Иовы чиныг 4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстЕлифазы фыццаг ныхас 1 Ӕмӕ дзуапп радта Елифаз, теманаг: 2 «Куы дын бафӕнда исты зӕгъын искӕй, уӕд дын йӕ дзырд куы фӕхъыг уа, мыййаг? Фӕлӕ ӕнӕ зӕгъгӕ дӕр куыд ис? 3 Бирӕтӕн-иу дӕхӕдӕг зонд амыдтай, цы къухтӕ-иу ӕрлӕмӕгъ сты, уыдон-иу фӕфидар кодтай, 4 фӕцудӕгӕн ныфсы хос уыд дӕ ныхас, лӕмӕгъ къӕхтӕ-иу нал кодтой дыдӕгътӕ. 5 Дӕхи рад у ныр та, ӕмӕ нӕ быхсыс; фыдбылыз дӕхиуыл ӕрцыд, ӕмӕ катайы бацыдтӕ. 6 Хуыцауы тас дын ӕнцой хъуамӕ ма дӕттид, дӕ фӕндӕгты ӕнаипдзинад — фидар ныфс? 7 Ахъуыды-ма кӕн: кӕд чи бабын ис ӕнӕ аххосӕй, раст адӕймаг кӕд фесӕфти? 8 Ӕрӕййӕфтон афтӕ: тӕригъӕды хуым-иу чи бакодта ӕмӕ-иу дзы фыддзинад чи байтыдта, уыдонӕн-иу сӕхи кӕрдинаг фӕци, 9 уыдон Хуыцауы комытӕфӕй бабын вӕййынц, Йӕ масты раулӕфтӕй ӕрбайсӕфынц. 10 Ӕрбацыдӕр вӕййынц домбайы рыхын, знӕт домбайы хъӕлӕс, ӕвзонг домбӕйтты ссыртӕ. 11 Тыхджын домбай ӕнӕ амӕттагӕй амӕлы, мадӕл домбайӕн йӕ лӕппынтӕ алырдӕмты ныххӕлиу вӕййынц. 12 Раргом ис сусӕг дзырд мӕ удӕн, мӕ хъустӕ мынӕг ныхас ӕрцахстой. 13 Адӕм тарф фынӕй куы кодтой, уӕд мыл ӕхсӕвы ӕнӕнцой цӕстылуайӕнтӕй 14 фыр тӕссӕй ризӕг бахӕцыд, ме уӕнгтӕ ӕрызгъӕлдысты: 15 мӕ цӕсгомы рӕзты атахти цыдӕр мон, ӕмӕ мӕ сӕры хъуын арц сбадти. 16 Мӕ тӕккӕ раз куы ’рлӕууыди, уӕд дӕр ӕй дзӕбӕх не ’взӕрстон, ӕрмӕстдӕр ын йе ’ндӕрг уыдтон. Ӕдзӕм уыд алцы, стӕй райхъуысти хъӕлӕс: 17 „Куыд уыдзӕн адӕймаг Хуыцауӕй растдӕр? Куыд уыдзӕни лӕг йе Скӕнӕгӕй сыгъдӕгдӕр? 18 Уый Йӕ дӕлдӕртыл ӕххӕстӕй Йӕ зӕрдӕ нӕ дары, Йӕ зӕдты дӕр нӕ хоны ӕнӕлаз. 19 Цы загъдӕуа уӕд, сӕ бындур зӕххы рыг кӕмӕн у, ӕлыгӕй конд хӕдзӕртты чи цӕры, рӕмпӕгӕй ӕнцондӕр ӕртъӕппгӕнӕн кӕй ис! 20 Сӕумӕрайсомӕй изӕрмӕ — сӕ цард, ӕнустӕм куыд ӕрбатар уыдзысты — зонгӕ дӕр ӕй нӕ бакӕндзынӕ. 21 Сӕ уды таг ӕрбаскъуыйы, уӕлзондмӕ нӕма сӕххӕссынц, афтӕмӕй“. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia