Иовы чиныг 23 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстИовы дзуапп Елифазӕн 1 Ӕмӕ дзуапп радта Иов: 2 «Раздӕрау мӕ судзаг хъӕстытӕ кӕнын, Йӕ къухы уӕзӕй хъӕрзын. 3 Тӕхуды, кӕм ӕй агурон, уый куы зонин! Тӕхуды, Йӕ цӕрӕнмӕ мын бацӕуӕн куы уаид! 4 Уӕд Ын ӕз бамбарын кӕнин мӕ хъуыддаг ӕз мӕхи сраст кӕнин Йӕ разы! 5 Цы дзуапп мын ратдзӕн, уый базонин ӕмӕ, цы зӕгъы, уый бамбарин. 6 Ау, Йе ’ппӕт хъомыс мӕ ныхмӕ саразид? Нӕ! Байхъусид мӕм Уый! 7 Уӕд рӕстуд быцӕу кӕнид Йемӕ, мӕ Тӕрхонгӕнӕг мӕ сраст кӕнид мыггагмӕ. 8 Фӕлӕ, скӕсӕнмӕ ацӕуон — уым нӕй, ныгуылӕнмӕ здӕхон — нӕ Йыл хӕст кӕнын; 9 цӕгаты исты араза — нӕ мӕм зыны, хуссары зила — нӕ Йӕ уынын. 10 Фӕлӕ мын Уый зоны мӕ фӕндаг, сыгъзӕринау мӕ бафӕлвардзӕн куынцгомы. 11 Ӕз Ын Йӕ фӕндагыл фидар хӕцын, ничердӕм дзы здӕхын; 12 Йӕ фӕдзӕхстыты сӕрты нӕ хизын, Йӕ ныхӕстӕ Йын арф дарын мӕ зӕрдӕйы. 13 Фӕлӕ чи рацӕудзӕн Йӕ уынаффӕйы ныхмӕ? Йӕхи куыд фӕнды, афтӕ кӕны. 14 Рахӕсдзӕн мын ӕмбӕлгӕ тӕрхон — ахӕмтӕй Йе ’вӕрӕнтӕ дзаг сты. 15 Уымӕн Йӕ разы ӕмризӕджы ризын, уыдӕттыл куы ахъуыды кӕнын, уӕд мыл тас бахӕцы. 16 Хуыцау мын мӕ уды хъару басаста, Ӕппӕтхъомыс мын тас бауагъта мӕ зӕрдӕйы. 17 Тӕхуды ӕмӕ куы фесӕфин тары, тӕхуды, мӕ хур куы аныгуылид! |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia