Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Иовы чиныг 40 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Уӕд Хуыцау Иовмӕ уадтымыгъӕй радзырдта:

2 «Дӕхи ӕрцӕттӕ кӕн дзуапп дӕттынмӕ лӕгау, Ӕз дӕ фӕрсын, ды та мын-иу дзуапп ратт:

3 Ау, ды Мӕ тӕрхоныл дӕхи атигъ кӕндзынӕ, цӕмӕй дӕхи сраст кӕнай, уый тыххӕй Мӕн азымджын кӕндзынӕ?

4 Ӕви дӕумӕ дӕр Хуыцауы хъомыс ис, дӕуӕн дӕр Уыйау дӕ хъӕлӕс арвгӕрӕтты уырауы?

5 Уӕд дӕхи хъомысӕй сфӕлынд, тӕмӕнкалгӕ кады ӕрбатух дӕхи,

6 ныккал дӕ маст, ӕркӕс сӕрыстырмӕ ӕмӕ йӕ ’рцахуыр кӕн,

7 хирвӕссонмӕ ’ркӕс ӕмӕ йӕ басӕтт, ӕнаккӕгты та уыцы тӕккӕ уысм ныссӕнд.

8 Иууылдӕр иумӕ сӕ дӕлдзӕхы баныгӕн, ныккӕнды дуӕрттӕ сыл сӕхгӕн.

9 Уӕд Ӕз Мӕхӕдӕг дӕр баууӕнддзынӕн, дӕ рахиз къух дӕ кӕй фервӕзын кӕндзӕн, ууыл.

10 Бакӕс-ма бегемотмӕ: уый дӕр дӕу хуызӕн сфӕлдыстон, галау кӕрдӕгыл хизы.

11 Бакӕс-ма йын йӕ сӕвджын синтӕм, йӕ гуыбыны хъӕддых нуӕрттӕм!

12 Йӕ къӕдзил кедры зӕнгау — фидар, йӕ синты нуӕрттӕ стыхстысты кӕрӕдзиуыл.

13 Йе стджытӕ — ӕрхуы хӕтӕлтау, йӕ къӕхтӕ — ӕфсӕн лӕдзджытау.

14 Уымӕй диссагдӕр нӕй, Хуыцау цы сфӕлдыста, уыдонӕй, ӕрмӕст ыл йе Сфӕлдисӕг фӕтых уыдзӕн!

15 Хизы хӕхты, хъӕддаг сырдты хӕтӕнты.

16 Дондидинты ӕхсӕн йӕ фӕллад уадзы, цъымарайы цъӕнуты фембӕхсы.

17 Дондидинтӕ йӕм аууон дарынц, донхӕристӕ йӕ бакӕнынц сӕ астӕу.

18 Донивылдӕй дӕр нӕ фӕтӕрсдзӕн, Иордан йӕ дзыхмӕ куы багуылф кӕна, уӕд дӕр нӕ сызнӕт уыдзӕн.

19 Йӕ сӕрӕй йӕ чи ’рцахсдзӕн, йӕ фындзмӕ йын чи фӕлӕбурдзӕн?

20 Уӕдӕ Левиафаны ӕнгуырӕй ӕрцахсдзынӕ, йе ’взаг ын бӕндӕнӕй нылвасдзынӕ?

21 Йӕ фындзы йын къӕцӕл атъысдзынӕ, йе ’фсӕры йын къӕпсыр ныссадздзынӕ?

22 Уынгӕг хъӕлӕсӕй дӕм сдзыназдзӕн, лӕгъстӕ кӕнынмӕ дын фӕуыдзӕн?

23 Демӕ баныхас кӕндзӕн, ӕнустӕм дын цагъарӕй ныллӕудзӕн?

24 Лӕппын цъиуӕй хъазӕгау дзы хъаздзынӕ, чысыл чызджыты ирхӕфсынӕн ӕй истӕуыл абӕтдзынӕ?

25 Кӕсагахсджыты бар ӕй бакӕндзынӕ, цӕмӕй йӕ ханаанӕгтӕн хайгай ауӕй кӕной?

26 Йӕ царм ын арцӕй фӕхуынкъ кӕндзынӕ, йӕ сӕр ын кӕсагахсӕджы сагойӕ ныппырх кӕндзынӕ?

27 Дӕ арм ыл ӕрӕвӕр, ӕмӕ тох кӕнын дӕ хъуыдыйы дӕр никуыуал ӕрцӕудзӕн.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan