Иовы чиныг 6 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстИовы дзуапп Елифазӕн 1 Ӕмӕ дзуапп радта Иов: 2 «Тӕхуды, мӕ рисӕн сбарӕн куы уаид, мӕ мастӕн — тӕрӕзтыл ӕрӕвӕрӕн! 3 Уӕд денджызы змисӕй уӕззаудӕр уаид, мӕ дзыхы дӕр ныхас уымӕн нӕ бады. 4 Ӕппӕтхъомысы фӕттӕ мӕ ахызтысты, марг дарынц мӕ удӕн, фыртас мыл бафтыдта Хуыцау. 5 Искуыдӕр ма хъӕддаг хӕрӕг хизгӕ-хизын фӕуасы? Искуыдӕр ма гал йӕ кӕвдӕсы раз богътӕ фӕкӕны? 6 Ӕдзӕхх хойраг адӕн кӕмӕн у? Айчы урсы цӕй ад ис? 7 Ахӕм хойрагыл бандзӕвон, уый дӕр мын ӕнад у, ныр ме ’намонд сси мӕ хойраг. 8 Тӕхуды, куы сӕххӕст уаид мӕ курдиат, куы нӕ мын фӕсаид ме ’нхъӕлц Хуыцау! 9 Тӕхуды, Хуыцауы мӕ ныцъцъист кӕнын куы бафӕндид ӕмӕ мын мӕлӕтдзаг цӕф куы ныккӕнид! 10 Мӕ зӕрдӕ фӕлӕууид уӕд, ӕмӕ раин мӕ хъизӕмӕртты, уымӕн ӕмӕ никуы атигъ кодтон мӕхи Уаз Хуыцауы ныхӕстыл! 11 Цы ныфсӕй фӕразон, хъару мӕм куынӕуал ис? Цы уыдзӕн мӕ кӕрон? Цы ма у мӕ цард?! 12 Исты мын дуры фидар ис? Исты ӕфсӕйнагӕй конд дӕн? 13 Мӕхицӕн ӕххуыс мӕхимидӕг агурон, цавӕр ӕнцой мын ис? 14 Дӕ тыхст хӕларӕн батӕригъӕд кӕн, Хуыцауы тас ӕм куынӕуал уа, уӕддӕр. 15 Фӕлӕ мӕныл ме ’фсымӕртӕ тагъд донау сӕ зӕрдӕ сивтой, уалдзыгон донвӕдау раив-баив кӕнынц. 16 Уыдон — ихы бын сау ӕрсдонау, йӕ мидӕг миты фӕзгъӕртӕ кӕмӕн ленк кӕны. 17 Ӕнтӕфы айсысынц, ӕмӕ сӕ донвӕд сурӕй аззайы. 18 Уыдоны аххосӕй чырӕласджытӕ фӕдзӕгъӕл вӕййынц, ӕдзӕрӕг быдыры сӕ мӕлӕт ссарынц. 19 Дзӕгъӕлы сӕ фӕагурынц темайаг чырӕтӕ, сӕ зӕрдӕ сыл дарынц савайаг фӕндаггӕттӕ; 20 сӕ зӕрдӕдарӕн мӕнг разындзӕн, фыдӕнхъӕл фӕуыдзысты, хуыскъ ададжы цурмӕ куы бахӕццӕ уой, уӕд. 21 Сымах дӕр уыдоны хуызӕн — мӕ дудгӕбон мын федтат ӕмӕ фӕтарстыстут. 22 Куы ницы уӕ агуырдтон, уӕ мулкӕй уын мӕ тӕрхонгӕнӕгӕн гӕртам куы нӕ домдтон! 23 Куы нӕ уын загътон: „Ме знӕгтӕй мӕ фервӕзын кӕнут, ме ’фхӕрджытӕн мын ахӕстаргъ бафидут!“ 24 Зонд мын бацамонут, ӕмӕ мӕ дзых сӕхгӕнон, цы фӕрӕдыдтӕн, уый мын бамбарын кӕнут. 25 Ӕргом ныхас зын уромӕн у, фӕлӕ уӕ уайдзӕфтӕ куы ницы марынц! 26 Мӕ ныхӕстӕм мын фау ӕрхӕссынмӕ хъавут? Ӕмӕ сӕ дымгӕйы хай куы бакодтат? 27 Сымах сидзӕры тыххӕй хӕлттӕ ӕппарут, уӕ хӕларӕн дзыхъхъ къахут. 28 Ӕрбакӕсут-ма мӕм, уӕхи раз уӕ нӕ асайдзынӕн! 29 Уӕхи ӕрӕмбарут, фыддзинад ма ’руадзут, ӕрбайхъусут, ме ’рдыгӕй ис рӕстдзинад! 30 Ау, ме ’взаг сайгӕ кӕны, ау, мӕ ком мӕнгдзинады ад нал иртасы?! |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia