Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Иовы чиныг 27 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Ӕмӕ кодта дарддӕр Иов йӕ ныхас:

2 «Цардӕгас у Хуыцау, раст тӕрхоны аккаг мӕ Чи не скодта, Цардӕгас у Ӕппӕтхъомыс, хъизӕмӕртты хай мӕ Чи фӕкодта!

3 Цалынмӕ улӕфын, цалынмӕ мӕ мидӕг ис царды комулӕфт — Хуыцау мын кӕй балӕвар кодта, уый,

4 уӕдмӕ ме ’взаг гӕды ныхас нӕ зӕгъдзӕни, уӕдмӕ мӕнг ныхас не ссӕудзӕни мӕ дзыхӕй.

5 Цыфӕндыйӕ дӕр ӕз уемӕ не сразы уыдзынӕн, мӕ удӕгасӕй мӕхи аххосджыныл нӕ банымайдзынӕн.

6 Мӕ рӕстдзинадыл фидар хӕцын, цалынмӕ удӕгас уон, уӕдмӕ мӕ зӕрдӕмӕ ницы хӕсдзынӕн.

7 Ме знаг ӕнӕхуыцауы хал ахӕрӕд, мӕ ныхмӕлӕууӕгыл фыдгӕнӕджы бон акӕнӕд!

8 Хуыцау кӕмӕн нӕй, уымӕн йӕ зӕрдӕ цӕуыл фӕлӕудзӕн, Хуыцау ын йӕ уд куы айса, уӕд?

9 Фыдбон ыл куы акӕна, уӕд ын Хуыцау йӕ фӕдисхъӕр фехъусдзӕн?

10 Исты йӕ уд Ӕппӕтхъомысыл лӕууы, Хуыцаумӕ у йе скаст кӕддӕриддӕр?

11 Хуыцауы къух цы у, уый уын ӕз бацамондзынӕн, Ӕппӕтхъомысы тыххӕй уӕ ницы басусӕг кӕндзынӕн.

12 Уӕхӕдӕг дӕр ӕй куы уынут, уӕд ма дзӕгъӕл ныхас кӕм хъӕуы?

13 Ӕнӕхуыцауӕн ахӕм хъысмӕт сныв кодта Хуыцау, ӕфхӕрӕг Ӕппӕтхъомысӕй ахӕм исбон айсдзӕн:

14 цыфӕнды бирӕ ма уӕд йӕ хъӕстӕ — кардылӕфтыд фӕуыдзысты, йӕ байзӕддӕгтӕ сыдӕй мӕлдзысты.

15 Удӕгасӕй сӕ чи баззайы, уыдоны рын фӕхӕсдзӕн, ӕмӕ сыл сӕ идӕдзтӕ не скӕудзысты.

16 Йӕ рӕбыны уал ӕвзист ӕрӕфснайӕд фӕныкау, йӕ дарӕс сбирӕ уӕд ӕлыгау.

17 Йӕ райст-бавӕрд дарӕс раст лӕгӕн баззайдзысты, йе ’взистытӕ, ӕнӕтӕригъӕд чи у, уыдоны хай бауыдзысты.

18 Хӕлуарӕгау аразы йӕ тӕссонд хӕдзар, хъарагъулау ӕвӕры мусонг.

19 Бонджынӕй бӕргӕ ныххуыссы, фӕлӕ сӕумӕйӕ гаффуттӕй райхъал вӕййы.

20 Дудгӕбон ӕй ивылд донау аласдзӕн, ӕхсӕвы йӕ уадтымыгъ аскъӕфдзӕн.

21 Скӕсӕнӕй йыл уаддымгӕ йӕхи рауадздзӕн, йӕ бынатӕй йӕ фелвасдзӕн ӕмӕ йӕ ахӕсдзӕн.

22 Йӕхи йыл ӕгъатырӕй ныццӕвдзӕн, ӕмӕ дзы уый фӕдисонау лидздзӕн.

23 Адӕм-иу сӕ къухтӕ кӕрӕдзиуыл ныкъкъӕрц ласдзысты, къуыззитт кӕндзысты, йӕ фӕдыл кӕсгӕйӕ.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan