Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Иовы чиныг 8 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Билдады фыццаг ныхас

1 Уӕд ын дзуапп радта Билдад, шуахаг:

2 «Ахӕм ныхӕстӕ кӕдмӕ кӕндзынӕ? Дӕ дзыхы дзырд — уаддымгӕйау.

3 Ау, Хуыцау тӕрхон сзыгъуыммӕ кӕны? Ау, Ӕппӕтхъомыс рӕстдзинад сзыгъуыммӕ кӕны?

4 Кӕд дӕ цот Хуыцауы раз тӕригъӕд ракодтой, уӕд сын сӕ тӕригъӕды аккаг фӕци.

5 Дӕ Хуыцауы зӕрдиагӕй куы агурай, Ӕппӕтхъомысӕй хатыр куы курай,

6 уӕд дӕм Уый ӕркӕсдзӕн ӕмӕ, кӕд сыгъдӕг ӕмӕ раст дӕ, уӕд дӕ фарс рахӕцдзӕн ӕмӕ дын дӕ цард аккаг бынаты сбадын кӕндзӕн.

7 Цы суыдзынӕ, уый раз дӕм, раздӕр цы уыдтӕ, уый ницыуал кӕсдзӕн.

8 Бафӕрс-ма хистӕрты, сӕ фыдӕлтӕн цы раргом ис, уый базон.

9 Мах та зноныккон стӕм ӕмӕ ницы зонӕм, уымӕн ӕмӕ ӕрбайсӕфынц ӕндӕргтау нӕ царды бонтӕ зӕххыл.

10 Уыдон дын бацамонӕнт, уыдон дын радзурӕнт, уыдон дын зӕрдӕбынӕй зӕгъӕнт:

11 цъыфдзаст кӕм нӕй, уым цъӕнут ӕрзайы, хъӕз ӕнӕ донӕй йӕхиуыл схӕцы?

12 Дидинӕг фӕкалы, фӕлӕ ӕнӕ донӕй, ӕнӕ ’ртонгӕйӕ дӕр, иннӕ зайӕгойтӕй тагъддӕр бахус вӕййы.

13 Афтӕ у, Хуыцауы чи ферох кӕны, уыдоны хъуыддаг дӕр, ӕнӕхуыцау адӕймагӕн йӕ зӕрдӕ амӕлы.

14 Йӕ ныфс гӕбазгай ныввӕййы: йӕ зӕрдӕ цӕуыл дары, уый тӕссонд у, хӕлуарӕджы тынӕй уӕлдай нӕу.

15 Йӕ хӕдзарыл куы банцой кӕна, уӕд ӕй уый нӕ бауромдзӕн, йӕ тых йӕ бонӕй йыл куы ныххӕца, уӕддӕр йӕ къахыл не слӕудзӕн.

16 Цъӕх-цъӕхидӕй хурмӕ бӕргӕ ӕрттивы, йӕ къабӕзтӕ дыргъдоны фӕйнӕрдӕм фӕцыдысты.

17 Йӕ уидӕгтӕ хуыртӕ гӕрдынц, дурты цӕндыл хӕрдмӕ хилынц,

18 фӕлӕ йӕ сыскъуын йӕ бынатӕй, уӕд ыл йӕ бынат дӕр йӕ къух ауигъдзӕн, ам дӕ уынгӕ дӕр никуы фӕкодтон, зӕгъгӕ.

19 Уый дын йӕ цардамонд! Йӕ бынаты та ӕндӕртӕ сзайы.

20 Хуыцау нӕ аппардзӕни рӕстаджы ӕмӕ фыдгӕнӕджы фарс нӕ фӕлӕудзӕн.

21 Уый дын фӕстӕмӕ дӕ цӕсгоммӕ мидбылхудт раздахдзӕни, дӕ ком дын цины хъӕртӕй байдзаг кӕндзӕни.

22 Де знӕгтӕ худинаджы бын фӕуыдзысты, ӕнаккӕгтӕ хӕдзархӕлдӕй баззайдзысты».

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan