Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Иовы чиныг 32 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Елигуйы ныхас Иовӕн

1 Иов йӕ рӕстдзинадыл дызӕрдыг нӕ кӕны, уый куы бамбӕрстой йе ’ртӕ хӕлары, уӕд ныхъхъус сты, ницыуал ӕм дзырдтой.

2 Ӕмӕ уӕд Барахелы фырт Елигуйӕн йӕ маст рафыхти. Елигу уыдис Бузийы байзӕддӕгтӕй, Рамы мыггагӕй. Иовмӕ уымӕн смӕсты ис, ӕмӕ уый йӕхи Хуыцауӕй растдӕр хуыдта,

3 ӕртӕ хӕлармӕ та уымӕн, ӕмӕ Иовы ныхмӕ исты сдзурынӕн аккаг ныхӕстӕ не ссардтой.

4 Елигу Иовӕн исты зӕгъынмӕ тагъд нӕ кодта, уымӕн ӕмӕ иннӕтӕ уымӕй хистӕр уыдысты.

5 Уымӕй уӕлдай сӕ бон зӕгъын ницыуал у, уый куы федта, уӕд смӕсты ис.

6 Елигу, Барахелы фырт, Бузийы байзӕддаг, загъта: «Ӕвзонг дӕн ӕз, сымах та стут зӕронд, ӕмӕ ӕфсӕрмӕй мӕ хъуыды ӕз нӕ загътон раздӕр.

7 Дзырдтон мӕхицӕн: хистӕртӕ уал дзурӕнт, кардзыд адӕм ахуыр кӕнӕнт уӕлзондыл.

8 Фӕлӕ адӕймагӕн йӕ мидӕг ис царды комулӕфт, уд, Ӕппӕтхъомысы комулӕфт ӕй схайджын кӕны зондӕй!

9 Зонд кӕстӕр ӕмӕ хистӕрӕй нӕу, хъуыддаг раст ӕрмӕстдӕр карджын нӕ равзары.

10 Уӕдӕ мӕнмӕ дӕр ӕрбайхъусут, ӕмӕ ӕз дӕр зӕгъон мӕ хъуыды.

11 Ӕнхъӕлмӕ уӕм фӕкастӕн, цалынмӕ сымах уынаффӕтӕ кодтат ӕмӕ ныхӕстӕ агуырдтат, уӕдмӕ.

12 Кӕсын, ӕмӕ уӕ иу дӕр Иовы ныхмӕ ницы загъта, йӕ ныхӕстӕн ын дзуапп нӕ радта.

13 Афтӕ уӕм ма кӕсӕд, ӕмӕ уӕлзондӕй схайджын стут, Хуыцау, дам ӕй багӕды кӕнӕд, адӕймаг нӕ, фӕлӕ!

14 Мемӕ нӕ дзырдта Иов, ӕмӕ йын сымах хуызӕн дзуапп нӕ ратдзынӕн.

15 Фӕтарстысты, хъусӕй лӕууынц, цы зӕгъой, уый сын нал ис.

16 Ӕнхъӕлмӕ уӕм фӕкастӕн ӕмӕ, кӕд ницыуал зӕгъинаг стут, кӕд афтӕ хъусӕй лӕудзыстут,

17 уӕд ын ӕз хъуамӕ дзуапп раттон, ӕз дӕр ын мӕ хъуыды зӕгъон.

18 Уымӕн ӕмӕ мӕ ныхӕстӕ мӕ былалгъмӕ схӕццӕ сты, мӕ уд мӕ хуылфы скатай ис,

19 ног сӕнӕй йедзаг ӕмӕ ӕхгӕд лалымау фӕйнӕрдӕм атоныны ӕввонг дӕн.

20 Куы сдзурон, уӕд мын фенцондӕр уыдзӕн, хъуамӕ мӕ дзых байгом кӕнон ӕмӕ исты зӕгъон.

21 Мӕ разы чифӕнды дӕр уӕд, цурон ныхасмӕ мӕм мачи ӕнхъӕлмӕ кӕсӕд.

22 Уымӕн ӕмӕ цӕстмӕхъус ныхас мӕ удысконды нӕй, фӕлтау мӕ фесафӕд ме Скӕнӕг!

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan