Иовы чиныг 34 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст1 Ӕмӕ дзырдта Елигу дарддӕр: 2 «Ӕрбайхъусут мӕм, куырыхонтӕ, уӕ хъус мӕм ӕрбадарут, зондджынтӕ! 3 Уымӕн ӕмӕ хъус ныхас ӕвзары, ком та ад зоны. 4 Равзарӕм-ма уӕдӕ мах, раст цы у, уый ӕмӕ, хорз цы у, уый раст раиртасӕм! 5 Мӕнӕ Иов загъта, ӕз, дам, раст дӕн, Хуыцау та мын мӕ хъуыддаг не ’взары. 6 Раст, дам, дӕн, афтӕмӕй мӕ сайӕгойыл банымадтой. Азымджын нӕ дӕн, фӕлӕ мӕ хъӕдгӕмттӕн сдзӕбӕхгӕнӕн нӕй. 7 Искуы ма Иовы хуызӕн адӕймаг ис, хынджылӕг ӕмӕ джидзӕг кӕнын дон нуазынӕй уӕлдай кӕмӕн нӕу? 8 Ӕнӕхуыцӕуттимӕ ӕмзонд у уый, фыдгӕнӕгау галиу фӕндагыл цӕуы. 9 Уымӕн ӕмӕ зӕгъы, Хуыцауы зӕрдӕ ’лхӕнынӕй адӕймагӕн цы пайда ис, зӕгъгӕ. 10 Уӕдӕ мӕм ӕрбайхъусут, куырыхонтӕ: Хуыцаумӕ ницы ис ӕнӕрастӕй, Ӕппӕтхъомыс галиу тӕрхон нӕ рахӕсдзӕн. 11 Адӕймагӕн йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ бафиды, чи цы аккаг у, уый айсы. 12 Ӕцӕг, Хуыцаумӕ ницы ис ӕнӕрастӕй, Ӕппӕтхъомыс раст тӕрхон не сзыгъуыммӕ кӕны. 13 Чи Йӕ сӕвӕрдта хицауӕй зӕххы цъарӕн? Чи Йын радта Йӕ къухтӕм ӕнӕхъӕн дуне? 14 Уый Йӕ зӕрдӕ куы сӕхгӕнид, Йӕ комулӕфт, Йӕ царды комулӕфт фӕстӕмӕ куы райсид, 15 уӕд алы цардуд дӕр ӕрбамӕлид, уӕд адӕймаг фӕстӕмӕ сыджыт фестид. 16 Йӕ сӕры зонд кӕмӕн ис, уый ӕрбайхъусӕд, лӕмбынӕг байхъусӕд мӕ ныхӕстӕм! 17 Рӕстдзинад йӕ цӕстысындз кӕмӕн у, уый хицауиуӕг куыд хъуамӕ кӕна? Раст ӕмӕ Хъомысджыны ды аххосджын куыд хъуамӕ кӕнай? 18 Исчи ма паддзахӕн, цъаммар, зӕгъгӕ, дзуры, исчи ма уӕздӕттӕн, ӕнаккӕгтӕ, зӕгъгӕ, фӕзӕгъы? 19 Фӕлӕ Уый бардартӕн цурон митӕ нӕ кӕны, Уый хъӕздыг лӕджы мӕгуырӕй уӕлдӕр не ’вӕры, уымӕн ӕмӕ се ’ппӕтӕн дӕр се Скӕнӕг у Уый. 20 Ӕваст ӕрбамӕлынц адӕм ӕхсӕвы тары, зӕрдӕнкъусӕг цӕфӕй сӕ кӕрон ӕрцӕуы; кӕйдӕр къухӕй нӕ бабын вӕййы хъомысджын. 21 Уымӕн ӕмӕ Хуыцау Йӕ цӕст дары адӕмы фӕндӕгтӕм, сӕ алы къахдзӕф дӕр сын уыны. 22 Зӕххыл ахӕм саудалынг, ахӕм мӕрдон тар нӕй, фыдгӕнджытӕ Уымӕй сӕхи кӕм бааууон кӕной. 23 Хуыцау адӕймагмӕ бӕлвырд рӕстӕджы тӕрхонмӕ нӕ сиды. 24 Ӕнӕ рафӕрс-бафӕрсӕй ныддӕрӕн кӕны тыхджынты ӕмӕ сын сӕ бынаты ӕндӕрты сӕвӕры. 25 Сӕ хъуыддӕгтӕ сын хорз зоны ӕмӕ сӕ иу ӕхсӕвмӕ фесафы. 26 Фыдгӕнджытау сӕ адӕмы раз бафхӕры; 27 сӕхи Йыл кӕй атигъ кодтой, Йӕ фӕндӕгтӕ сӕ хъуыдыйы дӕр кӕй нӕ уыдысты, уый тыххӕй. 28 Сыхъуысти Йӕм мӕгуырты ӕрдиаг, Уый фехъуыста ӕфхӕрд адӕмы уынӕргъын. 29 Хъусӕй куы лӕууа, уӕд ӕй азымы чи бадардзӕн? Йӕ цӕсгом куы бамбӕхса, уӕд Ӕй фенын кӕй бон суыдзӕн? Уый ӕппӕт адӕммӕ дӕр ӕмӕ иу адӕймагмӕ дӕр хауы, 30 цӕмӕй паддзахиуӕг ма кӕна ӕнӕхуыцау ӕмӕ адӕмӕн ахсӕн хыз ма феста. 31 Фӕлтау зӕгъ Хуыцауӕн: „Бафхӕрдтай мӕ — ныр мӕхи тӕригъӕдӕй хиздзынӕн. 32 Ӕнӕбары кӕд истӕмӕй фӕрӕдыдтӕн, уӕд та мын ӕй бацамон, цӕмӕй амӕй фӕстӕмӕ мауал рӕдийон“. 33 Дӕ рӕдыдыл дӕр куы нӕ сӕттыс, уӕд цы хорзмӕ ’нхъӕлмӕ кӕсыс? Равзарын мӕнмӕ нӕ, фӕлӕ дӕумӕ хауы, кӕд исты зоныс, уӕд дзургӕ кӕн. 34 Ӕмбаргӕ адӕмӕй мӕм чи хъусы, уыдон, стӕй куырыхонтӕ зӕгъдзысты: 35 „Иов йӕхӕдӕг дӕр, цы дзуры, уый нӕ зоны, ӕнӕсӕрфат сты йӕ ныхӕстӕ“. 36 О, ноджы тынгдӕр ӕфхӕрд куы баййӕфтаид Иов — ӕнӕхуыцӕутты ’взагӕй дзуры! 37 Йӕ тӕригъӕдтӕй уӕлдай ма ноджы змӕнтӕг дӕр у, йӕ къухтӕ ныл сцӕгъды ӕмӕ Хуыцауы ныхмӕ дзурынӕй не ’нцайы». |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia