Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Иовы чиныг 21 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Иовы дзуапп Цофарӕн

1 Ӕмӕ дзуапп радта Иов:

2 «Уӕдӕ мын мӕ ныхасмӕ ӕрбайхъусут лӕмбынӕг, мӕ зӕрдӕ мын уымӕй уӕддӕр фӕфидар кӕнут.

3 Бабыхсут, цалынмӕ дзурон, уӕдмӕ, дзырд куы фӕуон, уӕд-иу мыл худут.

4 Ау, адӕймагмӕ у мӕ хъаст? Ӕви мӕсты кӕнын ӕнӕ исты ’фсонӕй?

5 Ӕрбакӕсут-ма мӕм — фӕтӕрсӕн мӕ нӕй? Уӕ армытъӕпӕнтӕй ныххӕцут уӕ дзыхтыл?

6 Куы ахъуыды кӕнын, уӕд мӕхиуыл дӕр стыр тас бахӕцы, ӕмӕ ӕмризӕджы нырризын.

7 Ӕнаккӕгтӕ зӕронды бонтӕм цӕмӕн цӕрынц, ӕмӕ сӕ хъару цӕуылнӕ сӕфы?

8 Сӕ цот — сӕ алыварс, сӕ цоты цоты дӕр — сӕ разы.

9 Сӕ хӕдзӕрттӕн ницӕмӕй у тас, Хуыцау сӕм Йӕ лӕдзӕгӕй не ’взиды.

10 Сӕ богътӕ бауадзынц гуырдз, сӕ хъуццытӕн тас нӕу фефтауынӕй.

11 Сӕ цот хъылдым кӕнынц уӕрыччытау, ӕнӕмӕтӕй хъазынц сӕхицӕн,

12 далатӕ ӕмӕ хъисфӕндыртимӕ зарынц, сӕхи хъӕлдзӕг дарынц уадындзтӕй.

13 Амондджынӕй ӕрвитынц сӕ цард, ӕнӕ удхарӕй ацӕуынц мӕрдтыбӕстӕм.

14 Афтӕмӕй Хуыцауӕн та фӕзӕгъынц: „Ныууадз нӕ, нӕ фӕнды мах Дӕ фӕндӕгтыл цӕуын!

15 Чи у Ӕппӕтхъомыс, цӕмӕй Йын лӕггад кӕнӕм, цы пайда нын ис Уымӕ кувынӕй?“

16 Уӕддӕр сӕ къухы ис сӕ исбон, фӕлӕ ме ’нӕуынон фӕуӕнт ӕнаккӕгты фӕндтӕ!

17 Ӕнаккӕгты зынг арӕх ахуыссы, бӕллӕхы арӕх бахауынц? Хуыцауы фыдӕх сӕ арӕх баййафы?

18 Хъуамӕ уыдон, дымгӕ кӕй систа, уыцы хъӕмпыхалы, зилгӕ дымгӕ кӕй ахаста, уыцы цъӕмӕлты ’нгӕс уаиккой.

19 Сӕ байзӕддагыл сын рахӕтдзӕн Хуыцау? Сӕхицӕн сын аккаг фӕуӕд, цӕмӕй зоной,

20 цӕмӕй сӕхи цӕстӕй феной се сӕфт, Ӕппӕтхъомысы азар сӕхӕдӕг куыд бавзарой.

21 Куы амӕлой, уӕд та ма сын цы уӕлдай уыдзӕн, сӕ фӕстӕ сӕ бинонтӕ цы бауыдзысты, уый?

22 Фӕлӕ Хуыцауӕн зонд чи амоны, Уый уӕларвонтӕн дӕр куы нӕ бары, уӕд?

23 Иутӕ, сӕ хъару йӕ тӕккӕ тӕмӕны бацӕуы, афтӕмӕй ӕрбамӕлынц, сабыр ӕмӕ ӕдасӕй.

24 Сӕ буӕрттӕ — хъӕддых, се стӕг — фидар.

25 Иннӕтӕ та амӕлынц зӕрдӕрыстӕй, цардӕй ницы фенынц, афтӕмӕй.

26 Дыууӕйӕ дӕр сыджытмӕ цӕуынц, сӕ дыууӕ дӕр ӕмхуызон скӕлм уыдзысты.

27 Зонын уын уӕ хъуыдытӕ, мӕ ныхмӕ цы зӕгъинаг стут, уый дӕр.

28 Сымах зӕгъдзыстут: „Цы фесты уӕздӕтты хӕдзӕрттӕ, ӕнӕхуыцӕутты цатыртӕ цы баисты?“

29 Фӕлӕ-ма уӕдӕ бӕлццӕтты бафӕрсут, сӕ ныхӕстыл-ма сын ахъуыды кӕнут:

30 бӕллӕхы бон фыдгӕнӕг ӕнӕхъыгдардӕй баззайы, Азары бон ацӕуы йӕ иувӕрсты.

31 Ӕргомӕй йын рӕстдзинад чи зӕгъдзӕн, йӕ хъуыддӕгты тыххӕй дзы дзуапп чи ӕрдомдзӕн?

32 Чырыны сӕр ыл куы ’рӕхгӕной, уӕд ын йӕ ингӕны раз хъалагъур сӕвӕрдзысты,

33 ӕхцон ын уыдзӕн дӕлвӕзы сыджыт, йӕ мӕрддзыгойӕн нымӕц нӕ уыдзӕн.

34 Уӕдӕ мын сымах уӕ тутт ныхӕстӕй мӕ зӕрдӕ куыд фӕфидар кӕндзыстут? Уӕ ныхӕсты — ӕрмӕст мӕнгдзинад!»

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan