола лӕдзӕг, хъӕдӕй конд чи нӕу, уыцы цардуды хӕрдмӕ сисдзӕн?


Дунедарӕджы азар

16 Уымӕ гӕсгӕ Дунедарӕг, Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Ассирийы гуыппырсартӕн фесафдзӕни сӕ хъару, йӕ кад ын басудздзӕни артау.

17 Стыр Хуыцау — Израилы Рухс — арт фестдзӕн ӕмӕ йын ӕмбойны бавзалы кӕндзӕн йӕ каконтӕ ӕмӕ йӕ сындзытӕ.

18 Ныффӕйлаудзӕн ын йӕ диссаджы хъӕдтӕ ӕмӕ дыргъдӕттӕ бӕласӕй, къутӕрӕй. Афтӕмӕй Ассирийы бӕстӕ мӕлӕтдзаг рынчыны хал ахӕрдзӕн.

19 Йӕ хъӕдты ма бӕлӕстӕ афтӕ чысыл баззайдзӕн, ӕмӕ сӕ суанг саби дӕр анымайдзӕн.

20 Ӕрцӕудзӕн ахӕм заман, ӕмӕ ма Йаковы хӕдзарвӕндагӕй, Израилы байзӕддӕгтӕй чи фервӕза, уыдон сӕ зӕрдӕ нал дардзысты, чи сӕ цагъта, уыцы ассириӕгтыл, фӕлӕ сӕ каст уыдзӕни Дунедарӕгмӕ, Израилы Уаз Хуыцаумӕ, иузӕрдион Ыл уыдзысты.

21 Чи ма дзы фервӕза, уыдон раздӕхдзысты, Йаковы байзӕддӕгтӕ раздӕхдзысты хъомысджын Хуыцаумӕ.

22 Кӕд дӕ адӕм денджызы змисау ӕнӕнымӕц уыдысты, Израил, уӕддӕр сӕ фӕстӕмӕ раздӕхдзӕн ӕрмӕст чысыл къорд; се сӕфт рагацау нысангонд у, раст тӕрхон сӕ баййафдзӕн.

23 Дунедарӕг, Уӕларвӕфсады Бардарӕг, куыд снысан кодта, афтӕ ӕгас зӕххы дӕр баййафдзӕни Йӕ азар.


Хуыцауы адӕм, ма фӕтӕрсут Ассирийӕ!

24 Уымӕ гӕсгӕ Дунедарӕг, Уӕларвӕфсады Бардарӕг, зӕгъы: «Мӕ адӕм, Сионы хохыл цӕрджытӕ! Ма тӕрсут ассириӕгтӕй, суанг уӕм лӕдзӕгӕй куы февзидой ӕмӕ уын кӕддӕр мысырӕгтӕ куыд бакодтой, афтӕ уӕм къобола лӕдзӕг куы сисой, уӕд дӕр.

25 Чысыл ма, хӕрз чысыл ма, ӕмӕ уӕм Мӕ маст ссӕудзӕн, ӕмӕ уӕд ассириӕгты Мӕ азары амӕттаг бакӕндзынӕн».

26 Уӕларвӕфсады Бардарӕг сӕм галтӕрӕн ехсӕй февзиддзӕн ӕмӕ, кӕддӕр Сынты Къӕдзӕхы цур мидианӕгты куыд ныддӕрӕн кодта, афтӕ адоныл дӕр нӕ бацауӕрддзӕн. Денджызмӕ февзиддзӕни Йӕ лӕдзӕгӕй, кӕддӕр Мысырмӕ куыд февзыста, афтӕ.

27 Уӕд фыдгулы ӕфсондз де уӕхсчытӕй, дӕ бӕрзӕйӕ ист ӕрцӕудзӕни, ныппырх уыдзӕни де ’фсондз.


Ассириаг ӕфсады фӕндаг

28 Ассириӕгтӕ бабырстой Гаййатмӕ, Мигроны уылты ацыдысты, Михмасы ныууагътой сӕ чырӕ,

29 афсӕрстой комы нарӕджы ӕмӕ зӕгъынц, Гевӕйы бахсӕвиуат кӕнӕм, зӕгъгӕ. Рамайы сахайрӕгтӕ ӕмризӕджы ризынц, Саулы сахар Гевӕйы адӕм та лидзӕг фесты.

30 Хъӕрахст кӕн, Галлимы сахар! Хъус ӕм, Лаеша! Бафӕзм ӕй, Анатот!

31 Мадменайы адӕм лидзӕг фесты, Гевимы цӕрджытӕ дӕр сӕ сӕртӕ ӕфснайынц.

32 Фыдгул ма Новы сахары фӕуыдзӕнис иу бон. Уырдыгӕй ӕртхъирӕн кӕндзӕни Сионы хохмӕ, Йерусалимы бӕрзӕндмӕ.

33 Мӕнӕ Дунедарӕг, Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Йӕ тасӕфтауӕг хъомысӕй бӕлӕсты къалиутӕ ныссӕтдзӕн! Бӕрзонд бӕлӕстӕ акӕлдзысты, бӕрзӕндтӕ ӕрфӕлдӕхдзысты.

34 Тархъӕды бӕлӕстӕ Уый цӕгъддзӕни ӕфсӕн фӕрӕтӕй, Ливаны ӕгӕндӕг хъӕд зӕххы ӕмвӕз суыдзӕни Хъомысджыны къухӕй.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan