Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Иовы чиныг 7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Адӕймагӕн нывгонд у цагъары уӕззау куыст цӕрӕнбонты.

2 Цагъарау тыхсы ӕмӕ бӕллы аууонмӕ, ӕххуырст кусӕгау йӕ цӕстытӕ ныуурс вӕййынц йӕ куысты мыздмӕ.

3 Афтӕ мӕ хай сты мӕнӕн дӕр ӕнӕуд мӕйтӕ, мӕ хъысмӕт — уӕззау ӕхсӕвтӕ.

4 Куыддӕр ӕрхуыссын, афтӕ сыстынмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсын райдайын, фӕлӕ ӕхсӕв ныддаргъ вӕййы, ӕмӕ боныцъӕхтӕм мӕ рафт-бафтӕй не ’рӕнцайын.

5 Мӕ буар скӕлм ис, хӕлмӕгтӕй нал зыны, аскъуыдтӕ ис, ӕмӕ йӕ цъӕй мизы.

6 Тынуафӕджы цъӕгъӕдзау стырындз сты мӕ бонтӕ, ӕмӕ сӕм кӕсын ныфссастӕй.

7 О ме Скӕнӕг, мӕ цард — дымгӕйы иу ӕрбафуттау, хорзӕй ницыуал фендзынӕн.

8 Ныр мӕ чи уыны, уый мӕ нал фендзӕни. Кӕс — ӕмӕ нал дӕн.

9 Мигъы стыг тайын куыд райдайы ӕмӕ куыд ӕрбайсӕфы, афтӕ мӕрдтыбӕстӕм ныххизӕг дӕр уӕлӕмӕ нал сыздӕхы.

10 Йӕ хӕдзармӕ нал раздӕхдзӕн, йӕ райгуырӕн уӕзӕг ӕй нал фендзӕни.

11 Уымӕ гӕсгӕ ӕз мӕ дзыхыл нӕ ныххӕцдзынӕн — мӕ уды хъизӕмӕрттӕ фӕдзурдзынӕн, мӕ уды риссӕгтӕ скалдзынӕн.

12 Денджыз дӕн ӕви фурды залым дӕн, мыййаг, хъахъхъӕнджытӕ мын цы сӕвӕрдтай?

13 Мӕхицӕн бӕргӕ фӕзӕгъын, мӕ хуыссӕнуат мын мӕ хъизӕмар айсдзӕн, хуыссӕг мын мӕ зӕрдӕ фӕфидар кӕндзӕн.

14 Фӕлӕ мӕ фыдфынты хай фӕкӕныс, ӕбуалгъ нывтӕ мын мӕ цӕстытыл бафтауыс.

15 Бӕргӕ, куынӕуал сулӕфин фӕлтау, куы амӕлин ӕмӕ ацы буарӕй куы фервӕзин.

16 Сӕнад мын ис цард, фӕлӕ йын кӕрон уыдзӕн. Ныууадз мӕ! — дымгӕйы иу ӕрбафуттау — мӕ бонтӕ!

17 Уый аккаг у адӕймаг, ӕмӕ йӕ Ды афтӕ скадджын кӕнай ӕмӕ дзы Дӕ цӕст ма исай?

18 Ӕрвылрайсом ӕм фӕзыныс, алы уысм дӕр ӕй фӕлварыс.

19 Иу ран мӕ кӕд ныууадздзынӕ, иу уысм мӕ кӕд феуӕгъд кӕндзынӕ, — мӕ сӕт уӕд та нынныхъуырон?

20 Тӕригъӕды кӕд бацыдтӕн, уӕд дӕр Дӕуӕн цы ракодтон, о адӕмы Цӕстдарӕг? Цӕмӕн мӕ сӕвӕрдтай мысанӕн, мӕхицӕй дӕр куы стыхстӕн, уӕд?

21 Цӕуылнӕ мын ныббарыс мӕ азым, цӕуылнӕ мын ныххатыр кӕныс мӕ тӕригъӕд? Ӕз рӕхджы фӕдӕлсыджыт уыдзынӕн, агурдзынӕ ма мӕ, фӕлӕ — ницы!»

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan