Исайа 1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст1 Дунедарӕг Хуыцау иудейаг паддзӕхтӕ Озиа, Иотам, Ахаз ӕмӕ Езекиайы заманты Иудей ӕмӕ Йерусалимы сомбоны фӕдыл Амоцы фырт Исайайӕн рагагъоммӕ кӕй равдыста, уыцы цӕстылуайӕнтӕ. Адӕмы тӕригъӕд 2 Ӕрыхъус, арв, ӕрбайхъус, зӕхх! Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: «Схъомыл кодтон, схастон Ӕз фырттӕ, уыдон та сыстадысты Мӕ ныхмӕ! 3 Гал зоны йӕ хицауы, хӕрӕг — йӕ кӕвдӕс, израилӕгтӕ та нӕ зонынц, Мӕ адӕм та не ’мбарынц». 4 Додойаг фестут, тӕригъӕдджын адӕм, ӕгӕр стыр у уӕ азым! Фыдгӕнджыты мыггаг, фыдбоны гуырдтӕ! Ныууагътат Дунедарӕджы, Израилы Стыр Хуыцауы нал хъуыды кӕнут, уӕ чъылдым Ӕм раздӕхтат. 5 Надцух ма стут, ӕнӕсӕттонтӕ? Сӕр хъӕдгӕмттӕй куынӕуал зыны, зӕрдӕ куы баруади. 6 Къахы дӕлфадӕй сӕры тенкамӕ иу ӕнӕниз бынат нал ис: цӕфтӕ, хъӕдгӕмттӕ ӕмӕ хӕфдзӕстытӕ — не сты сыгъдӕггонд, сойӕ сӕрст, баст. 7 Уӕ зӕхх ныггӕныстон, уӕ сахартӕ арты хай баисты, уӕ хуымты бӕркад уын уӕ цӕстыты раз ӕцӕгӕлӕттӕ ссивынц. Зӕрӕстон фӕци уӕ бӕстӕ, цыма йӕ ӕцӕгӕлӕттӕ дымгӕмӕ ныддардтой, уыйау. 8 Сионы чызг аззад сӕндоны халагъудау, цӕхӕрадоны мусонгау, знӕгтӕ кӕуыл ӕртыхстысты, уыцы сахарау. 9 Уӕларвӕфсады Бардарӕг ма нӕ цалдӕры удӕгасӕй куы нӕ ныууагътаид, уӕд нӕ Содомы хъысмӕт баййӕфтаид, Гоморрӕйы ӕмбисонд ныл ӕрцыдаид! Тӕригъӕдджынтӕн дзӕгъӕлы сты сӕ нывӕндтӕ, хуынтӕ ӕмӕ лӕгъстӕтӕ 10 Ӕрбайхъусут Дунедарӕгмӕ, Содомы ӕлдӕрттӕ! Уӕ хъус ӕрдарут нӕ Хуыцауы Ӕгъдаумӕ, Гоморрӕйы адӕм! 11 Дунедарӕг уӕ фӕрсы: «Уӕ бирӕ кусӕрттӕй Ӕз цы кӕнын? Фелгъӕд дӕн уӕ иууылсудзинаг фырытӕй ӕмӕ уӕ нард фосы фиуӕй. Нӕ Мӕ хъӕуы уӕ уӕнгуытӕ, уӕ уӕрыччытӕ ӕмӕ уӕ цӕуты туг. 12 Чи уӕ домы Мӕ Кувӕндонмӕ цӕуын? Мӕ кӕртытӕ Мын уӕ къӕхтӕй цы ссӕндут? 13 Дзӕгъӕлы Мын хӕссут хуынтӕ, Мӕ зӕрдӕ фӕцъӕх ис уӕ хӕрздӕфгӕнӕнтӕй. Уӕ мӕйног ӕмӕ уӕ сабат — уӕнгӕл сты фыдгӕнджыты бӕрӕгбӕттӕ. 14 Мӕ зӕрдӕ уын нал исы уӕ мӕйногтӕ ӕмӕ уӕ иннӕ бӕрӕгбӕттӕ: уӕз Мыл кӕнынц, бафӕлладтӕн уыдӕттӕн быхсын. 15 Кувгӕйӕ Мӕм уӕ къухтӕ куы сивазут — Ӕз Мӕ цӕстытӕ бацъынд кӕнын, уӕ куывдтытӕ куы сбирӕ кӕнут — Ӕз Мӕхи ныкъкъуырма кӕнын, уымӕн ӕмӕ уӕ къухтӕ тугӕйдзаг сты. 16 Уӕхи ӕрӕхсут, ссыгъдӕг кӕнут уӕхи! Уӕ фыдракӕндтӕ Мын мауал уынын кӕнут, уе ’взӕр митӕ ныууадзут! 17 Сахуыр ут хорз хъуыддӕгтӕ кӕныныл, раст тӕрхон хӕссут, ӕфхӕрд адӕймагӕн ӕххуыс кӕнут, сидзӕры сӕрыл хӕцут, ма ӕфхӕрут идӕдзы. 18 Уый фӕстӕ-иу ӕрбацӕут, — зӕгъы Дунедарӕг, — ӕмӕ хъуыддагмӕ ӕркӕсдзыстӕм. Уӕ тӕригъӕдтӕ сырх-сырхид куы уой — митау уын сурс уыдзысты, сӕнт сырх куы уой — сурс уыдзысты урс къуымбилау. 19 Тӕхуды ӕмӕ мӕм куы байхъусиккат! Уӕд зӕххы фарнӕй бафсӕдиккат. 20 Мӕ коммӕ куы нӕ бакӕсат ӕмӕ хивӕнд митыл куы схӕцат — карды амӕттаг бауыдзыстут. Уый зӕгъын Ӕз — Дунедарӕг». Йерусалимы фидӕны тыххӕй 21 Хъахбай сылгоймаджы халдих куы фестад Мӕ иузӕрдион сахар, ӕдзух раст тӕрхон чи хаста, уый. Кӕддӕр йӕ мидӕг уыди рӕстдзинад, ныр та дзы цӕрынц лӕгмартӕ. 22 Де ’взист згъӕры сыгъдонау сси, дӕ сӕн дын схӕццӕ кодтой донимӕ. 23 Де ’лдӕрттӕ систы ӕгъдаухалджытӕ, къӕрныхтимӕ — ӕмдзӕхдон. Уарзынц лӕвӕрттӕ, исынц гӕртӕмттӕ, сидзӕры сӕрыл нӕ хӕцынц, идӕдз усы марой сӕм нӕ хъары. 24 Уымӕ гӕсгӕ афтӕ зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хъомысджын Хуыцау: «Ныр Мӕ маст ныккалдзынӕн Мӕ фыдгултыл, Мӕ маст райсдзынӕн Ме знӕгтӕй. 25 Ӕз дӕм Ме ’ргом раздахдзынӕн ӕмӕ дӕ ссыгъдӕг кӕндзынӕн дӕ сыгъдоны чъизийӕ, дӕ къала дын иууылдӕр стайын кӕндзынӕн. 26 Раздӕрау та дын дӕ сӕргъы ӕвӕрдзынӕн тӕрхонгӕнджыты ӕмӕ уынаффӕйы лӕгты. Схондзысты дӕ „рӕстгӕнджыты сахар“ ӕмӕ „иузӕрдион сахар“». 27 Сионы сахар раст тӕрхоны руаджы фервӕздзӕн, йӕ цӕрджытӕй йӕ цӕрджытӕй фӕсмонмӕ чи ӕрцыд, уыдон та — сӕ рӕстады фӕрцы. 28 Фыдгӕнджытӕ ӕмӕ тӕригъӕдджынтӕ саст ӕрцӕудзысты, Дунедарӕджы чи ныууагъта, уыдон иууылдӕр бабын уыдзысты. 29 Уӕ цӕсгом ссудздзӕн, уӕ зӕрдӕ кӕмӕн радтат, уыцы тулдзты тыххӕй, фегад уыдзыстут уӕ равзӕрст къохты аххосӕй. 30 Сымах уыдзыстут, йӕ сыфтӕр кӕмӕн азгъӕлы, уыцы тулдзау, донӕфсӕст чи нӕу, уыцы къохау. 31 Йӕхи хъомысджын чи хоны, уый фӕскъауы хуызӕн суыдзӕн, йӕ митӕ та — зынджы стъӕлфӕнау. Ссудздзысты иумӕ, ӕмӕ сӕ ахуыссынгӕнӕг нӕ уыдзӕн. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia