Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Иовы чиныг 36 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Ӕмӕ Елигу дзырдта дарддӕр:

2 «Чысыл-ма мын бабыхс, ӕмӕ дын зӕгъон Хуыцауы тыххӕй ноджы мӕ зӕгъинаг.

3 Дардӕй райдайдзынӕн мӕ ныхас, цӕмӕй ме Скӕнӕджы рӕстдзинад равдисон.

4 Дызӕрдыг ма кӕн — ницы мӕнг зӕгъдзынӕн, мӕнӕйуый цы дзуры, уый бӕлвырд зоны.

5 Хуыцау хъомысджын у ӕмӕ Йӕхи нӕ атигъ кӕндзӕн, фидар зӕрдӕ кӕмӕн ис, ууыл.

6 Фыдгӕнӕджы нӕ ныууадздзӕн ӕгасӕй, ӕфхӕрдӕн та раст тӕрхон скӕндзӕн.

7 Рӕстудӕй нӕ аздахдзӕн Йе ’ргом, паддзӕхтимӕ йӕ ӕмсӕр скӕндзӕн, мыггагмӕ йӕ сбӕрзонд кӕндзӕн.

8 Хъадамантӕ куы бакӕной адӕймагыл, бӕллӕхтӕ йыл куы ӕртыхсой,

9 уӕд ын уымӕй та амоны йӕ тӕригъӕдтӕм, сӕрыстыр кӕй у, уымӕ,

10 ӕмӕ йын Уый йӕ хъустӕ хъусынӕн кӕй гом кӕны ӕмӕ йӕ раст фӕндагыл кӕй аразы.

11 Кӕд Йӕ коммӕ бакӕсой ӕмӕ Йын лӕггад кӕной, уӕд арфӕйаг уыдзӕни сӕ кӕрон, райгӕ арвитдзысты сӕ царды бонтӕ.

12 Кӕд ӕмӕ Йӕ коммӕ нӕ бакӕсой, уӕд та искӕй къухӕй амӕлдзысты, се ’нӕзонды аххосӕй бабын уыдзысты.

13 Ӕнӕхуыцӕутты зӕрдӕтӕ мастӕй йедзаг сты, хъадамантӕ сыл куы бакӕной, уӕд дӕр Хуыцаумӕ ӕххуысагур нӕ дзыназдзысты.

14 Ӕвзонгӕй амӕлынц кувӕндоны хъахбайтау.

15 Фӕлӕ мӕгуыр лӕджы Уый фервӕзын кӕны фыдбылызӕй, йӕ бафхӕрды фӕрцы йын байгом кӕны йӕ хъустӕ.

16 Дӕу дӕр уынгӕг ранӕй бӕргӕ ракӕнид, де уӕнгтӕ парахатӕй куыд айтынг кӕнай; дзаг фынгыл дӕ ӕрбадын кӕнид.

17 Фӕлӕ дӕумӕ ӕнӕхуыцӕутты зондахаст ис: хъуыды кӕныс тӕрхон ӕмӕ тӕрхоныскъуыдыл.

18 Дӕхи хъахъхъӕн, Йӕ азар дӕ куы баййафа, уымӕй, уӕд дӕ иу ахӕстаргъ дӕр нӕ фервӕзын кӕндзӕн.

19 Хъӕздыгдзинады фӕрцы фыдбылызӕй фервӕздзынӕ? Де ’ппӕт хъарутӕ куы бахардз кӕнай, уӕд дӕр фыдбылызӕй нӕ фервӕздзынӕ.

20 Адӕмтӕн се сӕфт куы ралӕудзӕн, уыцы фыдӕхсӕвмӕ ма бӕлл!

21 Тӕригъӕдӕй дӕхи хиз — фыдӕвзарӕнты дзӕгъӕлы нӕ бахаудтӕ.

22 Хуыцауы хъомыс ӕгӕрон у. Уый хуызӕн зондамонӕг кӕм и?

23 Уымӕн фӕндаг чи бацамондзӕн? Чи Йын зӕгъдзӕн: „Раст нӕ кӕныс?“

24 Ма Йын рох кӕн Йӕ хъуыддӕгтӕ стауын, адӕм кады зарджытӕ кӕуыл скодтой, уыдон.

25 Алчидӕр сӕ уыны, адӕммӕ дардмӕ дӕр зынынц.

26 Стыр Хуыцауы махӕн нӕ бон базонын нӕу, Йӕ азты нымӕцӕн банымайӕн нӕй.

27 Уый ӕрӕмбырд кӕны доны ’ртӕхтӕ, ӕмӕ сӕ къӕвдайы ’ртӕхтӕ фестын кӕны.

28 Ӕврӕгътӕй ӕркӕлынц, сахайӕ адӕмы ныххуылыдз кӕнынц.

29 Чи бамбардзӕн, мигътӕ куыд тӕхынц, уый, ӕрвнӕрды гыбар-гыбур — Йӕ цатыры?

30 Мӕнӕ ныррухс кодта мигътӕ, денджызы бын балӕууыдысты Йӕ фӕттӕ.

31 Афтӕ тӕрхон кӕны адӕмтӕн ӕмӕ сын парахатӕй хойраг ратты.

32 Уый Йӕ армы арвӕрттывд дары, кӕдӕм цӕвын хъӕуы, уый йын амоны.

33 Арвы гыбар-гыбур дзуры Йе ’рбацыдыл, фыддзинадмӕ Йӕ маст кӕй рафыхти, ууыл.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan