Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Иовы чиныг 25 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Билдады ӕртыккаг ныхас

1 Уӕд ын дзуапп радта Билдад, шуахаг:

2 «Уымӕ ис уӕлдӕр хицаудзинад, ӕмӕ Дзы куыннӕ тарстӕуа? Уый ӕвӕры дунейы уаг Йӕ бӕрзӕндӕй!

3 Йӕ уӕларвӕфсӕдтӕн нымӕц дӕр нӕй! Кӕй сӕрмӕ не скӕсы Йӕ рухс!

4 Адӕймаг Хуыцауы раз раст куыд уыдзӕн? Куыд уыдзӕн сыгъдӕг, сылгоймаг кӕй ныййардта, уый?

5 Мӕй дӕр ма, кӕс, Йӕ разы мынӕг куы у, стъалытӕ дӕр ӕнӕкъӕм куы не сты Йӕ разы!

6 Уӕлдайдӕр та адӕймаг — зулкъ йеддӕмӕ ницы у, адӕмы цот рӕмпӕгӕй уӕлдай не сты».

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan