Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Иовы чиныг 42 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Иовы дзуапп Хуыцауӕн

1 Ӕмӕ Иов дзуапп радта Хуыцауӕн:

2 «Зонын ӕй, Дӕ бон алцыдӕр у, цы Дӕ бафӕнда, ӕмӕ цы нӕ сараздзынӕ!

3 Ӕз цы дӕн, цӕмӕй дын Дӕ фӕнд фауон, зонгӕ куы ницы кӕнын, уӕд? Цы не ’мбарын, уыдӕтты кой кодтон, мӕ зонд кӕй нӕ ахсы, уыцы диссӕгтыл дзырдтон.

4 Уӕдӕ ӕрыхъус, цы зӕгъдзынӕн, уымӕ, ӕз Дӕ фӕрсдзынӕн, ӕмӕ мын дзуапп ратт.

5 Нырмӕ Дын ӕрмӕст Дӕ кой хъуыстон, ныр та Дӕ мӕ цӕстӕй уынын.

6 Уымӕ гӕсгӕ мӕ ныхӕстыл мӕ къух исын, фӕсмонӕй мӕхи хӕрын, фӕнык ӕмӕ рыджы бадгӕйӕ».


Хуыцауы тӕрхон

7 Дунедарӕг Иовимӕ Йӕ ныхас куы фӕци, уӕд загъта теманаг Елифазӕн: «Дӕумӕ дӕр ӕмӕ дӕ дыууӕ ’мбалмӕ дӕр фыр мӕстӕй судзын — сымах Мӕн тыххӕй Мӕ цагъар Иовы хуызӕн раст кӕй нӕ дзырдтат, уымӕн.

8 Уымӕ гӕсгӕ авд гал ӕмӕ авд фысимӕ фӕцӕут мӕ цагъар Иовмӕ ӕмӕ сӕ уӕхи номыл иууылсудзинаг нывондӕн ӕрхӕссут, мӕ цагъар Иов сымах тыххӕй скувӕд. Ӕрмӕстдӕр уый куывд айсдзынӕн Ӕз ӕмӕ уӕ нӕ бафхӕрдзынӕн, Мӕ цагъар Иовы хуызӕн раст кӕй нӕ дзырдтат, уый тыххӕй».

9 Теманаг Елифаз, шуахаг Билдад ӕмӕ наамайаг Цофар ацыдысты ӕмӕ, Дунедарӕг сын куыд загъта, афтӕ бакодтой. Ӕмӕ айста Дунедарӕг Иовы куывд.

10 Иов йе ’мбӕлтты тыххӕй куы скуывта, уӕд ын Дунедарӕг, раздӕр ӕм цы уыди, уыдон дывӕрӕй фӕстӕмӕ бафтыдта йӕ къухы.

11 Ӕрбацыдысты йӕм йе ’фсымӕртӕ ӕмӕ йӕ хотӕ, йӕ раздӕры хорз зонгӕтӕ. Йемӕ фынгыл бадтысты йӕ хӕдзары ӕмӕ йын зӕрдӕтӕ ӕвӕрдтой, Дунедарӕг ын бӕллӕхтӕ кӕй бавзарын кодта, уый тыххӕй, алчидӕр ын балӕвар кодта сӕдӕ ӕвзист ӕхцайы ӕмӕ фӕйнӕ сыгъзӕрин къухдарӕны.

12 Дунедарӕг Иовӕн йӕ дарддӕры царды бонтӕ раздӕры цардӕй арфӕгонддӕр скодта: цыппӕрдӕс мин сӕры йӕм фысвос фӕзынд, ӕхсӕз мины — теуатӕ, мин цӕды — галтӕ, мин сӕры — сыл хӕрджытӕ.

13 Авд фырты ӕмӕ йын ӕртӕ чызджы райгуырди.

14 Иуы дзы схуыдта Емимӕ, иннӕйы — Кессиа, ӕртыккаджы — Керен-Гапух.

15 Дунетыл уыдонӕй рӕсугъддӕр сылгоймаг нӕ уыди, ӕмӕ сын сӕ фыд йӕ бынтӕй се ’фсымӕрты ӕмрӕнхъ схай кодта.

16 Уый фӕстӕ ма Иов фӕцарди сӕдӕ цыппор азы ӕмӕ ма йӕ байзӕддӕгтӕн суанг сӕ цыппӕрӕм фӕлтӕр дӕр ӕрӕййӕфта.

17 Иов амарди хӕрз зӕрондӕй, цӕрынӕй бафсӕсти, афтӕмӕй.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan