Иовы чиныг 28 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстКуырыхон зонд, кӕм дӕ? 1 Ӕвзистӕн ис ӕрзӕткъахӕн, сыгъзӕринӕн — куынцгом. 2 Зӕххӕй самал кӕнынц ӕфсӕн, ӕрзӕтӕй рауадзынц ӕрхуы. 3 Адӕймаг срухс кӕны тар, ӕрзӕт агурӕг зӕххы арфы, мӕрдон сӕудары балӕууы. 4 Ӕрзӕткъахӕн скӕнынц, адӕймаджы къах кӕм не ’рлӕууыди, ахӕм рӕтты, фӕндаггӕттӕй — рох, ӕрцауындзӕг вӕййынц, дзедзырой кӕнынц, адӕмӕй дард сты. 5 Хор цы зӕххыл ӕрзайы, уымӕн цыма йӕ арф арты батайын кодтой. 6 Йӕ къуыбӕртты ӕмбӕхсынц сапфиртӕ, йӕ сыджыты — сыгъзӕрины муртӕ. 7 Тугдзых маргъ сӕм фӕндаг нӕ зоны, уарийы цӕст сыл никуы ӕрхӕцыд. 8 Сырдты хъалдӕр йӕ фӕндаг ууылты никуы ракодта, домбай йӕ дзӕмбы уыцы ран никуы ӕрӕвӕрдта. 9 Адӕймаг та айнӕгыл йӕ тых ӕвзары, хӕхты уидӕгтӕ фӕйлауы. 10 Дуры хуылфы фӕндаг айгӕрды ӕмӕ дзы хӕзнайӕ цы ис, уыдон басгары. 11 Донгуырӕнтыл гуыдыр сӕвӕры, арф сусӕгтӕ рахӕссы рухсмӕ. 12 Фӕлӕ уӕлзонд кӕм ссардӕуа, зондагур кӕдӕм фӕцыдӕуа? 13 Адӕймаг ын аргъ нӕ кӕны, цӕрдудтӕ цы зӕххыл цӕрынц, уым ын ссарӕн нӕй. 14 Фурды хуыдым дзуры: „Мӕнмӕ нӕй“. Денджыз фӕзӕгъы: „Мӕнмӕ дӕр нӕй“. 15 Сыгъдӕг сыгъзӕринӕй йӕ нӕ балхӕндзынӕ, ӕвзистӕй йӕ нӕ самал кӕндзынӕ. 16 Офираг зӕринӕй йын саргъгӕнӕн нӕй, зынаргъ дуртӕ сапфир ӕмӕ ониксӕй йӕ нӕ балхӕндзынӕ. 17 Сыгъзӕрин ӕмӕ авгӕй йын аргъ не скӕндзынӕ, сыгъдӕг сыгъзӕринӕй конд мигӕнӕнтыл ӕй нӕ баивдзынӕ. 18 Дзӕнхъа ӕмӕ кораллӕн сӕ кой дӕр ма скӕн, куырыхон зонд лалӕй зындӕр амалгӕнӕн у. 19 Эфиопаг топазтӕй йын нӕ саргъ кӕндзынӕ, сыгъдӕг сыгъзӕрин ын не сбардзынӕ йӕ ныхмӕ. 20 Уӕдӕ кӕцӕй ӕрцӕуы уӕлзонд? Зонд кӕм ис ссарӕн? 21 Цыдӕриддӕр удгоймаг ис — се ’ппӕтӕй дӕр ӕмбӕхст у, тӕхаг мӕргътӕ дӕр ын ницы зонынц. 22 Аваддон ӕмӕ мӕлӕт зӕгъдзысты: „Йӕ кой йын хъусӕм ӕрмӕст“. 23 Фӕндаг ӕм зоны ӕрмӕст Хуыцау, ӕрмӕстдӕр Уымӕн у зындгонд, цы ран ис, уый. 24 Уымӕн Йӕ цӕст арвгӕронӕй дарддӕр ӕххӕссы, Уый арвы бын алцыдӕр уыны. 25 Дымгӕтӕн хъару куы лӕвӕрдта, дӕттӕн сӕ бӕрц куы снысан кодта, 26 къӕвдатӕн — кӕм уаргӕ сын у, уый, арвӕрттывдӕн фӕндаг куы амыдта, 27 уӕд Уый федта уӕлзонд, сфӕлтӕрдта ӕмӕ йӕ сфидар кодта. 28 Ӕмӕ загъта адӕймагӕн: „Хуыцауы тас — уый мидӕг ис уӕлзонд, фыддзинадӕй хи хизын — зонды ӕвдисӕн уый у“». |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia