Иовы чиныг 9 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстИовы дзуапп Билдадӕн 1 Ӕмӕ дзуапп радта Иов: 2 «Бӕргӕ зонын, афтӕ кӕй у, уый, фӕлӕ Хуыцауы раз адӕймаг йӕхи куыд сраст кӕндзӕн? 3 Йӕ ныхмӕ чи бахъаст кӕндзӕн ӕмӕ Йын Йӕ мин фарстӕй иуӕн дӕр дзуапп чи ратдзӕн? 4 Иууылкуырыхон ӕмӕ иууылхъаруджын дӕр Йӕ ныхмӕ куыд фӕлӕудзӕн? 5 Хӕхтӕ йӕ зонгӕ дӕр нӕ бакӕнынц, афтӕмӕй сӕ ӕваст иуварс куыд ассоны, мӕстыйӕ сӕ куыд фӕфӕлдахы, уый ничи зоны. 6 Зӕхх йӕ бындзарӕй нынкъуысын кӕны, йӕ бынатӕй йӕ фӕиртасы, йӕ бындуртӕ йын нырризын кӕны. 7 Уый куынӕ зӕгъа, уӕд хур не скӕсдзӕн, стъалытӕ гуыдырӕвӕрдӕй баззайдзысты. 8 Уый райтындзы уӕлӕрвтӕ, денджызты рӕгътыл лӕгӕрды. 9 Уый сфӕлдыста Аш, Кесил ӕмӕ Хима, стӕй хуссайраг стъалыгуппартӕ. 10 Уымӕн Йӕ хъуыддӕгтӕ адӕймаджы зонд нӕ ахсы, Йӕ диссӕгтӕн кӕрон нӕй! 11 Мӕ рӕзты рацӕуа — нӕ Йӕ фендзынӕн, Йӕ къахуынӕр Ын нӕ фехъусдзынӕн. 12 Исты куы иса — Йӕ ныхмӕ чи фӕлӕудзӕн? Чи фӕхъӕр кӕндзӕн: „Уый цы ми кӕныс?“ 13 Хуыцау куы смӕсты уа — нӕй Йын бауромӕн, Рахавы лӕггадгӕнджытӕ Йӕ разы сӕ зонгуытыл ӕрхаудзысты. 14 Уӕд Ын ӕз та цы дзуапп хъуамӕ раттон, цавӕр ныхӕстӕ Йын хъуамӕ ссарон? 15 Раст куы уон, уӕд дӕр лӕгъстӕйӕ дарддӕр ницы зӕгъдзынӕн мӕ Тӕрхонгӕнӕгӕн. 16 Куы Йӕм ныхъхъӕр кӕнин, ӕмӕ мын дзуапп куы раттид, уӕд дӕр мӕ нӕ бауырнид, кӕй мӕм байхъусдзӕн, уый. 17 Уаддымгӕйау мыл Йӕхи ныццавта, ӕнаххосӕй мӕ хойы ӕмӕ хойы. 18 Сулӕфын дӕр мӕ нӕ уадзы, мастӕй мӕ скодта мӕ хъуырмӕ. 19 Тыхыл куы дзурӕм — тых Уымӕ ис, Тӕрхоныл куы дзурӕм — тӕрхоны раз Ӕй чи ӕрлӕууын кӕндзӕн? 20 Раст куы уон, уӕд дӕр мӕ дзых мӕхи ныхмӕ рацӕудзӕн; азымджын куынӕ уон, уӕд дӕр мӕ фӕзылынджын кӕндзӕн. 21 Сыгъдӕг дӕн, фӕлӕ уый цы хъауджыдӕр у, мӕ цард мын куы сӕнад ис, уӕд? 22 Ӕз афтӕ зӕгъын, ӕмӕ уӕлдай нӕу: ӕмхуызон сафы Уый ӕназымы ӕмӕ ӕнаккаджы. 23 Ӕнӕнхъӕлӕджы бӕллӕх мӕлӕтхӕссӕг у, Уымӕ та рӕстаджы ныфссаст худӕг кӕсы. 24 Фыдгӕнджыты къухы ис зӕхх, ӕмӕ тӕрхоны лӕгты цӕстытӕ кӕд Уый нӕ бакуырм кӕны, уӕд чи? 25 Фӕдисонау згъорынц мӕ бонтӕ, уайынц, фӕлӕ сӕм хорзӕй ницы зыны. 26 Цъӕнут бӕлӕгътау тындзынц, цӕргӕс йӕ амӕттагмӕ куыд тындза, афтӕ. 27 Бӕргӕ фӕзӕгъын, ныууадзон мӕ сагъӕс, тарӕрфыг ма уон, мӕхиуыл схӕцон, 28 фӕлӕ тӕрсын мӕ сомбонӕй, зонын: ӕназым мӕ нӕ рахондзынӕ. 29 Ӕмӕ кӕд азымджынӕй баззайдзынӕн, уӕд ма цы у мӕ фыдӕбон дӕр? 30 Митдоны мӕхи куы цынайон, мӕ къухтӕ фӕныкдонӕй куы цӕхсон, 31 уӕд дӕр мӕ Ды цъыфы сӕвдулдзынӕ, ӕмӕ мыл мӕ дарӕс дӕр ӕлгъ кӕндзӕн. 32 Уый адӕймаг нӕу мӕнау, цӕмӕй Йемӕ быцӕу кӕнон ӕмӕ Йемӕ тӕрхондонмӕ ацӕуон. 33 Не ’хсӕн чи балӕууа, нӕ дыууӕйыл дӕр ӕмхуызон йӕ арм чи ӕрхӕсса, уый нӕй. 34 Йӕ лӕдзӕг мӕ куы аиуварс кӕнид, стыр тасы мӕ куынӕ ӕфтауид, 35 уӕд ӕдӕрсгӕ сдзурин Йӕ разы, фӕлӕ хъуыддаг афтӕ нӕу — бынтон иунӕг дӕн ӕз. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia