Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Иовы чиныг 3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Иовы хъарӕг

1 Иов дзурын райдыдта ӕмӕ, дунемӕ цы бон фӕзынди, уый фелгъыста.

2 Загъта Иов:

3 «Дӕлдзӕх ныххауӕд мӕ райгуырӕн бон, гуырдз равзӕрд, зӕгъгӕ, куы загъдӕуыди, уыцы ӕхсӕв.

4 Саудалынг фестӕд уыцы бон, Хуыцауӕй уӕлӕрвты рохуаты куыд аззайа, рухсы цъыртт ӕм куыд никуы бакӕса!

5 Саудалынг ӕмӕ йӕ мӕрдон фӕлм ӕнӕхъӕнӕй сӕхи бакӕнӕнт, сау ӕврагъ ыл ӕртыхсӕд, ӕмӕ йыл тар хурдалынгау стыр тас бафтауӕд!

6 Саудалынг фестӕд уыцы ӕхсӕв, афӕдзы бонтӕм куыннӕ бахауа, мӕйтӕй иуимӕ дӕр нымад куыннӕ ’рцӕуа!

7 Уыцы ӕхсӕв гуырдз ма равзӕрӕд, цины хъӕр ма райхъуысӕд!

8 Бон чи ӕлгъиты, Левиафаны райхъал кӕнын кӕй бон у, уыдоны ’лгъыст ӕй баййафӕд.

9 Стъалы ма фӕзынӕд йӕ изӕры арвыл, саугуырм бауӕд йӕ бонцъӕх, хурыскастмӕ ныуурс уӕнт йӕ цӕстытӕ, фӕлӕ сӕуӕхсиды рухс ма фенӕд!

10 Уымӕн ӕмӕ мын мӕ ныййарӕджы ӕнӕзӕнӕг нӕ фӕкодта, хъизӕмӕрттӕн мӕ равзӕрын кодта.

11 Мӕ мады гуыбынӕй куы рацыдтӕн, тӕккӕ уыцы уысм мӕ уд цӕуылнӕ систон?

12 Уӕрджытыл мӕ цӕмӕн ӕрӕвӕрдтой, мӕ мады ’хсырӕй мӕ цӕмӕн схастой?

13 Мӕхицӕн ӕнӕмӕтӕй хуыссин ӕмӕ улӕфин,

14 ныр сӕ арӕзтытӕ хӕлддзаг кӕмӕн сты, кӕддӕры уыцы паддзӕхтӕ ӕмӕ сӕ уынаффӕгӕнджытимӕ;

15 йӕ сыгъзӕринтӕн ныккӕнӕн кӕмӕн нӕ уыд, йӕ хӕдзар ӕвзистӕй чи байдзаг кодта, уыцы бонджын ӕлдӕрттимӕ.

16 Баныгӕдтаиккой мӕ ӕфхӕлцытимӕ, боны рухс чи нӕ федта, уыдонимӕ.

17 Уым ӕнаккӕгтӕ дӕр ӕрсабыр вӕййынц, уым цардӕфхӕрдтӕ дӕр сулӕфынц,

18 уым ахӕстытӕ дӕр ссарынц ӕнцой, сӕ цӕстдарджыты хъӕр нал фӕхъусынц.

19 Уым гыццыл лӕг дӕр ӕмӕ стыр лӕг дӕр иу ран сты, уым йӕ хицауӕй сӕрибар у цагъар.

20 Удхаргӕнӕджы цӕмӕн хъӕуы рухс, удвӕллады та — цард?

21 Мӕлӕтмӕ бӕргӕ у сӕ каст, фӕлӕ — нӕй, хӕзна ссарынӕй сын уый уынд ӕхсызгондӕр уаид.

22 Ныццин кӕниккой уыдон сау ингӕныл, чырыныл кӕй фӕхӕст сты, ууыл.

23 Цӕмӕн рардӕуы уыцы лӕгӕн цард, Хуыцау Йӕхӕдӕг йӕ развӕндаг цӕлхдуртӕй кӕмӕн ӕхгӕны?

24 Мӕ тыхулӕфт мӕ хӕринаг у ныр, мӕ хъӕрзын донау ивылы.

25 Цӕмӕй-иу тарстӕн, уый мыл ныр ӕрцыд, Цӕмӕй стъӕлфыдтӕн, уый мӕ баййӕфта.

26 Ӕнцой мын нӕй, ӕрсабыр нӕй, ӕрулӕфт, ӕрмӕстдӕр удхар у мӕнӕн мӕ хай».

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan