Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Иовы чиныг 31 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Мӕ цӕстытимӕ баныхас кодтон, сылгоймагмӕ ӕнӕфсарм каст кӕй нӕ бакӕндзынӕн.

2 Фӕлӕ мын цы ныхфыст ис уӕларвон Хуыцауӕй? Фӕлӕ мын цы исбон лӕвӕрд ис Ӕппӕтхъомысӕй, уӕларвӕй?

3 Ау, фыдбылызы хъуамӕ тӕригъӕдджын ма бахауид, фыдгӕнӕгӕн ма ӕрцӕуид йе сӕфт?

4 Ӕви мын Хуыцау мӕ фӕндӕгтӕ нӕ уыны, ӕви мын мӕ алы къахдзӕф дӕр нӕ нымайы?

5 Кӕд, мыййаг, галиу митыл фӕцалх дӕн, кӕд мӕ къӕхтӕ мӕнгдзинады фӕдыл цыдысты,

6 уӕд мӕ раст тӕрӕзтыл сбарӕнт, ӕмӕ Хуыцау базондзӕн, ӕнӕкъӕм кӕй дӕн, уый.

7 Кӕд мӕ фӕндагӕй иуварс фӕзылдтӕн, мыййаг, кӕд мӕ зӕрдӕ мӕ цӕстыты фӕдыл адзӕгъӕл, ӕмӕ къухтӕ истӕмӕй фӕчъизи сты,

8 уӕд, цы байтыдтон, уый искӕмӕн хӕринаг фӕуӕд, мӕ хуымы цы ’рзади, уыдон мын сӕ бындзарӕй стындӕуӕд!

9 Кӕд сылгоймагмӕ мондаг кодтон ӕмӕ-иу искӕй дуармӕ бахъуызыдтӕн,

10 уӕд мӕ бинойнаг ӕндӕрӕн ӕруат кӕнӕд, искӕй хӕзгул суӕд.

11 Уымӕн ӕмӕ уый у тӕригъӕд, тӕрхоны аккаг фыдракӕнд,

12 суанг Аваддонмӕ чи ӕркӕны, ахӕм бынсыгъдгӕнӕг арт, ӕмӕ мӕ тыллӕг ӕд уидӕгтӕ йӕ амӕттаг фӕуыдаид.

13 Кӕд ӕз, сылгоймагӕй уа, нӕлгоймагӕй, мӕ хӕдзары кусджыты бартӕ ницӕмӕ дардтон ӕмӕ сын сӕ хъаст не ’взӕрстон,

14 уӕд цы зӕгъдзынӕн, Хуыцау мӕ ныхмӕ куы ралӕууа ӕмӕ мӕ дзуапп куы ӕрдома, уӕд?

15 Мӕн дӕр ӕмӕ уыдоны дӕр мады гуыбыны Уый нӕ равзӕрын кодта? Нӕ дыууӕты дӕр мады гуыбыны Уый не сфӕлдыста?

16 Мӕгуыр лӕджы искуы афтидармӕй мӕ дуарӕй аздӕхтон, сидзӕргӕсы искуы ӕнхъӕлмӕгӕсгӕйӕ ныууагътон?

17 Ау, мӕ къӕбӕр искуы сусӕгӕй бахордтон, сидзӕрӕн-иу дзы нӕ фӕхай кодтон?

18 Мӕ рагбонтӕй нырмӕ ӕз сидзӕртӕн уыдтӕн фыдау, мӕ райгуырдӕй фӕстӕмӕ сидзӕргӕсӕн йе ’нцой лӕууыдтӕн.

19 Дарӕсхъуаг чи уыд ӕмӕ уазалӕй чи мард, уыцы мӕгуырмӕ кӕд искуы уазалцӕстӕй кастӕн,

20 кӕд-иу йе уӕнгтӕ не схъарм сты мӕ фӕрцы, кӕд ӕй мӕ уӕрыччыты хъуын нӕ бахъарм кодта;

21 кӕд искуы сидзӕрмӕ мӕ къух систон, тӕрхон мӕ фарс кӕй уыдзӕн, уый ныфсӕй,

22 уӕд мӕ къух йӕ рӕбыныл ахауӕд, уӕд мӕ цонг ме уӕхскӕй фӕиртӕсӕд!

23 Ӕз Хуыцауы азарӕй тынгдӕр ницӕмӕй тарстӕн, Йе стырады раз ахӕм исты ракӕнын нӕ бауӕндыдаин.

24 Ме скаст сыгъзӕринмӕ куы уыдаид, мӕ зӕрдӕ куы дардтин хӕзнайыл,

25 куы цин кодтаин мӕ бирӕ мулкыл, мӕ къухты бӕркадыл;

26 хуры тӕмӕны уындӕй, мӕйы хъал цыдмӕ кӕсгӕйӕ,

27 мӕ зӕрдӕйы мидӕг куы бабӕллыдаин ӕмӕ мӕхи къухыл, табугӕнгӕйӕ, мӕ былтӕ куы авӕрдтаин,

28 уӕд мын уый тыххӕй дӕр тӕрхон кӕнын хъуыдаид, уӕд уый дӕр Бӕрзӕндтыл Бадӕг Хуыцауы раз гадзрахатдзинад уыдаид.

29 Ау, искуы ӕз ме знаджы сӕфтыл ферадтӕн, искуы йын йӕ фыдбылызыл бацин кодтон?

30 Мӕ дзыхы ныхасӕй тӕригъӕды никуы бацыдтӕн, амӕл, зӕгъгӕ йӕ не ’лгъыстон.

31 Мӕ цатыры нӕ дзырдтой адӕм, тӕхуды, йӕ фыдызгъӕлӕй нӕ куы бафсадид, зӕгъгӕ.

32 Фӕндаггон-иу ӕхсӕвыгон уынджы нӕ баззад, мӕ дуар ын кӕддӕриддӕр гом уыд.

33 Мыййаг, кӕд иннӕтау ӕз дӕр мӕ тӕригъӕдтӕ арф ӕмбӕхстон,

34 уӕд ӕз тӕрсин дзыллӕйӕ, мӕ мыггаг мыл ӕлгъ куы кӕной, уымӕй, ӕмӕ мӕ дзых ныххуыин, хӕдзарӕй ӕддӕмӕ дӕр нал ракӕсин.

35 О, исчи мӕм куы байхъусид! Цы загътон, уыдонӕй алцӕуыл дӕр ӕз мӕ къух ӕвӕрын, ӕмӕ мын Ӕппӕтхъомыс дзуапп раттӕд, мӕ Аххосгӕнӕг ныффыссӕд, цӕй мидӕг ис мӕ азым.

36 Ӕз уыцы фыст ме ’ккой скӕнин, мӕ сӕрыл ӕй кады худау ӕркӕнин.

37 Мӕ алы къахдзӕф дӕр Хуыцауӕн раргом кӕнин, Йӕ размӕ рацӕуин ӕлдарау.

38 Кӕд мӕ тӕригъӕдтӕ зӕххӕн уӕз кӕнынц ӕмӕ йӕ алы ауӕдз дӕр хъаст кӕны мӕнӕй;

39 кӕд ын йӕ тыллӕгӕй лӕвар пайда кодтон, ӕмӕ мӕ зӕхкусджытӕ сӕ хъуырмӕ систы,

40 уӕд мӕнӕуы бӕсты какон сындзытӕ ’рзайӕд, хъӕбӕрхоры бӕсты — хӕмпӕлгӕрдӕг». Ууыл йӕ ныхас фӕци Иов.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan