Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Иовы чиныг 26 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Иовы дзуапп Билдадӕн

1 Ӕмӕ дзуапп радта Иов:

2 «О, мӕнӕ куыд феххуыс дӕ ӕнӕбонӕн! Йӕ лӕмӕгъ цонгӕн ын цы ’нцой разындтӕ?

3 Цыбырзондӕн цы бауынаффӕ кодтай? Уӕззаузондӕй йын цы бацамыдтай?

4 Уыцы ныхӕстыл дӕ чи сахуыр кодта, дӕ комы дын сӕ цавӕр мон бавӕрдта?

5 Стъӕлфынц рефаимтӕ дӕлдзӕхы, стъӕлфынц дӕттӕ ӕд цӕрӕгойтӕ.

6 Мӕрдтыбӕсты дуар гом у Йӕ разы, Аваддонӕн Дзы бамбӕхсӕн нӕй.

7 Уый айтыгъта цӕгат афтид тыгъдады сӕрмӕ, ницӕуыл ӕрцауыгъта зӕхх.

8 Уый Йӕ мигъты гуыдырӕвӕрд бакӕны дон, ӕмӕ йӕ уӕзӕй ӕврӕгътӕ нӕ аскъуыйынц.

9 Уый сӕвӕрдта Йӕ паддзахы бадӕн, Йӕ мигъӕй йӕ ӕрӕмбӕрзта.

10 Дӕтты сӕрмӕ зиллакк скодта — рухс ӕмӕ тары астӕу.

11 Уӕларвы цӕджындзтӕ ризынц, Йӕ нӕрынӕй ныккӕрзынц.

12 Уый Йӕ хъаруйӕ сызмӕнты денджызы уылӕнтӕ, Йӕ зонды фӕрцы басӕтты Рахавы.

13 Йӕ комулӕфтӕй раирд вӕййы арв, Йӕ къух ӕрцӕвы цъыгъгъуытгӕнӕг калмы.

14 Уый ӕрмӕст — Йӕ хъуыддӕгты чысыл хай, куыд гыццыл фехъуыстам Уый тыххӕй! Уӕдӕ Йын Йӕ хъомысы нӕрын та кӕй зонд ӕрцахсдзӕн?»

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan