Иовы чиныг 37 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст1 Мӕ зӕрдӕ йӕхи къултыл уымӕн хойы, рагӕппӕввонг у мӕ риуӕй. 2 Хъусут, хъусут Йӕ нӕргӕ хъӕлӕсмӕ, ӕрвнӕрды уынӕр цӕуы Йӕ комӕй, 3 арв ӕгасӕй гыбар-гыбур фестад, зӕххы кӕрӕттӕм хӕццӕ кӕнынц Йӕ судзгӕ фӕттӕ. 4 Ӕмӕ мӕнӕ ныннӕры Йӕ хъӕлӕс, Йӕ диссаджы хъӕлӕс ныггыбар-гыбур кӕны — алы ранмӕ дӕр хъуысы. 5 Дисы ӕфтауы Хуыцауы хъӕлӕс, зонд нӕ ахсы Йе стыр хъуыддӕгтӕ. 6 Митӕн фӕзӕгъы: „Зӕхх ӕрӕмбӕрз!“, къӕвдатӕн: „Тынгдӕр уарут!“ 7 Алкӕй къухыл — Йӕ нысан, цӕмӕй Йын алчи Йӕ хъуыддӕгтӕ зона. 8 Сӕ хуыккӕмттӕм алидзынц сырдтӕ ӕмӕ ӕрныгъуылынц уым. 9 Сусӕг ӕвӕрӕнтӕй рацӕуы тымыгъ, абухгӕ дымгӕтӕ ’рбахӕссынц уазал. 10 Хуыцауы ӕрбаулӕфтӕй равзӕры их, ныхъхъӕбӕр вӕййы доны уӕлцъар. 11 Хуыцау мигътӕ байдзаг кӕны донӕй, арвӕрттывдтӕ райдзӕгъды ӕврӕгътӕй. 12 Мигътӕ Йӕ фӕндонӕй зилдух кӕнынц, сӕ хуыз аивынц; Уый сын куыд фӕзӕгъы, афтӕ кӕнынц ӕгас зӕххы къорийыл. 13 Куы Хуыцауы цӕф, куы та Йӕ хорзӕх ӕрхӕссынц зӕхмӕ. 14 Фӕлӕуу, Иов, ӕрбайхъус, Хуыцауы диссӕгтыл ахъуыды кӕн! 15 Зоныс ӕй, мигътӕ Хуыцауы коммӕ куыд кӕсынц, арвӕрттывдӕй куыд ныррухс кӕны мигъ? 16 Зоныс, мигътӕ арвастӕу куыд лӕууынц? Уый алцыдӕр зоны ӕххӕстӕй, диссаг сты Йӕ хъуыддӕгтӕ. 17 Хуссайраг дымгӕ зӕххыл куы рауадзы, уӕд сфыцыс дӕ дарӕсы. 18 Мыййаг, ды Йемӕ нӕ айтыгътай уӕлӕрвтӕ, джиппыуагъд айдӕнау фидар чи у, уыдон? 19 Бацамон нын, цы Йын зӕгъӕм, — ацы сӕудары мах нӕ сӕрӕн ницыуал зонӕм. 20 Йемӕ мӕ ныхас кӕнын кӕй фӕнды, уый йын ӕз куыд фехъусын кӕнон — мӕхимӕ мӕ къух исын? 21 Никӕй бон у хурмӕ кӕсын, арвыл тӕмӕнтӕ куы фӕкалы, дымгӕ мигътӕ куы асуры, уӕд. 22 Цӕгатӕй фӕзыны сыгъзӕрин цӕхӕр — Хуыцауы диссаджы рӕсугъддзинад тасы ӕфтауы! 23 Ӕппӕтхъомысыл не ’ххӕссы нӕ зонд. Йӕ хъомысӕй, Йӕ раст тӕрхонӕй цытджын у. Йӕ рӕстад у ӕгӕрон, Уый никӕй ӕфхӕры. 24 Уымӕ гӕсгӕ, йӕхи зондджын чи хоны, уыдон Дзы иууылдӕр тӕрсӕнт, уӕлзонд кӕмӕ ис, уыдон иууылдӕр ризӕнт Йӕ разы!» |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia