Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Иовы чиныг 35 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Ӕмӕ дзырдта Елигу дарддӕр:

2 «Афтӕ дӕм кӕсы, ӕмӕ рӕстдзинад де ’рдыгӕй ис? Ды загътай: „Ӕз Хуыцауӕй растдӕр дӕн ӕви?“

3 Ды зӕгъыс: „Цы уӕлдай мын у, растӕй цӕрон ӕви тӕригъӕды цӕуон?“

4 Ӕз дӕуӕн ӕмӕ дӕ хӕлӕрттӕн дзуапп ратдзынӕн уый фӕдыл:

5 арвмӕ скӕс ӕмӕ фен — мигътӕ дӕуӕй цас бӕрзонддӕр сты!

6 Тӕригъӕды куы бацӕуай, уӕд Уымӕн цы у? Дӕ фыдракӕндтӕ куы сбирӕ кӕнай, уӕд Уымӕн цы уыдзӕн?

7 Рӕстӕй куы цӕрай, уӕд дзы Уымӕн цы пайда ис? Дӕ бон ын раттын цы у?

8 Ды дӕ тӕригъӕдӕй дӕхи хуызӕттӕн хӕссыс зиан, дӕ рӕстдзинад адӕмы цӕсты ахады ӕрмӕстдӕр.

9 Ссӕст адӕм сӕ уӕзы бын хъӕрзынц, се ’фхӕрджыты къухы бын дзыназынц,

10 фӕлӕ иу афтӕ зӕгъӕг нӕй: „Кӕм ис Хуыцау, ме Скӕнӕг, сау бон зарынӕй Чи раивы,

11 фосӕй уӕлдай нын зонд Чи радта, тӕхаг мӕргътӕй хъауджыдӕр нӕ ӕмбаргӕ Чи скодта?“

12 Фӕлӕ вӕййы, дзыназынц Ӕм ӕххуысӕнхъӕл, ӕмӕ сын Уый ӕнаккӕгты сӕрыстырдзинады аххосӕй дзуапп нӕ ратты.

13 Хуыцау тутт ныхӕстӕм нӕ хъусы, Ӕппӕтхъомыс уыдӕттӕ ницӕмӕ дары.

14 Ды дзурыс, нӕ Йӕ уыныс, зӕгъгӕ, фӕлӕ дын Уый дӕ хъуыддаг ӕвзары, ӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕс.

15 Дӕумӕ гӕсгӕ, Йӕ маст ӕгӕр уромы, адӕмӕн сӕ тӕригъӕдтӕ нӕ уыны?

16 Уӕдӕмӕ дзӕгъӕлдзырд кӕны Иов, ӕмбаргӕ ницы кӕны, афтӕмӕй бирӕ дзуры».

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan