Иовы чиныг 20 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстЦофары дыккаг ныхас 1 Ӕмӕ йын дзуапп радта Цофар, наамайаг: 2 «Сагъӕссаг фӕдӕн, ӕмӕ мӕ бон ӕмырӕй лӕууын нал у. 3 Ӕфхӕрӕн уайдзӕфтӕ хъусын ӕз, мӕ сӕрызонд мӕм дзуапп раттынмӕ сиды. 4 Ау, ӕнӕзонгӕ дын у, рагӕй-ӕрӕгмӕ, адӕймаг зӕххыл кӕдӕй цӕры, уӕдӕй нырмӕ, 5 ӕнаккаджы цин бирӕ кӕй нӕ хӕссы, ӕнӕхуыцауы ферад рӕстӕгмӕ кӕй у, уый? 6 Йӕ кад уӕларвмӕ дӕр сӕххӕссӕд, йӕ сӕр арвыл ныдзӕвӕд, 7 уӕддӕр йӕ фаджысау йӕхӕдӕг дӕр ӕрбайсӕфдзӕн, чи йӕ федта, уыдон зӕгъдзысты: „Цы фӕци?“ 8 Ӕрбайсӕфдзӕни фынау, ӕрбацыдӕр уыдзӕн ӕхсӕвы цӕстылуайӕнау. 9 Чи йӕ федта, уый йӕ никуыуал фендзӕн, цы ран уыди, уым никуыуал фӕзындзӕн. 10 Йӕ цот мӕгуыргурты раз козбау митӕ кӕндзысты, хӕлӕттаг ын фӕкӕндзысты йӕ мулк. 11 Се стджыты цы ’взонджы бонты хъару ис, уыимӕ сыджыты ӕрхуысдзысты йӕ фарсмӕ. 12 Кӕд ын фыддзинад афтӕ адджын у, ӕмӕ йӕ йе ’взаджы бын дары, 13 йӕ комыкъулты ’хсӕн ӕй хъахъхъӕны, 14 уӕд уыцы хойраг йӕ гуыбыны калмы марг фестдзӕн. 15 Цы мулк аныхъуырдта, уый фӕстӕмӕ сомдзӕн, — Хуыцау ын ӕй йӕ фарсӕй фӕкӕндзӕн. 16 Калмы марг цъиры, ӕмӕ калмы ’взагӕй йӕ мӕлӕт ссардзӕн. 17 Ӕхсыры цадтӕ уый нӕ фендзӕн, йӕ цард мыдыкъусау нӕ уыдзӕн. 18 Йӕ фӕллӕйттӕ хиды бынты ацӕудзысты, йе ’фтиӕгтыл цин нӕ кӕндзӕн. 19 Уымӕн ӕмӕ мӕгуыртыл йӕ тых ӕвзӕрста, былысчъилтӕ сыл кодта; цы хӕдзӕрттӕ нӕ сарӕзта, уыдон-иу йӕхи бакодта. 20 Уымӕн ӕмӕ ницӕмӕй ӕфсӕсти, алцӕуыл дӕр хӕлоф кодта, 21 цы нӕ аныхъуырдта, ахӕмӕй йын ницыуал баззад, ӕмӕ йӕ цардамонд уымӕн у тӕссонд. 22 Цардӕй къӕртт ӕппардзӕн, афтӕмӕй йыл сау бон акӕндзӕн. 23 Бухъхъ цардӕй цӕрдзӕн, афтӕ йӕ Хуыцауы азар баййафдзӕн, ихуарӕгау ыл ныккӕлдзӕн. 24 Ӕфсӕн цыргъагӕй куы аирвӕза — ӕрхуы фат ӕй баййафдзӕн. 25 Йӕ буары ахиздзӕн, йӕ маст ын ныппырх кӕндзӕн, мӕрдудхӕрттӕ йыл бафтаудзӕн. 26 Саудалынджы ахӕсты фӕуыдзӕн, йӕ фӕстаг муртӕ ӕнӕхуысгӕ арты сау ӕвзалы фестдзысты. 27 Арв ын йӕ тӕригъӕдтӕ раргом кӕндзӕн, зӕхх йӕ ныхмӕ рацӕудзӕн. 28 Йӕ хӕдзары мур дӕр ницыуал баззайдзӕн, Хуыцауы азары бон йӕ мулк байсысдзӕн донау. 29 Ӕнаккагӕн ахӕм хъысмӕт сныв кодта Хуыцау, уый йын — Хуыцауы тӕрхон». |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia