Иовы чиныг 41 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст1 Ахӕм ныфс дӕ ӕппындӕр ма уӕд! Йӕ иу бакастӕй дӕр нӕ нырриздзынӕ? 2 Уый смӕсты кӕнын чи бауӕнддзӕн, ныхӕй-ныхмӕ йӕм чи ӕрлӕудзӕн? 3 Мӕ размӕ чи ралӕууа, уымӕн Ӕз аккаг фӕуыдзынӕн. Арвы бын цыдӕриддӕр ис, уыдон иууылдӕр Мӕн сты. 4 Йе уӕнгты тыххӕй ӕнӕ зӕгъгӕ нӕ фӕуыдзынӕн: хъаруйӕ ӕххӕст сты, кондӕй — рӕсугъд. 5 Йӕ дарӕсы кӕроныл ын чи схӕцдзӕн, йӕ дывӕр згъӕр ын чи фӕхуынкъ кӕндзӕн? 6 Йӕ ком ын чи байгом кӕндзӕн? Йӕ дӕндӕгты равӕрд тас ӕфтауы. 7 Йе рагъыл — уартыты рӕнхъытӕ, сасмӕй ныхӕстау — ӕнгомӕвӕрд. 8 Кӕрӕдзимӕ афтӕ хӕстӕг сты, ӕмӕ сӕ астӕуты уӕлдӕф дӕр нӕ ацӕудзӕн. 9 Иу дзы иннӕмӕ йӕхи нылхъывта, ӕддӕг-мидӕг ауадысты. 10 Йе ’хснырстӕй арв ферттивы, йӕ цӕстытӕ — сӕуӕхсиды ӕнгӕс; 11 йӕ комӕй арт бырсы, зынджы стъӕлфӕнтӕ дзы хауы; 12 йӕ фындзы хуынчъытӕй фӕздӕг кӕлы, цыма къонайы сӕрмӕ арт пӕлхъ-пӕлхъ кӕны, уыйау; 13 йӕ комулӕфтӕй сзынг вӕййы ӕвзалы, арт цӕуы йӕ комӕй. 14 Йӕ хъуыры кондыл бӕрӕг у йӕ хъару, йӕ бакастӕй тас ӕфтауы. 15 Йӕ фыдтӕ кӕрӕдзимӕ афтӕ ӕнгом сты, ӕмӕ нӕ фенкъуысдзысты. 16 Йӕ зӕрдӕ дурӕй уӕлдай нӕу, куыройы фыдау хъӕбӕр у. 17 Йӕ уындӕй тыхджынтӕ дӕр фӕтӕрсынц, сӕ сӕр сӕ кой свӕййы. 18 Йӕ ныхмӕ нӕ фӕлӕудзысты нӕдӕр кард, нӕдӕр арц, нӕдӕр згъӕр. 19 Уый ӕфсӕн хъӕмпыл нымайы, ӕрхуы та — ӕмбыд къодахыл. 20 Фаты тасӕй лидзӕг нӕ фӕуыдзӕн, дурӕхсӕны дуртӕ уымӕн зыгуымӕй уӕлдай не сты. 21 Ӕфсӕн лӕдзӕг хъӕмпыхалыл нымайы, арцы ӕхситт ӕм худӕгау кӕсы. 22 Йӕ гуыбыны цъар — дурыны сӕстытау, похци кӕнӕгау уый фӕцӕйбыры цъыфыл. 23 Хуыдым рафыцын кӕны агау, фыцгӕ сойы аг фестын кӕны денджыз. 24 Цӕхӕркалгӕ фӕд уадзы йӕ фӕстӕ, ӕгӕрон арф цыма урс фынг фестади, уыйау. 25 Зӕххыл уый хуызӕн нӕй, йе сконд афтӕ у, ӕмӕ ницӕмӕй тӕрсы. 26 Бӕрзондӕй цыдӕриддӕр ис, уыдонӕй алцӕмӕ дӕр сӕрбӕрзондӕй кӕсы: ӕппӕт сӕрыстыртӕн сӕ паддзах у уый». |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia