Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Иовы чиныг 33 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Хъус, уӕдӕ, Иов, мӕ ныхӕстӕм, иунӕг дӕр дзы ма ауадз!

2 Мӕнӕ ӕз байгом кодтон мӕ дзых, ӕмӕ ме ’взаг дзурынмондагӕй сӕфы.

3 Мӕ ныхӕстӕ мӕ сыгъдӕг зӕрдӕйӕ цӕуынц, ӕмӕ мӕ дзыхӕй рӕстдзинад йеддӕмӕ ницы схаудзӕн.

4 Мӕн сфӕлдыста Хуыцауы Уд, царды комулӕфт мӕ бауагъта Ӕппӕтхъомыс.

5 Кӕд дӕ бон у, уӕд мын дзуапп ратт, кӕд дӕ ныфс хӕссыс, уӕд мӕ ныхмӕ ралӕуу.

6 Ӕппӕтхъомысы раз ӕз ӕмӕ ды иухуызон стӕм, ӕз дӕр дӕуау ӕлыгӕй конд дӕн.

7 Уымӕ гӕсгӕ дӕ ӕз тасы нӕ бафтаудзынӕн, мӕ къухы уӕз мын нӕ бамбардзынӕ.

8 Мӕхи хъустӕй фехъуыстон дӕ ныхас, мӕ хъустыл уайы ныр дӕр ма:

9 Сыгъдӕг, дам, дӕн ӕз, ӕнӕкъӕм, ницы азым мӕм ис, сыгъдӕг дӕн.

10 Афтӕмӕй мӕ Хуыцау аххосджын кӕны, знаг мӕ фестын кодта Йӕхицӕн.

11 Мӕ къӕхтыл мын сахсӕнтӕ бакодта, мӕ алы къахдзӕфмӕ дӕр кӕсы.

12 Ӕз та дын уый зӕгъын, ӕмӕ раст нӕ дӕ: ӕнӕмӕнг, Хуыцау адӕймагӕй уӕлдӕр у!

13 Цы быцӕу кӕныс Йемӕ, мӕ фарстӕн мын дзуапп нӕ дӕтты, зӕгъгӕ?

14 Ӕцӕгдӕр, Хуыцау иу кӕнӕ иннӕ хуызы фӕзӕгъы, фӕлӕ Йӕ не ’мбарынц.

15 Фыны, ӕхсӕвыгон тарф фынӕй куы бавӕййы адӕймаг йӕ хуыссӕны,

16 уӕд ын Хуыцау йӕ хъус байгом кӕны ӕмӕ йын Йӕ зондамынд фӕзӕгъы,

17 цӕмӕй адӕймаджы бахиза исты ’взӕрдзинад саразынӕй, сӕрыстыр уӕвынӕй.

18 Цӕмӕй адӕймаг былӕй ма ахауа, цӕмӕй карды комыл ӕфтыд ма фӕуа.

19 Науӕд та адӕймагӕн низы фӕрцы бамбарын кӕны, бабӕтты йӕ хуыссӕнмӕ, йе стджыты рыст нал фӕуромы,

20 ӕмӕ уӕд хойрагыл йӕхи атигъ кӕны, цы хуыздӕр хӕринӕгтӕ нал фӕмысы.

21 Йӕ буар рафты, царм ӕмӕ стджытӕ фесты.

22 Мӕлӕты къахыл ныллӕууы, удхӕссӕг ӕм ӕрбахӕстӕг вӕййы.

23 Фӕлӕ Йын мин Хъахъхъӕнӕг зӕдӕй иу йӕ рӕстдзинады тыххӕй куы бакой кӕна,

24 куы йын батӕригъӕд кӕна ӕмӕ куы зӕгъа, ингӕнмӕ йӕ ма ауадз, ӕз ын ахӕстаргъ ссардтон, зӕгъгӕ,

25 уӕд та фӕстӕмӕ райтынг уыдзӕн йӕ буар, ӕрыгонӕй куыд уыдис, афтӕ, раздӕхдзӕн та йӕм йе ’взонджы бонты хъару.

26 Хуыцау ын йӕ куывд айсдзӕн, Йе ’ргом ӕм раздахдзӕн, йӕ рӕстдзинады тыххӕй йын Йӕ хорзӕхӕй схайджын кӕндзӕн.

27 Ӕмӕ уӕд адӕмы раз зӕгъдзӕн: „Ӕз тӕригъӕды бацыдтӕн, рӕстдзинад сзыгъуыммӕ кодтон, фӕлӕ мын Хуыцау мӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ нӕ бафыста,

28 мӕлӕтӕй мӕ фервӕзын кодта, ӕмӕ та рухс уынын“.

29 Хуыцау адӕймагӕн ӕппӕт уыдӕттӕ бавзарын кӕны, стӕй ма ноджы дыууӕ-ӕртӕ хатты фыддӕртӕ,

30 цӕмӕй йӕ ингӕнӕй бахиза, цӕмӕй йыл царды хур ракӕса.

31 Байхъус мӕм, Иов, лӕмбынӕг, ды дӕ дзыхыл хӕц, ӕмӕ дын ӕз дзурон,

32 фӕлӕ дӕм кӕд исты зӕгъинаг ис, уӕд мын дзуапп ратт: раст кӕй дӕ, ууыл мӕ баууӕндын фӕндид.

33 Кӕд, цы зӕгъай, уый дын нӕй, уӕд мӕнмӕ байхъус. Ды дӕ дзыхыл хӕц, ӕмӕ дын ӕз зонд бацамонон».

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan