Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Иовы чиныг 29 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Иовы фӕстаг ныхас йӕ хӕлӕрттӕн

1 Ӕмӕ Иов дарддӕр кодта йӕ ныхас:

2-3 «Тӕхуды ӕмӕ кӕддӕры замантӕ фӕстӕмӕ раздахӕн куы уаид — Хуыцау мыл Йӕ арм куы дардта, Йӕ цырагъ мӕ сӕрмӕ куы сыгъди, тары мын куы рухс кодта мӕ развӕд!

4 Уӕд уыдтӕн мӕ тӕккӕ лӕджы кары, мӕ цатыр Хуыцауы хорзӕхӕй хайджын куы уыди,

5 Ӕппӕтхъомыс ма мемӕ куы уыд, мӕ цот мӕ алыварс куы уыдысты.

6 Уӕд мӕ фӕндаг сойвӕдыл цыди, айнӕгӕй та оливӕйы сой лӕдӕрсти.

7 Ӕз-иу сахары кулдуары размӕ рацыдтӕн, фӕзы-иу мӕ бадӕны ӕрбадтӕн,

8 ӕмӕ-иу, мӕн фенгӕйӕ, фӕсивӕд фӕндагӕй иуварс алӕууыдысты, хистӕртӕ-иу мын сыстадысты.

9 Ӕлдӕрттӕн-иу сӕ ныхас сӕ дзыхы нал бадти, адӕргӕй-иу сӕ дзыхтӕ сӕ къухтӕй амбӕрзтой.

10 Уӕздӕттӕн-иу сӕ хъӕлӕс нал хъуысти, се ’взаг-иу сӕ комарынгыл баныхӕст.

11 Чи мӕм хъуыста, уыдон мӕ стыдтой, чи мӕ уыдта, уыдон мӕ ’ппӕлыдысты,

12 уымӕн ӕмӕ ӕз мӕгуыр лӕгӕн уыдтӕн фӕдисон, сидзӕры ӕфхӕрын нӕ уагътон.

13 Мӕлӕтӕй-иу кӕй фервӕзын кодтон, уый мын-иу раарфӕ кодта, мӕ фӕрцы-иу идӕдзы зӕрдӕ срухс ис.

14 Рӕстдзинад-иу мӕ уӕлӕ дарӕсау ӕркодтон, рӕстдзинад уыд мӕ уӕлӕфтау, мӕ худ.

15 Куырмӕн уыдтӕн цӕстытау, къӕхты бӕсты — къуылыхӕн;

16 Фӕхӕцӕг кӕмӕн нӕй, уыдонӕн фыд уыдтӕн, ӕнӕзонгӕйӕн-иу йӕ хъаст равзӕрстон лӕмбынӕг.

17 Фыдлӕджы ӕфсӕртӕ-иу ныссастон, йӕ дзыхӕй-иу ын йӕ амӕттаджы скъахтон.

18 Дзырдтон мӕхицӕн: „Мӕ къонайыл уыдзӕни мӕ мӕлӕт, мӕ царды бонтӕн змисау нымӕц нӕ уыдзӕн:

19 мӕ уидӕгтӕ донӕфсӕст сты, мӕ къалиутыл ӕртӕх ӕхсӕвиуат кӕны,

20 мӕ кад зӕронд нӕ кӕны, мӕ фат нӕ сайы“.

21 Адӕм мӕм, нымдгӕнгӕ, хъуыстой, мӕ уынаффӕмӕ ӕдзӕмӕй ӕнхъӕлмӕ кастысты.

22 Мӕ ныхасыл сӕ дыууӕ ничиуал загътаид, мӕ ныхӕстӕ сӕ уарынау ӕфсӕстой.

23 Мӕ ныхасмӕ мын ӕнхъӕлмӕ кастысты къӕвдайау, сӕ дзыхтӕ-иу ӕм бадардтой уалдзыгон сахайау.

24 Кӕй-иу сӕм бахудтӕн, уый сӕ уырнгӕ дӕр нӕ кодта, рухс цӕстӕй сӕм куы ракӕсин, уымӕ бӕллыдысты.

25 Ӕз сын фӕндаг амыдтон, цыдтӕн сӕ разӕй, раст цыма паддзах — йе ’фсадимӕ, хъыггӕнджытӕн ныфсӕвӕрӕг уыдтӕн.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan