Иовы чиныг 30 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст1 Ныр та мыл мӕхицӕй кӕстӕртӕ худынц, мӕ фыййау куыйтӕм дӕр хӕстӕг кӕй нӕ бауагътаин, уыдон: 2 сӕ къухты хъару мӕ кӕм хъӕуы, стӕй ма сӕм цӕй хъару ис? 3 Ӕххормаг ӕмӕ гӕвзыккӕй басасти сӕ хъару, афтӕмӕй хъеллау кодтой гӕныстон быдырты, тары. 4 Маст кӕрдӕджытӕ ӕууылдтой, ӕхсӕлыйы уидаг — сӕ хойраг. 5 Адӕм сӕ ӕввахс нӕ уагътой сӕхимӕ, сӕ фӕдыл-иу хъӕр кодтой, цыма къӕрныхтӕ уыдысты, уыйау. 6 Ахӕмтӕ хуыскъ адӕгты скӕнынц бынат, къӕдзӕхы ’хсӕнты, зӕххы скъуыдты ӕрцӕрынц. 7 Къутӕртӕй сӕ ниуын цӕуы, хӕмпӕлгӕрдӕджы бын батымбылтӕ вӕййынц. 8 Хъодыгонд адӕм, ном кӕмӕн нӕй, уыцы фидиссӕгтӕ, алы ранӕй дӕр — тард! 9 Ӕмӕ ма суанг уыдонӕн дӕр ӕз фӕндырты цӕгъдинаг фӕдӕн. 10 Былысчъилӕй мӕ сӕхи иуварс ласынц, ӕнӕфсӕрмӕй мыл ту кӕнынц. 11 Ӕдых, ӕнӕбон мӕ скодта Хуыцау, ӕмӕ сӕ бӕттӕнтӕ райхӕлдтой. 12 Рахизӕрдыгӕй мыл сӕхи ныццӕвынц, ӕмӕ куы ахауын, уӕд сӕхи марынмӕ ӕрцӕттӕ кӕнынц. 13 Мӕ фӕндӕгтӕ мын сӕхгӕдтой, фыдбылыз мын цӕттӕ кӕнынц, ӕмӕ сӕ бауромӕг нӕй. 14 Цыма искуыцӕй раирвӕзтысты, уыйау мыл ӕваст сӕхи ныццавтой. 15 Дудгӕбон акодта мӕ сӕрыл, мӕ кад мын дымгӕмӕ ныддардӕуыд, мӕ цардамонд ӕврагъау атади. 16 Хъизӕмарӕй мӕлын, саубон мыл акодта. 17 Ме стджыты рыстӕй ӕхсӕвыгон ӕнцой нал зонын. 18 Мӕ дарӕс мын скъуынынц мӕ уӕлӕ, ме ’фцӕгготмӕ мын лӕбурынц. 19 Цъыфы мӕ ныппӕрста Уый, ӕмӕ рыг фестадтӕн, бартхутӕг дӕн. 20 О Хуыцау, дзыназын Дӕм, фӕлӕ мын дзуапп нӕ дӕттыс, Дӕ разы лӕууын, фӕлӕ мӕм Ды кӕсгӕ дӕр нӕ кӕныс. 21 Ӕгъатыр сдӕ мемӕ, Дӕ хъомысджын къух мӕ не здахыс. 22 Дӕ уӕлныхты мӕ фелвӕстай, дымгӕмӕ мӕ ныддардтай, мӕ бындзарӕй мӕ ныууыгътай. 23 Зонын ӕй, маргӕ мӕ кӕныс, удӕгӕстӕ иууылдӕр кӕдӕм бацӕуынц, уырдӕм у мӕ фӕндаг. 24 Ӕнӕуи дӕр, мӕлӕты къахыл чи лӕууы ӕмӕ фӕдисхъӕр чи кӕны, уымӕ ма йӕ къух чи сисы? 25 Ау, зын раны чи бахауди, уыдоныл нӕ хъыг кодтон? Ау, мӕ зӕрдӕ нӕ рысти мӕгуыры тӕригъӕдӕй? 26 Хорзмӕ куы ’нхъӕлмӕ кастӕн, уӕд мӕ сӕр фыдбылыз баййӕфта, рухсмӕ куы ’нхъӕлмӕ кастӕн, уӕд мыл бон баталынг ис. 27 Мӕ хуылф мӕстӕй судзы ӕдзухдӕр, сау бонтӕ мӕ уӕгъд нӕ уадзынц. 28 Сӕудары хъеллау кӕнын, адӕммӕ ӕххуысмӕ сидын. 29 Хъӕддаг куыйтӕн ӕфсымӕр сдӕн, страустӕн — хӕлар. 30 Мӕ царм ныссау ис, алӕбырди мӕ уӕлӕ, ме стджытӕ мӕ буары тӕвдӕй судзынц. 31 Мӕ хъисфӕндыр хъарӕг кӕны, мӕ уадындз дзыназы, кӕуӕгау. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia