Иовы чиныг 39 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст1 Ды сычъитӕн сӕ зайыны афон зоныс? Сӕгуыттӕн сӕ зайыны ӕмгъуыд фӕхатыс, 2 сӕ гуырдз сӕ гуыбыны цал мӕйы хӕсгӕ у, уый? Сӕ зӕйц кӕд рантысдзӕн, уый зоныс? 3 Утӕхсӕнгӕнгӕ ракалынц сӕ цӕуӕт, сӕ уаргъӕй суӕгъд кӕнынц сӕхи, 4 цӕмӕй сӕ зӕйц сӕрибарӕй хъомыл кӕной, сӕ тыхы бацӕуой ӕмӕ сӕ стӕй ныууадзой, макуыуал сӕм раздӕхой? 5 Хъӕддаг хӕрӕджы сӕрибарӕй чи ауагъта, хайуанӕн йӕ сахсӕнтӕ чи райхӕлдта? 6 Ӕз ӕй ӕдзӕрӕг быдыры ӕрцӕрын кодтон, цӕххӕргом зӕххытӕ йын цӕрӕнбынатӕн радтон. 7 Сахары дзолгъо-молгъо уымӕ худӕгау кӕсы, бӕхтӕрӕджы хъӕр зонгӕ дӕр нӕ кӕны. 8 Къуылдымтыл хизы йӕхицӕн, тихалӕг дӕр дзы нӕ ирвӕзы. 9 Хъӕддаг гал дын лӕггад кӕнын бакомдзӕн? Дӕ кӕвдӕсы цур бахсӕвиуат кӕндзӕн? 10 Йӕхи дын дзывырыл бабӕттын бауадздзӕн, дӕ фӕдыл зӕхх куыд бахуым кӕна, афтӕ? 11 Йе стыр хъаруйӕ дӕхицӕн ныфс бавӕрдзынӕ ӕмӕ йын дӕ куыст йӕ бар бакӕндзынӕ? 12 Дӕ хор дын ӕрӕмбырд кӕндзӕни ӕмӕ йӕ мусы бафснайдзӕни, ууыл баууӕнддзынӕн? 13 Страус йӕ базыртӕ фыр цинӕй тилы, къаннӕг сты йӕ базыртӕ, фӕлӕ сӕ систӕ куыд диссаг сты! 14 Змисы ӕрӕфтауы ӕйчытӕ, схъарм ын вӕййынц уым, 15 исчи сыл къахӕй ныллӕудзӕн, хъӕддаг сырдтӕ сӕ бассӕнддзысты, уый мӕт ӕй нӕй. 16 Йӕ лӕппынтӕ йын ӕцӕгӕлӕттау сты, йӕ фыдӕбӕттӕ дзӕгъӕлы кӕй фӕуыдзысты, уымӕй нӕ тӕрсы. 17 Уымӕн ӕмӕ хъуыды нӕ кӕны, Хуыцау ын зонд нӕ радта. 18 Фӕлӕ йӕ базыртӕ куы айтынг кӕны, уӕд ӕм барӕг дӕр худӕг фӕкӕсы — фӕсте йӕ фӕуадзы. 19 Бӕхӕн хъару исты ды радтай, йӕ хъуыр ын ды сфӕлыстай барцӕй? 20 Мӕтыхау ӕй размӕ згъорын ды сахуыр кодтай? Йӕ хуыррыттӕй алчи зӕрдӕдзӕф куы кӕны! 21 Цингӕнгӕ йӕ сӕфтджытӕй зӕхх хойы ӕмӕ тохмӕ бырсы риуӕмбӕрцӕй; 22 худӕг ӕм кӕсы тас, кард дӕр ӕй нӕ уромы; 23 Сагъадахъ дзыгъал-мыгъул кӕны йӕ сӕрмӕ, ферттивынц ӕрцытӕ; 24 йӕ къӕхты бын зӕхх нынкъуысы, сыкъауадындзы уастмӕ размӕ куы фӕцагайы, уӕд. 25 Сыкъауадындзы уастмӕ ныммыр-мыр кӕны, дардмӕ дӕр хӕсты уынӕр хъусы. 26 Дӕ фӕндӕй тӕхы уари, хуссайраг дымгӕмӕ йӕ базыртӕ куы айтындзы, уӕд? 27 Дӕ ныхасӕй фехсы йӕхи хӕрдмӕ ӕмӕ бӕрзонд ӕрцаразы йӕ ахстон? 28 Къӕдзӕхыл ис уымӕн йӕ цӕрӕн, ӕгӕндӕг айнӕджы тигъ у йӕ фидар. 29 Уырдыгӕй хъахъхъӕны йӕ амӕттаджы, йӕ цӕстытӕ дардмӕ уынынц. 30 Йӕ лӕппынты хӕссы тугӕй, мард кӕм уа, уым февзӕры». 31 Ӕмӕ ма загъта ноджы Иовӕн Хуыцау: 32 «Ацы быцӕугӕнӕг Ӕппӕтхъомысӕн зонд амоны? Хуыцауы азымджын чи кӕны, уый-ма дзуапп раттӕд!» 33 Ӕмӕ дзуапп радта Хуыцауӕн Иов: 34 «Ӕз та цы дӕн? Цавӕр дзуапп Дын хъуамӕ раттон? Мӕ армытъӕпӕнӕй мӕ былтӕ ӕхгӕнын. 35 Иу хатт загътон ӕмӕ дарддӕр ницыуал дзурын. Дыууӕ хатты загътон, фӕлӕ ныр ныхъхъус уыдзынӕн». |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia