Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Иовы чиныг 5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Ныхъхъӕр кӕн — чи дын ратдзӕн дзуапп? Ӕппындӕр ничи, иу сыгъдӕг дӕр — нӕ!

2 Ӕдылыйы бабын кӕны йӕ маст, ӕнӕзонд йӕ мӕстыгӕрӕй фесӕфы.

3 Ӕз федтон: ӕдылы йӕ уидӕгтӕ арф нӕма ауагъта, афтӕ ӕвиппайды йӕ хӕдзар ӕрбайхӕлди, ӕлгъыстау.

4 Йе ’намонд цотӕн феххуысгӕнӕг нӕ уыдзӕн, кулдуары раз сӕ исчи куы мара, уӕд дӕр.

5 Ӕххормаг лӕг ын бахӕрдзӕн йӕ тыллӕг — какон сындз дӕр ӕй нӕ бауромдзӕн, цыбӕлгӕнӕг ын бацахсдзӕн йӕ исбон.

6 Уымӕн ӕмӕ фыдбылыз сыджытӕй нӕ равзӕры, ӕмӕ бӕллӕх быдыры не ’рзайы.

7 Уый адӕймаг райгуыры хъизӕмарӕн, цӕмӕй зынджы стъӕлфӕнау арвмӕ стӕха.

8 Фӕлӕ мӕнӕн Хуыцаумӕ у ме ’ргом, ӕмӕ мӕ хъаст Уымӕ хӕссын.

9 Уымӕн Йӕ хъуыддӕгтӕ сты ӕгӕрон, зонд сӕ нӕ ахсы, Йӕ диссӕгтӕн кӕрон дӕр нӕй.

10 Зӕххы цӕсгом ӕхсы къӕвдайӕ, донхорыг кӕны быдыртӕ.

11 Ӕгады бынаты чи уыди, уый сбӕрзонд кӕны, кӕуинаг чи фӕци, уый фервӕзын кӕны.

12 Мӕнгӕрдты фӕндтӕ ӕрбайхалы, сӕ къухтӕ сын фӕцыбыр кӕны.

13 Ӕгӕр зондджынтӕн сӕ хинтӕ сӕхи ныхмӕ саразы, хинӕйдзӕгтӕн сӕ фӕндтӕ фехалы.

14 Боныгон сыл саудалынг ӕртыхсы, бон-сихорафон, цыма ӕхсӕв у, уыйау, куырмӕджы цӕуӕгау, цӕуынц.

15 Мӕгуыр лӕджы Уый бахизы сӕ кардӕй, сӕ дзыхӕй, сӕ хъомысджын къухӕй.

16 Уымӕн нӕу мӕгуыр лӕг ӕнӕныфс, уымӕн ӕрцӕуы ӕхгӕд мӕнгард ком.

17 Тӕхудиаг у, Хуыцау зонды къахыл кӕй ӕвӕры, уый, уымӕ гӕсгӕ Ӕппӕтхъомысы ’фхӕрдыл дӕхи ма тигъ кӕн.

18 Уый цӕвгӕ дӕр Йӕхӕдӕг ныккӕны, ӕмӕ цӕфтӕ дӕр Йӕхӕдӕг бабӕтты, ныццӕвӕг дӕр ӕмӕ сдзӕбӕхгӕнӕг дӕр Уый Йӕхӕдӕг у.

19 Ӕхсӕз бӕллӕхӕй дӕ бахиздзӕн, ӕвдӕм дӕм хӕстӕг не ’рбацӕудзӕн.

20 Ӕххормаг заман дӕ мӕлын нӕ бауадздзӕн, хӕсты быдыры дӕ карды комӕй бахиздзӕн.

21 Фыдӕвзаг дӕм нӕ баххӕсдзӕн, гӕныстонӕй дын тас нӕ уыдзӕн.

22 Гӕныстон ӕмӕ дӕм стонджы кой худӕг дӕр ма кӕсдзӕн, хъӕддаг сырдтӕй нӕ фӕтӕрсдзынӕ.

23 Быдираг дуртӕ дын цӕдисонтӕ суыдзысты, хъӕддаг сырдтимӕ хӕларӕй цӕрдзынӕ.

24 Базондзынӕ, дӕ цатырӕн ницы тас у, ӕркӕсдзынӕ дӕ бынӕттӕм — алцӕмӕй дӕр нывыл сты.

25 Дӕ цӕстӕй фендзынӕ дӕ бирӕ цоты, Быдыры кӕрдӕгау ӕнӕнымӕц уыдзысты дӕ байзӕддаг.

26 Карджынӕй бацӕудзынӕ ингӕнмӕ, йӕ афоныл кӕй банай кодтой, йӕ афоныл найгонд ӕфсирау.

27 Уый афтӕ кӕй у, уый мах лыстӕг равзӕрстам. Ӕрбайхъус ӕмӕ йӕ бахынц».

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan