Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Иовы чиныг 22 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Елифазы ӕртыккаг ныхас

1 Ӕмӕ йын дзуапп радта Елифаз, теманаг:

2 «Цы пайда ис адӕймагӕй Хуыцауӕн? Ӕмбаргӕ чи у, уый пайда йӕхицӕн хӕссы.

3 Раст адӕймаг кӕй дӕ, уый Хуыцауӕн ӕхсызгонӕй цы дӕтты? Ӕнаипп кӕй дӕ, уымӕй Ууыл цы ’фты?

4 Хуыцауы тас дӕ кӕй ис, уый тыххӕй дӕ бафхӕрдзӕн, уый тыххӕй дын тӕрхон кӕндзӕн?

5 Уӕдӕмӕ дӕ фыдракӕндтӕ сбирӕ сты, дӕ тӕригъӕдтӕн кӕрон нӕй.

6 Ды ницӕй тыххӕй дӕр де ’фсымӕртӕй цъынды домдтай, бӕгънӕгӕн-иу йӕ фӕстаг бызгъуыр дӕр раластай йӕ уӕлӕйӕ.

7 Дойныйӕ мӕлӕгӕн дон нӕ лӕвӕрдтай, сыдӕй мӕлӕгӕн бавгъау кодтай дӕ къӕбӕр.

8 Тых кӕмӕ ис, зӕхх уыдоны у, бонджынтӕ йыл ӕрбынат кӕнынц.

9 Ды-иу сидзӕргӕсты афтидармӕй арвыстай, сидзӕрты-иу ихы сӕрыл ныууагътай.

10 Уымӕн бахаудтӕ ныр цъысымы, ӕвиппайды дыл стыр тас уымӕн бахӕцыд.

11 Саудалынджы ницыуал уыныс, знӕт уылӕнтӕн сӕ быны фӕдӕ.

12 Ау, Хуыцау арвӕй уӕлдӕр нӕу? Скӕс-ма стъалытӕм, куыд бӕрзонд сты, уымӕ!

13 Ды зӕгъдзынӕ: „Хуыцау цы зоны? Саудалынджы цы хъуамӕ равзара?

14 Ӕврӕгътӕй Йӕм ницы зыны, афтӕмӕй арвы ӕрдынцарыл зилы“.

15 Ау, рагзаманы тӕригъӕдджынтӕ кӕуыл цыдысты, уыцы над фӕндагӕй нал рахиздзынӕ?

16 Уыдон афонӕй раздӕр цагъды фесты, сӕ хӕдзӕрттӕ сын дон фӕласта.

17 Уыдон Хуыцауӕн дзырдтой: „Ныууадз нӕ! Ӕппӕтхъомысӕн нын Йӕ бон цы у?“

18 Афтӕмӕй-иу сын Уый сӕ хӕдзӕрттӕ байдзаг кодта мулкӕй! Ме ’нӕуынон фӕуӕнт ӕнаккӕгты хъуыдытӕ!

19 Рӕстуд сӕм кӕсдзӕн ӕмӕ райдзӕн, ӕнӕтӕригъӕд сыл худдзӕн:

20 „Не знагӕн йе сӕфт ӕрцыд, йӕ исбонӕй ма цы баззад, уый та арты хай баци“.

21 Ма тох кӕн Хуыцауимӕ, бафидау йемӕ ӕмӕ фарнӕй схайджын уыдзынӕ.

22 Йӕ зондамындмӕ Йын байхъус ӕмӕ йӕ дӕ зӕрдӕйы арф бавӕр.

23 Ӕппӕтхъомысмӕ раздах де ’ргом, ӕмӕ та ногӕй дӕ цард йӕ гаччы сбаддзӕн, ӕрмӕст фӕсур дӕ цатырӕй тӕригъӕд.

24 Дӕ хӕзнатӕм рыджы цӕстӕй акӕс, офираг сыгъзӕрин дойнаг дуртыл банымай.

25 Ӕппӕтхъомыс суӕд дӕ сыгъзӕрин, дӕ цӕхӕркалгӕ ’взист.

26 Уӕд цин кӕндзынӕ Ӕппӕтхъомысыл, дӕ каст ӕдзухдӕр уыдзӕни Хуыцаумӕ.

27 Скувдзынӕ Йӕм, ӕмӕ дын дӕ куывд фехъусдзӕн, ды та дӕ сомы нӕ фӕсайдзынӕ.

28 Цы сфӕнд кӕнай, уый дӕ къухы бафтдзӕн, дӕ фӕндаг алкӕддӕр рухс уыдзӕн.

29 Уымӕн ӕмӕ Уый сӕрыстыры ӕрныллӕг кӕны, фервӕзын кӕны ныфссасты.

30 Ӕназым чи нӕу, уый дӕр фервӕзын кӕндзӕн, дӕ сыгъдӕджы хатырӕй фервӕздзӕн».

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan