Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Иовы чиныг 2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Иу бон та Хуыцауы фырттӕ Дунедарӕджы раз ногӕй ӕрлӕууыдысты, сайтан дӕр семӕ.

2 Дунедарӕг ӕй бафарста: «Кӕцӕй ӕрбацыдтӕ?» «Зӕххы цъарыл ӕрзылдтӕн, кӕрӕй-кӕронмӕ йӕ басгӕрстон», — дзуапп радта уый.

3 «Ӕмӕ уӕд мӕ цагъар Иовыл дӕ цӕст не ’рхӕцыд? — бафарста йӕ Дунедарӕг. — Зӕххыл уый хуызӕн ӕнаипп ӕмӕ раст адӕймаг нӕй. Хуыцауы тас ӕм ис, ӕмӕ фыд ракӕнынӕй йӕхи хизы. Ныронг дӕр ӕнаипп у. Ды та Мӕ йӕ ныхмӕ ардыдтай, цӕмӕй йӕ Ӕз ӕнӕ исты аххосӕй бабын кӕнон».

4 «Йӕхи цармӕн мацы уӕд, уый йеддӕмӕ адӕймаг кӕйфӕнды царм дӕр рауӕлдай кӕндзӕн, — дзуапп радта сайтан Дунедарӕгӕн. — Йӕхи царды сӕраппонд, цыдӕриддӕр ӕм ис, уыдоныл фӕстӕмӕ нӕ фӕхӕцдзӕн.

5 Фӕлӕ ма йын уӕдӕ йӕхи стӕг, йӕхи буармӕ февнал, кӕддӕра Дӕ нӕ ралгъитид?»

6 «Дӕ къухты ис, — загъта Дунедарӕг. — Цы дӕ фӕнды, уый йын кӕн, ӕрмӕст ӕй удӕгасӕй ныууадз».

7 Ӕмӕ уыйадыл сайтан ацыди Дунедарӕджы цурӕй. Иовы буар йӕ къахы бынтӕй йӕ сӕры онг судзаг цъутхал фестын кодта.

8 Иов фӕнычы сбадт ӕмӕ дурыны састӕй йӕ буар хафта.

9 Йӕ ус ын загъта: «Уыцы ӕнаиппӕй кӕдмӕ лӕудзынӕ? Хуыцауӕн ӕвзӕр зӕгъ ӕмӕ боны фӕстагмӕ амӕл!»

10 «Сӕлхӕр усы ныхӕстӕ кӕныс! — дзуапп ын радта Иов. — Ау, Хуыцауӕй хорз райсынмӕ цӕттӕ куы вӕййӕм, уӕд Дзы ӕвзӕр исты цӕуылнӕ хъуамӕ райсӕм?» Ӕмӕ йӕ иу ныхасӕй дӕр тӕригъӕды нӕ бацыди Иов.


Йӕ хӕлӕрттӕ бӕрӕггӕнӕг ӕрбацыдысты Иовмӕ

11 Иовы бӕллӕхты кой йе ’ртӕ хӕлары ӕрыхъуыстой ӕмӕ йӕ бабӕрӕг кӕнынмӕ сӕ хӕдзӕрттӕй рараст сты: Елифаз — Теманы сахарӕй, Билдад — Шуахӕй, Цофар — Наамайӕ. Сӕмбӕлдысты, цӕмӕй йӕм иумӕ ацӕуой, йе ’нцой балӕууой ӕмӕ йын ныфсытӕ авӕрой.

12 Дардӕй суыдтой Иовы ӕмӕ йӕ нал базыдтой. Уӕд ӕртӕ хӕлары хъӕрӕй ныккуыдтой, сӕ уӕлӕдарӕс фӕйнӕрдӕм арӕдывтой, армыдзагӕй сӕ сӕртыл рыг калдтой.

13 Авд боны ӕмӕ авд ӕхсӕвы йӕ фарсмӕ зӕххыл фӕбадтысты. Иу ныхас дӕр сӕ ничи скодта, уымӕн ӕмӕ йын йе стыр хъизӕмар уыдтой.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan